Билеты к экзамену по осетинскому языку в 9 классах для невладеющих групп.

Предмет: Иностранные языки
Категория материала: Другие методич. материалы
Автор:



1-æм билет

I.Бакæсут  æмбисонд   æмæ йæ  ратæлмац кæнут уырыссаг æвзагмæ

Нарт Нарт уæд уыдысты…

Нарты   гуппырсартæ (именитые)  æмбырдæй   бадтысты. Тæрхон кодтой (решали) сæ дзыллæйы царды уагыл.

- Нарт Нарт уæд уыдысты,  арв сæ нæрын уæд нæ уæндыди,  æмæ мæлын  куы зыдтой  (умели достойно принять смерть) сæ дзыллæйы сæрыл,  алчи сæ хæцын куы фæрæзта йæхиуыл. Нарт нарт уæд уыдысты,  арв сæ нæрын уæд нæ уæндыди,  æмæ мæлын  куы зыдтой сæ дзыллæйы сæрыл (за народ), алчи сæ хæцын куы фæрæзта йæхиуыл. Нарт нарт уæд уыдысты, æмæ нæртон адæймаг рæстдзинадæй йеддæмæ куы ницы дзырдта.Нæ дзыллæ дзыллæ уæд уыдысты, æмæ сæ сæр  сæрмæ куы хастой (вели себя достойно), - афтæ радзырдта Нарты æмбырды иу хистæр.

-Адæм хæлæг уæд кодтой Нартмæ, сæ хорзы кой дардмæ уæд хъуысти Нартæн, гуыбыныл хæцын куы фæрæзтой, нозтæй сæхи куы хъахъхъæдтой, ронгæй сæ бæрц куы зыдтой,- афтæ загъта дыккаг хистæр.

- Нæ адæм адæм уæд уыдысты, æмæ кæстæр хистæры куы нымадта, кад ын куы лæвæрдта, кæрæдзимæ куы хъуыстой,- афтæ загъта æртыккаг хистæр

1. Радзур тексты мидис  

2. Фæрстытæн дзуæппытæ ратт.

1) Æмбырдæй чи бадтысты?

2) Цæуыл дзырдтой?

3) Цал хистæры уыдис Нарты ныхасы?

4) Цы радзырдта фыццаг хистæр?

5) Цæуыл тыхстис(переживал) дыккаг хистæр?

6) Æртыккаг хистæр та куыд хъуыды кодта?

      II.    Ссар тексты домгæвазыгджын хъуыдыйæдтæ æмæ сæ бакæс.   Лæвæрд хъуыдыйад равзар йæ арæзтмæ гæсгæ.

Нарт нарт уæд уыдысты, æмæ нæртон адæймаг рæстдзинадæй йеддæмæ куы ницы дзырдта.

        III. Сараз диалогон кæнæ монологон ныхас Цæгат Ирыстоны паддзахадон тырысайы тыххæй.

1) Цы сты паддзахадон национ символтæ? ( Паддзахадон национ символтæ сты тырыса, герб  æмæ  гимн).

2) Цавæр у Республикæ Цæгат Ирыстон – Аланийы паддзахадон тырыса?РЦИ –Аланийы тырыса у æртæхуызон: урс-сырх-бур).

3) Цы нысан кæнынц тырысайы хуызтæ? (Урс хуыз æвдисы  моралон сыгъдæгдзинад. Сырх  нысан кæны хæстон хъæбатырдзинад. Бур та у фарны символ).

4) Кæм фенæн ис тырыса?(Тырыса æдзухдæр фæйлауы паддзахадон хæдзæртты сæрмæ, вæййы æфсæддон æркасты, спортивон ерысты, олимпаг хъæзтыты, паддзахадон минæвæртты архайды.  Нæ фыдæлты  сæ даргъ æмы зын фæндагыл сæ тырыса дæлæмæ никуы æруагътой, кадимæ  йæ æрхæццæ кодтой æнусты сæрты.

5)  Ирыстоны паддзахадон тырыса фидаргонд кæд æмæ кæм æрцыд (утвержден)? Чи у йæ автор?

