Гом урок 2 къласы . «Мад хъæбулæн йе стъалы,йæ хур у»

Предмет: Русский язык и литература
Категория материала: Видеоуроки
Автор:

Урочы темæ: «Мад хъæбулæн йе стъалы,йæ хур у»

 

Урочы нысантæ:1.Ахуыргæнæн чиныджы мады тыххæй æрмæгыл афæлгæст саразын.2.Дзургæ ныхасы рæзтыл бакусын.

 

 

Цæстуынгæ æрмæг:1.Ахуыргæнæн чингуытæ

                                  2.Презентаци

                                  3.Компьютер,интерактивон фæйнæг.

 

Урочы метод:беседæ.

 

Урочы эпиграф: Мады хъæбыс адджын у.

 

                              Урочы цыд

 

I.Организацион хай.

-Уæ бон хорз,сывæллæттæ!

-Æгас цу!

(сывæллæттæ салам дæттынц уазджытæн дæр)

 

II.Ахуыргæнæджы раныхас.

 

-Сывæллæттæ,нæ абоны урочы темæ баст у нæ мадæлтæ æмæ нæ нанаты номимæ,уымæн æмæ райсом уыдзæн сæ бæрæгбон.

  Нæ цæст ахæсдзыстæм ,нæ чиныджы ацы темæйыл цы æрмæг ис,ууыл.

Мадæлтæ æмæ нанаты тыххæй рæсугъддæр ныхæстæ зæгъæн ис æмдзæвгæйы рæнхъытæй.Байхъусæм уал дыууæ æмдзæвгæмæ.

 

    Мады хъæбыс

 

Мады хъæбыс сабийæн -йæ авдæн,

Мады рæвдыд сабийæн-æвдадзю

А зæххыл сын макуы уæд фæхицæн,

О Хуыцау ,дæ арфæ сыл æруадз.

 

Цинны цæссыг мады цæстæй рттивæд,

Цинæфсæст йæ зæрдæ уæд æдзух.

Буц хъæбулы уарзт æй алкæд тавæд,

Ма дзы фæуæд макæддæр уый цух.

 

 

 

Мады къухтæ

 

Мады къухтæйнæй фæлмæндæр къухтæ,

Мады уарзтæй нæй тыхджындæр уарзт.

Мады нгæсæй уæд фæхуды хуртæ,

Сабийæ куынæ бавзвры маст.

 

Мады фæндиаг а зæххыл уæд цард дæр,

Ахуыссæд фыдбоны хæсты зынг.

Уæд æнæмæт хсæв дæр æмæ бон дæр,

Армыл дардзæн уæд дæуæн йæ фынг.

 

 

Ахуыргæнæджы ныхас.

 

    -Сывæллæттæ,адæймаджы зонд нырма къамисæн аппараттæ куы нæма  æрхъуыды кодта,уæддæр æппæт дунейыл зындгонд нывгæнджытæ  сæ куыстыты æвдыстой мад æмæ хъæбулы сурæттæ. Леонардо да Винчи, Микеланджело,Рафаэль Санти, Бенджамин Уэст…(Нывтæ слайдтыл)

    Нывтæм лæмбынæг куы æркæсæм,уæд нæ бауырндзæн не мдзæвгæты рæнхъыты æцæгдзинад дæр.Цас уарзондзинад ис мады цæстæнгасы,цас фæлмæн у сæ бавнæлд,æрмæст мады хъæбысы кæй ары саби удæнцой,æдасдзинад.

   Мады стырдæр бæллиц у сабырдзинад.Иууылдæр телевизормæ фæкæсут æмæ æмбарут,хæст цы фыдбылыз хæссы ,уый.Уымæн сæ фæнды ,цæмæй дуне сабыр уа.Цæмæй хъæбулы сæрæй  æрду дæр ма æрхауа.

IIIНыхасы рæзтыл бакусын Ныр та ма фæйнæгмæ бакæсæм  æмæ ахъуыды кæнæм æмбисæндты мидисыл.  (æмбисæндтæ слайдтыл)

 

1.Мады цæф нæ рисы.

