Конспект урока по осетинской литературе на тему ХЕТÆГКАТЫ КЪОСТА БАСНЯ " БИРÆГЪ ÆМÆ ХЪРИХЪУПП ".
Предмет: | Русский язык и литература |
---|---|
Категория материала: | Конспекты |
Автор: |
Kozaeva Albina Batrovna
|
ТЕМÆ : ХЕТÆГКАТЫ КЪОСТАйы БАСНЯ " БИРÆГЪ ÆМÆ ХЪРИХЪУПП ".
НЫСАН : 1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын .
2. Басняйы мидис бамбарын кæнын.
3. Æгъдау , æфсарм , уæздандзинады
Эпиграф
1 . Адæймаг йæхицæн цы нæ фыдбылыз ары , ахæм нæй . Уыцы фыдбылызты сæйрагдæр сты : искæмæ хæлæг кæнын æмæ хæлæф кæнын .
Мамсыраты Дæбе .
2 . Царды бирæ хорз амæлттæ ис , æмæ сæ зонын хъæуы … Фæлмæн ныхасæй цы бакæнай , уый тызмæгæй нæ сараздзынæ . « Æз дæн » у æгъатыр низ , æмæ дзы дæхи бахиз…
Коцойты Арсен .
3 . Уæвгæ , куыд хорз æмæ куыд æнцон у искæмæн мисхалы бæрц циндзинад æрхæссын , фæлæ йæ , хъыгагæн, цæст куыд нæ фæуарзы арæх .
Гаглойты Владимир .
( Иу дзы фыссæм фæйнæгыл , иннæтæ гæххæттыл
ДЗЫРДУАТОН КУЫСТ:
Хæдмæл - истæй мард .
Тугуарæн – фыдбылыз ,
Фæзæрдæхæлд – ам баууæндыди .
Дзæгъæлхæтæг – æнæ хъуыддагæй чи цæуы , уый .
Ацы тыхтона – ам зын рæстæг .
(Дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ амынд цæуынц урочы дæргъы ).
АХУЫРГÆНÆГ : Йæ алыварс лæггад кæнынмæ чи фæтырны , ахæмæн адæм дæр никуы базивæг кæндзысты æххуысмæ æрцæуын . Адæм кæрæдзи ныфсæй цæрынц . Кæрæдзи цин , рыст , маст æнкъарынц .
Кæрæдзийæн ныфсытæ æвæргæйæ царды уæз рогдæр кæнынц .
Къостайы сфæлдыстад царды уæз рогдæр кодта æви нæ ?
АХУЫРДЗАУ : Къостайы сфæлдыстады æвдыст цыдис ирдæй
цард , куыд уыдис , афтæ . Поэт йæхæдæг уыцы цардæй рацæуæг уыд . Уымæ гæсгæ , нæ бон зæгъын у : мæгуыр адæймаджы цард æмбæрста , æнкъардта æмæ йыл зарыд .
( Кæсынц æмдзæвгæ наизусть . Ахуыргæнæг дзуæппыты æхсæн фæрстытæ дæтты ).
АХУРГÆНÆГ : Цавæр « зарæг » у поэты æмдзæвгæ ?
АХУЫРДЗАУ : Поэты « зарæг » у хъарæг .
АХУЫРГÆНÆГ : Цавæр литературон – аивадон мадзалæй пайда кæны Къоста цæмæй « хъарæг » равдиса ?
АХУЫРДЗАУ : Къоста спайда кодта абарстæй , зæгъæм :
Адæмæн сæ рæсугъд уæттæ
Хъармæй , райдзастæй лæууынц,
Абарст
Махæн та нæ сывæллæттæ
Уазал лæгæтты кæуынц…
АХУЫРГÆНÆГ : Æмдзæвгæйы композицийы тыххæй цы у уæ бон зæгъын .
АХУЫРДЗАУ : Æмдзæвгæ арæзт у 4 строфайæ . Алы строфайы дæр 4 рæнхъы . Иу хъуыды иннæ хъуыдыимæ бары .
АХУЫРГÆНÆГ : Æмдзæвгæ уæ цы хъуыдытыл бафтыдта , ууыл æрдзурæм … Стæй æмдзæвгæйы мидис аивынæн цы бакæниккат .