 

 

                                                          2-аг  билет

I. Бакæс текст æмæ йæ ратæлмац кæн уырыссаг æвзагмæ

                                      Жорж Дюмезиль

      Францаг стыр ахуыргонд Жорж Дюмезиль Ирыстоны  никуы уыд, фæлæ бындуронæй сахуыр кодта кавказаг адæмты филологи, туркаг ирæтты æвзаг; истори æмæ адæмон сфæлдыстад, уæлдайдæр  Нарты кадджытæ.Нарты кадджытæ  ахуыргæндты иу къорд нымайынц Кавказы адæмты иумæйаг сфæлдыстадыл, Ж.Дюмезиль та фидарæй загъта: «Сæ бындурмæ гæсгæ Нарты кадджытæ сты ирон».

     Ахуыргонд Нарты кадджытæ ратæлмац кодта францаг æвзагмæ æмæ мыхуыры рацыдысты 1965 азы. Францы уæды президент  загъта: «Нарты кадджыты айдæнау ( как в зеркале) зынынц ирон адæмы лæгдзинад  æмæ хъæбатырдзинад. Уыцы кадджытæ   сты  стыр   фольклорон  хæзнатæ».

     Францаг ахуыргонд фыста: «Аллон адæмы байзæддæгтæ бирæ зындзинæдтæн бафæрæзтой. Фæлæ уæддæр бахъахъхъæдтой, йæ уидæгтæ скифаг æмæ индоевропæйаг кæмæн сты, уыцы æвзаг. Уымæ гæсгæ  зын бамбарæн нæу æппæт дунейы ахуыргæндты цымыдисдзинад уыцы адæммæ».

      Ирахуырады (осетиноведение) Жорж Дюмезиль ныууагъта зынгæ фæд, стыр  лæггад бакодта Ирыстоны  адæмæн, æмæ йын ирон адæм бузныг зæгъынц.

1. Радзур тексты мидис.

2.Фæрстытæн дзуæппытæ ратт.

1) Чи уыдис  Жорж Дюмезиль?        

 2)Куыд сахуыр кодта ирон æвзаг?

3) Цавæр хатдзæгтæ скодта Нарты кадджыты тыххæй?

4) Цавæр ныхæстæ ныффыста ирон æвзаджы тыххæй?

5) Францы президент  Нарты кадджытæ куы бакаст, уæд   цы загъта?

6) Ирон адæм ын арфæйаг цæмæй сты?

  II. Сараз  диалогон  кæнæ  монологон ныхас  Ирыстоны  тыххæй

-Кæм ис Цæгат Ирыстон?(Цæгат Ирыстон – Алани ис Кавказы бæрæгастæу).

- Цал квадратон км у йæ фæзуат? (Йæ фæзуат у 7971 кв. км).

- Чи цæры Ирыстоны? (Ирыстоны цæрынц алыхуызон адæмыхæттыты минæвæрттæ: уырыссæгтæ, украинæгтæ, сомихæгтæ, азербайджайнæгтæ, дзуттæгтæ,бердзенæгтæ, кæсгæттæ, æмæ иннæтæ. Республикæйы бынæттон цæрджытæ сты ирæттæ).

- Цас у цæрджыты нымæц? (Цæрджыты нымæц у 700 мины бæрц).

- Куыд цæрынц  кæрæдзиимæ(между собой)? (Кæрæдзиимæ  цæрынц хæларæй).

- Цал горæты ис нæ республикæйы? (6. Уыдонæй тæккæ стырдæр у Дзæуджыхъæу. Уый у Ирыстоны сæйраг горæт).

- Цавæр цæугæдæттæ кæлы Ирыстоны зæххыл? (Æрыдон, Джызæлдон, Урсдон, Фыййагдон æмæ æндæртæ. Терк у тæккæ стырдæр, кæлы Дзæуджыхъæуы астæу. Йæ дæргъ -623 км.

