Презентация открытого урока по осетинскому языку и литературе в 3 классе на тему:" Цыкурайы фардыг" .

Предмет: Начальные классы
Категория материала: Презентации
Автор:

•      Фœрдыг-бусина.

•      Цыкурайы фœрдыг(фольк)- Бусина желаний, самоцвет.

 

Цы у цыкурайы фæрдыг,  цы нысан кæны, кæм фембæлæн ис цыкурайы фæрдыгыл, уыцы фарстатæн нын дзуапп ратдзысты

нæ чысыл иртасджытœ Алыккаты Аланœ œмœ Дегъуаты Дианœ.    Уыдон нын бацæттæ  кодтой  чысыл информаци разныхасимæ.

   Цыкурайы фæрдыг бæрæг бынат ахсы ирон адæмон сфæлдыстады: кадджыты, таурæгъты, аргъæутты, æмбисæндты.

  Нарты кадджыты разныхасы нын амонынц: «Зынаргъ дуры мыггаг. Ам: мард æгас кæныны, цæфтæ дзæбæх кæныны тых кæмæ ис, ахæм фæрдыг. Ома, цы курай, уый дæтты». Адæмон сфæлдыстадмæ гæсгæ цыкурайы фæрдыг байсынц калмы дзыхæй, вæййы афтæ дæр æмæ йæ калм йæхæдæг адæймаджы къæсæрыл ныууадзы.

Цыкурайы фæрдыджы  кой  æрмæст адæмон сфæлдыстады нæй, таурæгъон сты  йæ фылдæр миниуджытæ. Æнæ уый та уыд æмæ ис Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны дæр кæмæдæрты.

  «…Цыкурайы фæрдыг  хæдзарæн  у йæ ахсджиаг хæзна æмæ йæ амонд… Уыцы дур вæййы тымбыл, хъæдуры гагайы кæнæ бæлоны айчы йас, хуызæй чысыл бурбын æмæ рæсуггомау, талынджы дæтты тынг фосфорон рухс. Рагон таурæгътæм гæсгæ, бафты æрмæст «амондджын адæймаджы къухы», - фыссы Къоста йæ этнографион очеркы.

 

  Цыкурайы фæрдыджы фылдæр хуызтæ сбæлвырд кодта Ручъы цæрæг Дауыраты Н. Сырх фæрдыг – æрвхуыз, сау æмæ урс тæлмытимæ; Урс  - æрвгъуыз фæлтæмæнимæ – æхсыры бæркады Цыкурайы фæрдыг; Сау – æнæзæнæг устытæн цотдæттæг фæрдыг; Бургонд – хæдзары фосы бæркадыл æфтауæг; Урс – тар фæлтæмæнимæ, уыд хъæздыг тыллæджы фæрдыг; иухуызон сырх – дæсны фæрсынæн.

Тип материала: Презентация Power Point (pptx)
Размер: 403.46 Kb
Количество скачиваний: 26
Просмотров: 106

Похожие материалы