( Ацы хæс сын лæвæрд уыд хæдзармæ , дзуæппытæ дæттынц ).
АХУЫРГÆНÆГ : Къостайæн йæ царды нысан уыд адæмæн лæггад кæныны мидæг . Лæггад сын кодта , йæ бон куыд уыд , афтæ .
Байхъусут ма , сабийæ сын куыд æххуыс кодта , уымæ …
( Ахуыргæнæг кæсы « Къостайы кадæг » - æй 24 сæргонд ).
Къоста йæ алыварс уыдта , адæм кæрæдзийæн куыд æххуыс кæнынц ,
уый . Куыд нæ хъуамæ сахуыр уыдаид уыцы царды хæрзиуæгыл , кæд æмæ йæ царды Балаты Хакъойы хуызæн адæм уыд . Хакъо уыд йæ фыццаг ахуыргæнæг .
Кæд цард уæззау уыд , уæддæр адæмы нæ рох кодта циндзинад , сæхи ирхæфстой , сæ хъæндзинæдтыл худын зыдтой . Кæрæдзийæн – иу ахæм хабæрттæ ракæдтой , кæцытæй – иу сæхицæн стыр зонд истой .
Адæймаг йæхи куыд дара , хи дарæн куыд нæй , уыдоныл ахуыр кодта адæмон сфæлдыстад .
Цы у адæмон сфæлдыстад ?
АХУЫРДЗАУ : Фыдæй фыртмæ , дзыхæй дзыхмæ адæм цы уацмыстæ лæвæрдтой иу фæлтæрæй иннæмæ , уыдон хонæм адæмон дзургæ сфæлдыстад .
АХУЫРГÆНÆГ : Адæмон дзургæ сфæлдыстад цал хуызыл дих кæны ?*
АХУЫРДЗАУ : Мах зонæм : аргъæуттæ , таурæгътæ , кадджытæ , зарджытæ , æмбисæндтæ , уыци – уыцитæ . Адæмон дзургæ сфæлдыстады хуызтæ сты иууылдæр .
АХУЫРГÆНÆГ : Аргъæуттæ цал хуызыл дих кæнынц ?
АХУЫРДЗАУ : Аргъæуттæ дих кæнынц 3 хуызыл : цæрæгойты аргъæуттæ , цардуаджы аргъæуттæ , алæмæты аргъæуттæ .
( Дæнцæгтæ хæссынц ).
АХУЫРГÆНÆГ : Къоста тынг бирæ уарзта адæмон сфæлдыстад . Йе сфæлдыстадыл бæрæг дары дзургæ сфæлдыстадæ тæфаг .
Чи зоны , зымæгон бон – иу сæ цырæгътæ скъолайы сыгъд куы фесты , уæд - иу
Сын сæ ахуыргæнæг Хакъо дзырдта аргъæуттæ , кадджытæ , таурæгъæтæ , зарыд сын зарджытæ … Афтæмæй сæ , сывæллæтты , стыр зондыл ахуыр кодта .
Къоста куы рахъомыл , уæддæр æй нæ ферох сты уыцы зондамындтытæ , уый æдде ма сæ пайда дæр кодта , йæ уды сæ хъахъхъæдта стыр хæзнайау .
Ахæм зондамындтытæй райгуырдаид басня « Бирæгъ æмæ хърихъупп»
Бакæсæм ма ацы уцмысмæ .
( Развæлгъау ахуыргæнæг бацæттæ кодта 3 ахуырдзауы , уыдон æвдис сценкæ , иннæ скъоладзаутæ хъазынц публикæйы ролы . Хъуысы музыкæ, бирæгъ хуыссы æмæ зад хæрд кæны . Автор рацæуы, уайдзæфгæнæджы каст æм кæны , йæ сæр батылдта , публикæмæ ракаст æмæ дзуры …
Сценкæ хъазынц . Фæхудтысты . Кусынц уацмысыл ).
АХУЫРГÆНÆГ : Цæмæ бакастыстæм , уым поэт кæуыл дзуры , сырдтыл ?