- Ирыстоны æрдз рæсугъд у? (Ирыстоны æрдз у диссаджы рæсугъд. Ардæм æрцæуынц сæ фæллад уадзынмæ бирæ адæмтæ алы рæттæй. Уыдонæн арæзт   ис  отельтæ,  туристон  базæтæ,  альпинистон лагерьтæ.

III. Равзар нымæцонтæ куыд ныхасы хай: 6 горæты, 7971кв. км, 2014 азы.

 

 

 

 

                                                             3-æм билет

I.Бакæс текст.                             

 Коцойты Арсен

Коцойты Арсен уыд курдиатджын фыссæг, реалистон радзырды дæсны, реакцион æгъдæутты ныхмæ тохгæнæг. 

Арсен райгуырд Джызæлы. Ам каст фæци райдайæн скъола. Ахуыр кодта Æрыдоны семинары, — фæрынчын, æмæ йæ ахуыр кæронмæ нæ ахæццæ, фæлæ радта сæрмагонд фæлварæнтæ, æмæ йын бар уыд ахуыргæнæгæй кусынæн. Цæгат æмæ Хуссар Иры хъæуты кусгæйæ, уый бæстондæр базыдта адæмы цард, сæ хъуæгтæ, сæ фæндтæ. Фыста уацтæ газеттæм. Сæ нысан уыд рухс тауын, талынг æгъдæуттæ ивын. Арсен домдта нозт сафын, скъолатæ æмæ медицинон кусæндæттæ аразын.  

Арсенæн йæ фыццаг радзырдтæ «Фидис» æмæ «Хин» мыхуыры фæзындысты 1901 азы уырыссаг æвзагыл. Æвдыст сæ цæуынц туг исын æмæ диныл æууæндыны æвирхъау фæстиуджытæ. 

1910 азы ирон интеллигенци Калачы уадзын райдыдта æхсæнадон-аивадон журнал «Æфсир». Редактор æмæ йын аивадон фæлгонцаразæг уыд Арсен. Ам фыццаг хатт иронау рацыдысты йæ радзырдтæ «Цы фæци Асæхмæты ирæд» æмæ «Гигойы куадзæн». 

1912 азы Арсен куыста газет «Правда»-йы редакцийы корректорæй. Уырыссагау дзы рауагъта цалдæр радзырды: «Цуанонтæ», «Æмбæлттæ». 

Арсен уыд арæхстджын сатирик, сурæты дæсны, йæ радзырдты сюжеттæ сты æлвæст, сæ быцæутæ рæзынц, архайд цæуы тагъд, хæццæ кæны йæ логикон кæронмæ. Чысыл нывтæ, æлгъин ахорæнтæй раргом вæййынц архайджыты характертæ, сæ зондахаст, сæ фæндиæгтæ. Фыссæджы æвзаг у æхсæст, аив нывæфтыд. Арсены сконд фæлгонцтæ сты хуызджын, цардæгас. Уый у æцæг адæмон фыссæг.

1.Радзур тексты мидис.

2. Ссар тексты лæвæрд хъуыдыйæдты эквиваленттæ æмæ сæ бакæс.

1.Здесь окончил начальную школу.

2.Работая в сёлах Северной и Южной Осетии, лучше узнал жизнь народа, его недостатки и мечты.

3.Это настоящий народный писатель.

II. Радзурут  Хетæгкаты Къостайы  æмдзæвгæ.

III. Кæцы хъуыдыйæдты ис омонимтæ?

Лæппу хъусы ахуыргæнæгмæ. Тæрхъусы царм у фæлмæн. Чызг йе мбалы хъусы цыдæр дзуры.

Нана хъазты доны былмæ атардта. Хъызты дарут хъарм дарæс. Лæппу хъазты акафыдис чындзимæ.

 

                                                          

 

                                                           

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

                                        4-æм билет

I. Бакæс  текст  æмæ йæ ратæлмац кæн уырыссаг æвзагмæ.

Советон Цæдисы Хъæбатыр петр Барбашов

Джызæлæй Дзæуджыхъæуы æхсæн, фæндаджы былгæрон лæууы цыртдзæвæн. Æрыгон лæппу згъоры размæ, йæ къухы – гранатæ.

