ПРЕЗЕНТАЦИЯ Два брата.ДВЕ СУДЬБЫ(Нафи Джусойты-90 лет.Хаджеты Таймураз-70 лет)

Предмет: Иностранные языки
Категория материала: Презентации
Автор:

Зындгондирон фыссӕг,дӕсны тӕлмацгӕнӕг ӕмӕ публицист, литературон критик ӕмӕ иртасӕг, ӕхсӕнадон архайӕг Джусойты Нафи райгуырди 1925-ӕм азы Хуссар иры Хӕрдысӕры хъӕуы. Ирон царды ӕгъдау ӕмӕ зӕрдӕйы хорзыл ахуыр кодта йӕ ныййарджытыл. Йӕ мад Софья ӕмӕ йӕ фыд Грисыл.

Зӕрдӕргъӕвд лӕппу райдайӕн ахуыры фӕстӕ бацыд Кировыхъӕуы астӕуккаг скъоламӕ ӕмӕ йӕ каст фӕци хӕсты хӕд размӕ. Нафи бархийӕ йӕхи ӕфсадмӕ ныффыста.Ӕрвыст ӕрцыди Батайскы ӕфсӕддон тӕхджыты училищӕмӕ, фӕстӕдӕр ӕй раивтой Тамбовмӕ. Ам 1945-ӕм азы райста хӕдтӕхӕг- скъӕрӕг- штурмовичы дӕсныйад.

1949-ӕм азы фӕссауонмӕ каст фӕци Цхинвалы педагогон институты историйы факультет ӕмӕ бацыд Ленинграды уырыссаг литературӕйы институт(Пушкины хӕдзары) аспирантурӕмӕ. Ам 1953-ӕм азы бахъахъхъӕдта филологийы кандитаты ахуырадон къӕпхӕн, 1968-ӕм азы та сси филологийы доктор.1988-ӕм азы йын лӕвӕрд ӕрцыди Гуырдзыстоны зонӕдты Академийы уӕнг-уацхӕссӕджы ном. Джусойты Нафи дӕргъвӕтин рӕстӕджы (1954-1997 азты) лӕууыди Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасӕг институты литературӕйы хайады сӕргъы, уый фӕстӕ сси йӕ директор.

Фыдыбӕстӕйы раз йе стыр ӕнтыстыты ӕмӕ патриотизмы тыххӕй у «Кады Нысаны» орденхӕссӕг, Хетӕгкаты Къостайы номыл премийы лауреат.

Йӕ арф зонындзинӕдтӕ, йӕ хӕдхуыз сфӕлдыстадӕй Нафи ссардта фӕндаг ирон ӕмӕ уӕрӕсейаг чиныгкӕсӕджы зӕрдӕтӕм, йӕ уацау»Адӕймаджы мӕлӕт» райста журнал «Дружба народов»-ы ӕрвылазон литературон преми. Хорз ӕй зонынц фӕсарӕнты дӕр, у Литературон критикты дунеон ассоциацийы уӕнг(йӕ ценр-Парижы)

Нафи канд поэт ӕмӕ прозаик нӕу, уый ма у дӕсны драматург ӕмӕ тӕлмацгӕнӕг, дзырдарӕхст полемист ӕмӕ литературон критик. Нафийы бындурон иртасӕн куыстытӕ Къоста ӕмӕ Секъа, Елбыздыхъо ӕмӕ Арсен, Цомахъ, Нигер ӕмӕ ма бирӕ ирон фысджыты тыххӕй .

Куырыхон адӕймаг ӕмӕ дзырды дӕсны абон дӕр у хъазуатон , дысвӕлдӕхтӕй фӕлдисы ӕмӕ аразы, цырагъау , тайы Ирыстоны фидӕны, йӕ национ хӕдхуызады сӕрвӕлтау.

Хӕсты фӕстӕйе мдзӕвгӕтӕ хицӕн ӕмбыргондӕй рацыдысты 1949-ӕм азы. Чиныджы ном –«Салдаты зӕрдӕ».Хӕстон ӕфсымӕрдзинад, салдаты ӕрвылбоны удхар, йӕ царды чысыл цинтӕ, тугныккалды нывтӕ ӕмӕ мӕлӕты комулӕфт- адон сты поэты дзуринӕгтӕ. Ӕмӕ ма ноджы салдаты уарзт- йӕ ныййарӕг мад-Ирыстонмӕ. 1950-ӕм азты кӕрон фыссӕг йе ргом аздӕхта прозӕмӕ.