АХУЫРДЗАУ : Къоста кæд сырдты тыххæй дзуры , комкоммæ сæ æвдисы , уддæр , мæнмæ гæсгæ адæмыл хъуыды кæны . Уымæн æмæ сæ адæмы æгъдауыл æхуыр кодтой рагæй фæстæмæ .
АХУЫРГÆНÆГ : Нæ фыдæлтæм зыдгæнаг адæймаг уыд æгад , йæ гуыбыныл хæцын чи нæ зыдта , уый та уыд фидиссаг . Се ххормаг æргом никуы равдыстаиккой , стæй – иу афтæмæй фынгыл æрбадтысты , зæгъгæ , уæд – иу йæ æнæвнæлдæй ныууагътой . Ирæтты хсæн зыдгæнаг адæм нæ уыд , фæлæ цæмæй сæ хсæн ахæмтæ ма фæзына , уый тыххæй
«Бирæгъы» хуызæттыл хъуыды кодтой аргъæуттæ , æмбисæндтæ …
Зæгъæм : гуыбыны коммæ куы кæсат , уæд дæ сæр худинаджы бын фæуыдзæн , гуыбын мæрдтæм кæны , гуыбын скъæт у …
Бахъуыды сæ кæнут , уæ сæрмæ худинаг макуы æруадзут
Къоста цавæр аргъауы хуызæй спайда кодта , цæмæй басня ныффысса ?
АХЫРДЗАУ : Фыссæг спайда кодта цæрæгойты тыххæй аргъауæй .
( Кæсынц басня ).
АХУЫРГÆНÆГ : Автор зыдгæнæджы куыд хоны ?
АХУЫРДЗАУ : Автор зæгъы : Алчи зыдгæнæджы
Бирæгъ фæхоны .
Бирæгъ зыд кæй кæны ,-
Чидæрид зоны …
АХУЫРГÆНÆГ : Йе нæфсисæй адæмæн цы кæны ? Цы йыл æрцыд ?
АХУЫРДЗАУ : Раджы та иу бирæгъ
Нард хæдмæл хордта ,
Афтæмæй адæмæн
Тугуарæн кодта .
Диссаг æвналынмæ .-
Цас ын æнтысти !
Уалынмæ уæны стæг
Хурхы нынныхсти .
Атылди , адаргъ и ,
Нал уыд йæ сæрæн …
Амонд йæ хъахъхъæнæг
Ахæм æвзæрæн !
АХУЫРГÆНÆГ : Кæмæй агуры æххуыс бирæгъ ?
АХУЫРДЗАУ : Хърихъупп хæстæджыты
Донбылтыл зилы …
Бирæгъ йæ цыппæртæ
Хърихъупмæ тилы .
АХУЫРГÆНÆГ : Хърихъупы хъуыдытæ .
АХУЫРДЗАУ : - Ай та цы диссаг у ? –
Рагæй – æрæгмæ
Никуы мæм бабæллыд
Бирæгъ хæстæгмæ …
Хърихъупп фæзæрдæхæлд ,
Абадт йæ цуры :
- Цæй – ма , цы мæ кæныс ? –
Сырд ма кæм дзуры !
АХУЫРГÆНÆГ : Хърихъупп куыд ирвæзын кæны бирæгъы ?
АХУЫРДЗАУ : Иу цæст ма фезмæлыд
Иннæ ныдздзагъыр …
Хърихъупп цæстæнгасыл
Рагæй уыд ахуыр,-
Бирæгъы хъæлæсы
Фатау фæцавта
Даргъ бырынкъ , афтæмæй
Оны стæг сдавта .
АХУЫРГÆНÆГ : Бирæгъ фервæзт , хърихъупп йæхи куыд дары ?
АХУЫРДЗАУ : Бирæгъ æсулæфыд …
Фервæзт нæ рынчын ! …
Хърихъупп æм бадзырдта :
- Цæй – ма мæ мызд мын !
АХУЫРГÆНÆГ : Раздæры рынчын цавæр дзуапп дæтты ?
АХУЫРДЗАУ : Сырд дын фæхъæр ласта :
- Гъæ , дзæгъæлхæтæг !
Гас мын кæй баззадтæ
Абон дæхæдæг .