… Фашисттæ бырстой Дзæуджыхъæумæ,тугкалæн хæст цыдис Джызæлы фарсмæ. Йæ райгуырæн Сыбырæй дард хæцыдис знæгтимæПетр Барбашов.

… Немыцаг дзотæй æхстой æмæ æхстой сырхæфсæддонты, нал сæ уагътой размæ. Барбашов бабырыдис дзотмæ æмæ дыууæ гранатæйы баппæрста амбразурæйыл. Фæхъус ис пулемет, фæлæ та уайтагъд фæстæмæ æхсын райдыдта.Мæнæ фæмард сты Барбашовы дыууæ æмбалы. Уæд Петр сыстадис, ныхъхъæр кодта: 2Размæ, æмбæлттæ!» æмæ азгъордта дзотмæ. Æхсынц æй знæгтæ,фæцæф ис йæ къах, стæй йæ къух дæр. Фæлæ йæ фæстаг тыхтæй бахæццæ ис дзотмæ, ныххаудис ыл, бамбæрзта йæ  риуæй дзоты амбразурæ. Афтæ фæмард ис Барбашов, Советон Цæдисы Хъæбатыр…

Барбашовы  ном  хæссынц Дзæуджыхъæуы уынгтæй иу æмæ 30-æм скъола.

1. Радзур тексты мидис.

2. Дзуапп ратт фæрстытæн.

1) Кæм ис Петр Барбашовы цыртдзæвæн?

2) Кæм райгуырдис Петр Барбашов?

3) Цавæр хъæбатырдзинад равдыста æрыгон лæппу?

4) Куыд кад кæнынц нæ республикæйы адæм Барбашовæн?

5) Цæмæн  ын сæвæрдтой цыртдзæвæнДзæуджыхъæумæ хæстæг?

 

II.Сараз диалогон кæнæ монологон ныхас дæ бинонты тыххæй

-Кæй чызг (лæппу дæ)?Æз дæн Гобеты Алетæ.

-Цавæр бинонты хсæн цæрыс (стыр æви гыццыл)?Цал стут, чи?(Мæ бинонтæ сты цыппар:мæ фыды мад, фыд, мад æмæ хо.

-Бинонты хистæр у мæ фыды мад Мария. Цæуы йыл 65 азы. У пенсионер.Мæ нана у бинонты зондамонæг, æгъдаудæттæг, къæбæрдæттон сылгоймаг. Мах æй тынг бирæ уарзæм.

-Дæ мады ном куыд у?Кæм кусы? Цал азы йыл цæуы?Йæ бакаст цавæр у?( Мæ мады ном у Кристинæ. Цæуы йыл 40 азы. Кусы сывæллæтты дохтырæй Дзæуджыхъæуы фыццæгæм рынчындоны. Мæ мадæн ис рæсугъд æддаг бакаст.У бæрзонд, гуырвидауц сылгоймаг. Ис ын рæсугъд цæсгомы æвæрд, аив æрвхуызцъæх цæстытæ, сау къæбæлдзыг дзыккутæ. Уарзы кафын, зарын, хæринаг кæнын. Йæ уарзон дидынджытæ сты уарди, джыджына. Мæ мад у уæздан, æгъдауджын, уазæгуарзон адæймаг.

-Дæ фыды ном куыд у? Кæм кусы? Цал азы йыл цæуы? Йæ бакаст цавæр у? (Мæ фыд Владимир кусы завод «Электроцинк»-ы инженерæй. Цæуы йыл 45азы. У хæрзконд, бæзæрхыг – широкоплечий- нæлгоймаг. Ис ын сау цæстытæ æмæ сау сæрыхъуынтæ. Мæ фыд   у бинонты мæсыг.

-Дæ ныййарджытæ кадджын сты сыхæгты хсæн? Цæмæн? ( Мæ ныййарджытæ сты кадджын сыхæгты хсæн, уымæн æмæ сты æгъдауджын, уарзынц лæггад кæнын сыхæгтæн, хæстæджытæн.)

