Презентация по осетинской литературе на тему: "Кочысаты Мухарбег. "Сау цæстытæ"
Предмет: | Другое |
---|---|
Категория материала: | Презентации |
Автор: |
Джатиева Оксана Омаровна
|
«Дæ амондæн нывонд кæнын мæ сæр». Кочысаты Мухарбеджы «Сау цæстытæ» - мæ гæсгæ).
Эпиграф: Уарзынæй рæсугъддæр а зæххыл нæй.
(Чеджемты Æ.)
Урочы фæлгонц:
Урочы цыд
I. Ахуыргæнæджы разныхас:
Абон мах дзурдзыстæм, адæймагæн зæдтæ æмæ дауджытæй лæвæрд чи у, цæргæсау ыл базыртæ чи фæсадзы, ахæм уæларвон тых – уарзондзинадыл. Цард байсысын кæй фæрцы нæ комы, цæтджинагау æй æнхъæвзын чи кæны, дзæм-дзæмы суадонау кæй руаджы абухы, уыцы алæмæты æрдзон лæварæн.
– Нæ урочы темæ у «Дæ амондæн нывонд кæнын мæ сæр» (Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ «Сау цæстытæ» - мæ гæсгæ).
Ныр та уал байхъусæм, уарзондзинады арт адæмы зæрдæтæ куыд басудзы, суанг ма дойнаг дуры дæр дон куыд кæны, уыцы азæлгæ рæнхъытæм.
Хъуысы зарæг – «Уарзондзинад дойнаг дуры дæр дон кæны»… (2 куплеты).
Ахуыргæнæг: Зарæг, цæй диссаг дæ, цæ… Фæлæ нæ алкæмæ нæ разыны зарæджы фаг аккаг ныхæстæ. Агурын бахъæуы зæрдæйы уаг раргом кæнынæн ног фæрæз. Мæ зæрдыл æрлæууыд уарзондзинады таурæгъ:
«Рæсугъд, тыхджын лæппу Адонисы бауарзта уарзондзинады бардуаг Афродитæ. Бурдзыкку æрыгон рæсугъд хъахъхъæдта йæ уарзоны цуаны. Куырдта йæ, цæмæй тугдзых сырдтæй йæхи хызтаид, уæлдайдæр Афродитæ йемæ куынæ уа, уæд.
Фæлæ – иу Адонисыл фæтых йе рыгон туг æмæ – иу дзы цуаны рæстæг ферох тас. Æмæ йæ иуахæмы йе стыр ссыртæй мæлæтдзаг цæфтæ фæкодта хъæддаг хуы. Йæ бирæ хъæдгæмттæй хъизæмæртты амард. Афродитæ дзыназгæ рахау-бахау кодта Кипры хæхты. Цыргъ дуртæ æмæ йын сындзытæ йæ рæсугъд буар куыд лыгтæ кодтой, уый æмбаргæ дæр нæ кодта. Бирæ цæссыг фæкалдта æрыгон чызг йæ уарзоны мардыл. Адонисы тугæй сырæзын кодта диссаджы дидинæг. Афродитæйæн йæхи туджы ртæхтæ кæм æртагъдысты йæ цæф къæхтæй, уым та сзади сырх уарди-уарзондзинады дидинæг».
- Æвæдза, цæй диссаг дæ, æрдзæй лæвæрд уарзондзинад!
– Сымахмæ гæсгæ та цы у уарзондзинад?
Скъоладзауты дзуаппытæй:
а). Уарзондзинад абарæн ис æрмæст дидинæгимæ.
æ). Сыгъдæг уарзондзинад дæр дидинæгау хъахъхъæнын хъæуы.
б). Дæ амондæн нывонд кæнын мæ сæр.
в). Уарзондзинад иууылдæр дидинæг у.
- Æмæ уæдæ уæм куыд кæсы, уарзондзинады темæ куыд æвдыст æрцыд зарджыты? (Скъоладзаутæ дзурынц зарджыты тексттæ).
1) «Сагъæстæ»
Æхсæрыл сыфтæр нал хæцы, –
Уый, дам, уазалы тыххæй у.
Æхсæв мыл хуыссæг нал хæцы, –
Уый та уарзоны тыххæй у.
Урсдоны былыл – сау фæрдыг,
Бирæ дзы уымæн банызтон,
Урсцонг дæ, чызгай, сауæрфыг,
Бирæ дæ уымæн бауарзтон.
2) «Нанайы буц чызджы зарæг»
Терчы бабызтæ куы ‘рбамбырд вæййынц, –
Куы нæ дзы вæййы бæлоны хуызæн, –
Хъæуы рæсугъдтæ куы `рбамбырд вæййынц
Куы нæ дзы вæййы мæноны хуызæн.
Тар хъæды бæлас калын нæ комы,
Куы кæла уæддæр – хъæды кæронмæ.
Нанайы буц чызг чындзы нæ комы,
Куы кома, уæддæр – хъæуы кæронмæ.
Горæты сæрмæ хъæдуры гага,
Æппынæдзухæй йæ хъæдыл лæууы.
Мæнæн мæ уарзон – мæ уды гага,
Æппынæдзухæй мæ зæрдыл лæууы.