2.Хъæбулы рис зæрдæмæ цæвы.

3.Мады зæрдæ зонаг у.

Ахуыргæнæджы ныхас дарддæр.

 

 -  Сывæллæттæ,æрæджы æвдисæн фæдæн иу ныхасæн.Ныхас кодтой æртæ лæппуйы.Лæппутæй иу загъта:

-Æз мæ мады фылдæр уарзын ,уымæн æмæ папæ кусынмæ куы вæййы,уæд мæ  æхсæвмæ дæр уадзы компьютерæй хъазын.

-Æз та мæ мады уый тыххæй уарзын ,æмæ мæ алы сæрд дæр денджызмæ аласы.Папæ та мæ хъæумæ фервиты.

-Мæнæн компьютер дæр нæма ис,денджызы дæр никуыма уыдтæн,фæлæ уæддæр мæ мадæй фылдæр никæй уарзын.

 

Фарст:

-Куыд уæм кæсы ,кæцы лæппу у растдæр?

 

Ахуыргæнæг: Раст стут.Мады уарзын хъæуы æрмæстдæр уый тыххæй ,æмæ мад кæй у.Алкæмæн дæр уæ йæ мад хъуамæ уа æппæтæй уарзондæр адæймаг.Гæнæн ис, æмæ кæйдæр мад уа рæсугъддæр,хъæздыгдæр,æнæниздæр.,фæлæ хи мадимæ абарæн никæй ис.

  

IV.Чиныгимæ куыст:

 

1.Рольтæм гæсгæ бакæсын Джиоты Катяйы радзырд «Æнæрхъуыды чызг»

2.Равзарын уацмысы мидис.

3.Хъомыладон куыст бакæнын.Сывæллæттæ хæссынц дæнцæгтæ сæхи цардæй,дзурынц,уыдон та куыд феххуыс кæнынц сæ мадæлтæ,уый.

 Фарст:

-Кæстæр хо,кæнæ уæ кæстæр æфсымæр искæмæн ис?Куы фæкæсут уыдонмæ та?

(Сывæллæттæй иу  дæтты дзуапп,зары авдæны зарæг.)

 

 Ды мæ буц хъæбул дæ,

Ды  мæ царды рухс дæ,

Ахуысс,айрæз,а-лол-лай.

Цардæн ды йæ амонд

Ахуысс,айрæз,а-лол-лай.

Арс дæм дзæмбытилы,

Мæй йæ цæст ныкъулы,

Ахуысс,айрæз,а-лол-лай.

Райсом бон кæндзæни,

Амонд нын хæсдзæни,

Ахуысс,айрæз,а-лол-лай.

 

Ахуыргæнæг:   Кæй зæгъын æй хъæуы,ахæм зарæджы фæстæ сывæллон афынæй вæййы æмæ хуысджытæ æмæ нæрсджытæ иууылдæр уый вæййынц.

 

 

4.Рольтæм гæсгæ бакæсын Джиоты Катяйы радзырд «Хæдзармæ куыст»

5.Сывæллæттæ йæ æвдисынц сценкæйы хуызы.

6.Равзарын уацмыс.

7.Хъомыладон куыст бакæнын.

 

Ахуыргæнæг: Раст зæгъут,сайын хорз нæу.Сайгæ чи фæкæны,уый фæхонынц сайæгой.Сайæгойты та ничи фæуарзынц

 Фарст:

- Зæгъут –ма,æххуыс æрмæст хи мад кæнæ нанайæн хъæуы?Æви алкæмæн дæр?

Зæгъæм ,æз фæндагылцæугæйæ фæкалдтæн.Мæ цурты иувæрсты ацæудзыстут æви?...

 

 

V.Æмдзæвгæтæ дзурынц скъоладзаутæ сæ мадæлты æмæ нанаты тыххæй.

 

Мад.

 

Сывæллонæн йæ царды стъалы мад у,

Вæййын æз дæр мæ буц мадæй рæвдыд.