Бузныг цæуылнæ дæ,
Гайтма мæ дзыхæй
Де взæр лæгун къоппа
Райстай дзæбæхæй ?!
Барст дын уæд ацы хатт
Ацы тыхтона !
Искуы ма фембæлæм
Додой дæ къона !
АХУЫРГÆНÆГ : Бирæгъæй , хърихъуппæй уæздандæр , уæзбындæр , растдæр , æгъдауджындæр чи у ?
АХУЫРДЗАУ : Нæдæр бирæгъ , нæдæр хърихъупп . Адон дыууæйæ дæр сты æнæуæздандзинады хицæутта . Бирæгъ у зыдгæнаг , йæ гуыбыны фæдыл цæуы , бузныг дзурын та æппындæр нæ зоны . Кæны хæлоф.
Хърихъупп та у æнæсæр . Мæлæтæй кæйдæр фервæзын кодта æмæ дзы æвиппайды куры мызд . Уый дæр зыдгæнаг у , уымæн æмæ йæ хоздзинадæн агуры мызд .
АХУЫРГÆНÆГ : Адæймаг хъуамæ йæ алыварс циндзинад хæсса , æвгъау æй ма кæна . « Уæвгæ , куыд хорз æмæ куыд æнцон у искæмæн мисхалы бæрц циндзинад хæссын , фæлæ йæ , хъыгагæн , цæст куыд нæ фæуарзы арæх .» - дзырдта ирон фыссæг Гаглойты Владимир .
Абон урочы дæргъы басняйы кой кæнæм . Цы у басня , ууыл æрдзурæм . Куыд бамбæрстат , афтæмæй басня дæр у литературон термин .
Къоста цы æмдзæвгæ ныффыста , уым кæуыл дзуры ?
АХУЫРДЗАУ : Мах бамбæрстам уый , æмæ поэт сырдтыл дзургæйæ дзырдта махыл , адæмыл .
АХУЫРГÆНÆГ : Ахæм ныхас хоном фæсномыг ныхас .
Фæсномыгæй уацмысы мидис æвдыст кæм фæцæуы , сырдты миниуджытыл дзургæйæ адæмы кæм равдисынц , ахæм уацмыс хонæм басня . Басня вæййы стыр зондхæссæг .
Ацы басня нын цы амоны ?
АХУЫРДЗАУ : Зыд ма кæн , бузныг дзурын зон , дæ хорзæн мызд ма агур, ахæм зонд нын амоны Къоста .
АХУЫРГÆНÆГ : Бирæгъ , мæгуыр , йæхицæй тыхджындæр æмæ хуыздæр никæй æнхъæлы . Уый у тынг тæссаг низæй рынчын . Коцойты Арсен уыцы низы тыххæй афтæ загъта : « Царды бирæ хорз амæлттæ ис , æмæ сæ зонын хъæуы … Фæлмæн ныхасæй цы бакæнай , уый тызмæгæй нæ сараздзынæ . « Æз дæн » у æгъатыр низ , æмæ дзы уæхи бахизут …»
Иу хатт ма мын зæгъут , басняйы цы бæллæхтæ æрцыдысты , уыдон цæй фæдыл æрцыдысты ?
АХУЫРДЗАУ : Ацы бæллæхтæ æрцыдысты зыд æмæ кæрæфы тыххæй , рогсæр æмæ « æз дæн » низы ахосæй .
АХУЫРГÆНÆГ : Адæймагмæ , хъыгагæн , ис бирæ хъæндзинæдтæ . Зын у адæймагæн йæхиимæ тохы бацæуын , фæлæ хъæуы . Куы нæ тох кæна адæймæг , басняйы аккаг суыдзæн . Махæй та никæй фæнды
« бирæгъ» æмæ « хърихъупп » уæвын .
Бадарын нæ хъæуы нæ зæрдыл зындгонд ирон фыссæг Мамсыраты Дæбейы ныхæстæ : « Адæймаг йæхицæн цы нæ фыдбылыз ары , ахæм нæй . Уыцы фыдбылызты сæйрагдæр сты : искæмæ хæлæг кæнын æмæ хæлоф кæны
Тип материала: | Документ Microsoft Word (doc) |
---|---|
Размер: | 155 Kb |
Количество скачиваний: | 26 |