        - Ис дын æфсымæр, хо? Кæм ахуыр кæнынц? Цал азы сыл цæуы?(Мæнæн ис кæстæр хо. Цæуы йыл 10 азы. Ахуыр кæны 4-æм къласы. Урокты фæстæ ахуыр кæны нывкæнынады скъолайы.

        -Амондджын сты дæ бинонтæ? Цæмæй? (Мæ бинонтæ сты амондджын. Уымæн æмæ кæстæртæ хъусынц хистæры ныхасмæ, кæрæдзийы уарзæм æмæ æмбарæм, сылгоймагæн кæнæм уæлдай кад).

III.Ссар  хъуыдыйæдты  кæрæттæ æмæ сæ бакæс

1)Ирон  адæммæ  хистæры  кад бæрзонд …  (æвæрд  у, æвæрд  цæуы, æвæрд  уæвын,æвæрд уыдзæнис).

2)Хæдзары  хистæртæ куы уа,…(уымæ гæсгæ дзы фарн  дæр ис, кæд  дзы фарн  дæр ис, афтæ  дзы фарн  дæр ис, уæд  дзы фарн дæр ис).

 

                                                                         5-æмбилет I.                                        Бакæсуттекст æмæ йæ ратæлмацкæнутуырыссаг æвзагмæ.
Всеволод Миллер.

    Зындгонд уæрæсейаг ахуыргонд  Всеволод  Федоры  фырт  Миллер  бауарзта Ирыстон æмæ суанг йæ амæлæты  онг куыста  нæ адæмы истори, этнографи, дзургæ сфæлдыстад æмæ æвзаг иртасыныл. Миллер куыста Мæскуыйы университеты æмæ, уым рагон къухфыстытæ кæсгæйæ, æрцыдис ахæм хатдзæгмæ: славяйнæгты фыдæлтæ дæргъвæтин рæстæг æнгом баст уыдысты скифæгтæ æмæ сæрмæтæгтимæ. Агурын райдыдта уыцы адæмты фæд. Куы базыдта, скидæгтæ æмæ сæрмæтæгты байзæддæгтæ Кавказы хæхты цæрынц, уый, уæд йæ цинæн кæрон нал уыдис. Дзурдуатимæ кæсын райдыдта ирон æмæ дыгурон таурæгътæ æмæ аргъæуттæ. Фыццаг хатт Всеволод Миллер Ирыстонмæ ссыдис 1879 азы, сæрды. Йæ фæллад дæр не суагъта, афтæмæй зилын райдыдта горæты уынгты, хъуыста адæмы ныхасмæ.
    Зæрдæргъæвд (способный) ахуыргонд цыбыр рæстæгмæ райдыдта иронау дзурын, фæстæдæр та ма базыдта дыгуронау дзурын дæр.
    Миллер Ирыстоны уыдис цалдæр хатты. Уыцы балцыты фæстæ ныммыхуыр кодта бирæ наукон фæллæйттæ дзургæ сфæлдыстад, æгъдæуттæ, æвзаг æмæ историйы тыххæй. Уыцы куыстыты фæрцы Миллер зынгæ бынат æрцахста ирахуырады. Наукон куыстытæй уæлдай ма уый ныууагъта тынг хорз ныхæстæ : «Мæхи цæстæй федтон цардхуыз, зæрдæргъæвд, интеллигентон, курдиатджын адæм. Кæд сæ царды уавæртæ арæх уæззау вæййынц, уæддæр тырнынц

ахуырмæ».

1.              Радзурут тексты мидис.

2.              Фæрстытæн дзуæппытæ раттут.

1) Чи уыдис Всеволод Миллер?

2) Цавæр хатдзæгтæ скодта  скифæгтæ æмæ славяйнæгты тыххæй?

3) Фыццаг хатт Ирыстонмæ кæцы азы ссыдис? Цæмæн?

Тип материала: Документ Microsoft Word (doc)
Размер: 260.5 Kb
Количество скачиваний: 169
Просмотров: 188

Похожие материалы