1958 аз уацау «Цардивӕны», историон-революцион роман «Дыууадӕс цӕфы иу цӕфы хуызӕн»-имӕ сӕ рауади дилоги.

1965-ӕм азы фӕзынди «Фыдӕлты туг»- фыццаг ирон историон роман. Фӕстӕдӕр роман «Сырдоны цӕссыгтӕ»-йӕ (фыццаг чиныг-1978 азы, дыккаг чиныг-2005 азы) райдыдта ирон мифологон прозӕйы рӕзт.

Хаджеты Грисы фырт Таймураз райгуырдис Хуссар ИрыНогхъӕуы . Ахуыр кодта Къуайсайы, скъола каст фӕци 1964 Цхинвалы. Ӕфсады рӕнхъыты службӕйы фӕстӕ ахуыр кӕнынмӕ бацыдис М.Горькийы номыл Литературон институтмӕ.

Уӕдмӕ ,йӕ хистӕр ӕфсымӕр Нафийы ном хъуыстгонд уыд Кавказы , Уӕрӕсейы наукон ӕмӕ литературон дунейы. Уымӕ гӕсгӕ Таймураз йӕхицӕн ӕрхъуыды кодталитературон псевдоним Хаджеты (йӕ фыды фыд Хаджемӕ гясгӕ).

Хаджеты Таймураз уыдпоэт, тӕлмацгӕнӕг, фӕлӕ ма уыди зарӕггӕнӕг. Хъуыды кодта музыкӕ йӕхи фыст ӕмдзӕвгӕтӕм ӕмӕ сӕ зарыд йе мбӕлттӕн.

Таймуразы чингуытӕ райдыдтой цӕуын 1973 азӕй. «Фараст барӕджы», «Хъысмӕт ӕмӕ зарӕг», «Уацмыстӕ», «Фӕндӕгты амонд», «Дымгӕйы хъӕлӕс», «Изӕр», «Урс хӕхты зарӕг».

Таймураз фысста Фыдыбӕстӕйыл, мадыл. Уарзон сылгоймагыл, ӕмбӕлттыл. Йӕ уацмысты сӕйраг бынат ахсы ныхас йӕ бӕхимӕ. Ӕмӕ зындгонд куыд у афтӕмӕй Таймураз йӕ фыццаг гонорарӕй балхӕдта бӕх. Уӕд царди Дзӕуджыхъӕуы, йӕ бӕх аласта йӕ райгуырӕн хъӕумӕ. Куыддӕр иу ын гӕнӕн фӕци афтӕ иу атындзыдта йӕ уарзон бӕхмӕ.

1979 азӕй ссис фысджыты цӕдисы уӕнг. Таймураз уыд ӕцӕг адӕмон поэт, кӕцыйы кастысты, уарзтой йӕ.

Фараст барӕджы (Девять всадников). ӕмдзӕвгӕтӕ. Цхинвали, 1973;

Хъысмӕт ӕмӕ зарӕг (Судьба и песня).

ӕмдзӕвгӕтӕ. Цхинвали, 1977;

ӕхсондуры хъӕлӕс (Искры кремня). ӕмдзӕвгӕтӕ. Цхинвали, 1980;

Зӕйраскъуыды уынӕр (Сорвавшейся лавины гул). ӕмдзӕвгӕтӕ. Цхинвал, 1983;

Фӕндӕгты фарн (Счастье дорог). ӕмдзӕвгӕтӕ. Орджоникидзе, 1987;

Голос ветра. (Перевод на русский язык). Стихи. М., «Современник», 1987.

Фӕсизӕр. Дзӕуджыхъӕу (Владикавказ)., «Ир», 1995.

Арты уидӕгтӕ (Корни огня). — Дзӕуджыхъӕу (Владикавказ)., Ир, 2003.

Уацмыстӕ (Произведения). — Дзӕуджыхъӕу (Владикавказ)., Ир, 2010

Тип материала: Архив RAR (rar)
Размер: 12.34 Mb
Количество скачиваний: 11
Просмотров: 119

Похожие материалы