Егъау зæрдæ кæддæриддæр уарзтæй дзаг у,

Тыхдæттæг у мæнæн йæ фæлмæн дзырд

Лæггад кæнын куы базонин мæ мадæн,

Айрох уой цæмæй йæ зынтæ,рис,-

Ныззарин уæд зæрин зарæг йæ кадæн,

Æвдадзау ын фæсура ,уадз,йæ низ.

 

Ахуыргæнæг:Тынг хорз,фæлæ æрмæст мадæлты тыххæй сахуыр кодтат æмдзæвгтæ?Нанаты тыххæй чи радзурдзæн?

 

Мæ нана.

 

Нæ умæнæн мæ бон зæгъын,

Цасуарзын нанайы,

Фыны дæр йæ фæлмæн худт

Цæстытыл фæуайы.

 

Зымæгмæ мын бавæры

Чырыны фæткъуытæ.

Хъулон хъæдуртæй мæнæн

Саразы фæрдгуытæ.

 

8-æм мартъи.

Абон  8-æм 8-æм мартъи,

Арфæ дын кæнæм ,нана.

Бирæ рухс бынтæ мæ царды

Хъуамæ фенай ды нырма.

 

Мах куы ысуам космоновттæ,

Мæймæ балц куы кæнæм,уæд

Махæн ды куыд зæгъай афтæ:

«Цæй,рæстмæ фæндаг фæуæд».

 

Ахуыргæнæг:Тынг хорз.Алкæддæр зонут,æмæ уæ мадæлты бæрц кæнæ та ноджы фылдæр чи уарзы,уыдон сты уæ нанатæ.Сымах дæр сæ хъуамæ афтæ бирæ уарзат.

    Хъуамæ уарзат уæ хоты,уæ ахуыргæнджыты,уе ´мкъласонты. Уарзгæ чи фæкæны,хæларзæрдæ дæр уый вæййы.

   Бирæ зындгонд ныхæстæ æрхæссæн ис мады тыххæй,фæлæ абон мах ахъуыды кæндзыстæм,стыр ахуыргонд Абайты Васойы ныхæстыл: «Мад-уый мæнæн зæды номы æмсæр дзырду.Мадæн аргъ нæй,нымайут æй,йæ зæрдæ райдзаст æмæ рухс цæмæй уа,ууыл архайут.Алчидæр нæ йæ мады раз хæсджын у.Æнæ мадæлтæ махæй никуы ницы рауадаид»

 

VI.Сымах нырма гыццыл стут.уæ бон у уæ мадæлты зæрдæтæ уæ хорз ахуыр æмæ æгъдауæй рухс кæнын,стæй уæ хорз хъуыддæгтæй.

Зæгъæм,Алинæ бацæттæ кодта презентаци  йæ мад æмæ йæ нанайы тыххæй

  (Равдисын презентации)

VII.Иууылдæр бацæттæ кодтат  арфæты писмотæ.Уый дæр сын æхсызгон уыдзæн

   (Сывæллæттæ кæсынц сæ арфæты писмотæ)

 

VIII.Кæронбæттæн:  Уæ мадæлтыл æмæ нанатыл уæ арфæтæ цæуæнт,сымахылта уыдоны арфæтæ.

    Ныр та ма уæ дидинæджы бын (фæйнæгыл æй сыфгай æмбырд кодтой æмдзæвгæтæ дзурджытæ,ныффыссут уæ  арфæйы ныхæстæ,чи уæм хъуыста,уыцы ахуыргæнджытæн

 

Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!

 

IХ.Xæдзармæ куыст: Бацæттæ кæнын мады тыххæй æмбисæндтæ.

X.Сæвæрын бæрæггæнæнтæ.

(Хъуысынц  Баллаты В. зарæджы зæлтæ  «Мад хъæбулæн йе стъалы,йæ хур у»

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

Тип материала: Документ Microsoft Word (doc)
Размер: 87 Kb
Количество скачиваний: 14
Просмотров: 73

Похожие материалы