3) «Тауыче»
Рæсугъд æфсин Тауыче,
Ой уæрæйдæ, Тауыче!
Худгæ былтæ Тауыче,
Ой уæрæйдæ, Тауыче!
Нарæг астæу Тауыче,
Ой уæрæйдæ, Тауыче!
Нанайы чызг Тауыче,
Ой, рирæ, – рирæ, Тауыче!
Фæлмæн зæрдæ Тауыче,
Ой уæрæйдæ, Тауыче!
Цыллæ дзыкку Тауыче,
Ой уæрæйдæ, Тауыче!
Уæ сау рæсугъд Тауыче,
Ой уæрæйдæ, Тауыче!
Уæ сау æрфыг, Тауыче,
Ой, рирæ, – рирæ, Тауыче!
4) «Толдзæ»
Уой, толдзæ, толдзæ!
Æз гъастмæ цæун ку байдæдтон,
Уой толдзæ, толдзæ!
Кизгуттæ уинун уæд байдæдтон
Уой, толдзæ, толдзæ!
Рæсугъди уинун ку байдæдтон,
Уой, толдзæ, толдзæ!
Мæхецæн æвзарун уæд байдæдтон,
Уой, толдзæ, толдзæ.
5. Скъоладзауты хатдзæгтæ 2-3 хъуыдыйадæй.
Ахуыргæнæг: Разы дæн æз дæр уæ дзуæппытимæ, фæлæ ма мæ фæнды базонын, Ирыстоны зындгонддæр адæмæй уарзондзинадæй тынгдæр кæй зæрдæ сыгъди, уыдоны дæр нæ зæрдыл куы æрлæууын кæниккам:
Къоста, Барахъты Гино, Кочысаты Мухарбег æмæ æндæртæ.
Скъоладзаутæ.1. Къостайы фыстæгæй: «Æз уарзгæ кæнын, уарзгæ, 40 мин æфсымæрæй дæр тыхджындæр куы уарзын. Æз уарзгæ кæнын æмæ мæ уымæ гæсгæ фæнды, цæмæй уыцы уарзон адæймаг æппынæдзух мемæ уа, алы сахат, алы минут дæр, йæ уындæй мæхи æфсадон, мæ царды алы уысм дæр ын æнæвгъауæй дæттон» (Цæлыккаты Аннæйы тыххæй).
2. Барахъты Гинойы 30-æм азты куы `рцахстой, уæд ын йæ бинойнаг Калоты Еленæйæ домдтой цæмæй йæ рахона знаг, фæлæ сыгъдæг уарзтæй кæй уарзта уыцы адæймагыл йæ къух нæ систа Еленæ, кæд ын йæ цард зындон фестын кодтой, уæддæр.
Скъоладзаутæ хæссынц дæнцæгтæ сæ хæстæджыты сыгъдæг уарзондзинады тыххæй.
Ахуыргæнæг: Цымæ цы у уарзондзинад? Зæрдæйы рухс? Зæрдæйы арт? Дунейы зындгонд æмæ курдиатджын лæгтæ уарзондзинады фæдыл сæ хъуыдытæ арæх нывæзтой. Компютерæй æвдыст цæуынц ÆЛВÆСТ ХЪУЫДЫТÆ УАРЗОНДЗИНАДЫ ТЫХХÆЙ
-Кæй уарзыс, уыдонæй хъаст кæнын никуы хъæуы. Æцæг æнувыддзинад куырм у.
/Бальзак/
-Уарзондзинад? Уый у иу зæрдæйæ иннæмæ æппæтæй цыбырдæр фæндаг, æмраст хахх.
/Бедель/
-Уарзондзинад у хорз номы хуызæн, иу хатт фæсæфт, зæгъгæ, уæд никуыуал раздæхдзæн.
/Бен/
-Уарзондзинад закъонтæ нæ зоны.
/Боэций/
-Уарзоны сурæтæн зæрондгæнæн нæй, уымæн æмæ йæ алы уысм дæр у йæ райгуырды сахат.
/Гете/
-Бæллицы цъупп ды дæ, уарзондзинад.
/Гете/
-Уарзондзинад у, ивгъуыд рæстæгæн дæр, фидæнæн дæр чи нæ быхсы, ахæм иунæг монц.
/Бальзак/
Ирон дзырды дæснытæй уарзондзинады темæ ирддæрæй чи равдыста?
– Гæдиаты Секъа.
Æвдыст цæуы сценкæ «Азау» – æй..
Ахуыргæнæг: Уарзондзинад… Æнахуыр цыдæр у…
Гадиаты Цомахъы куы `рцахстой, Сыбырмæ йæ куы ахастой,
уæд йæ уарзон адæймаг Наталья Мусьпан ацыд Сыбырмæ…Цомахъ æй бакодта хъæды дидинджытæй фæлыст уатмæ, раст алæууыд æмæ йын æмдзæвгæ кæсын райдыдта.
– Цавæр æмдзæвгæтæ бакæсдзыстут сымах та уа зæрдæмæ хæстæг æдæймагæн?
– (Скъоладзаутæ кæсынц æмдз-тæ)
1. Хетæгкæты Къоста. «Мæ хуры хай»…
2. Айларты Ч. «Уарзондзинад».
3. Айларты Чермен «Æнхъæлдтон æз».
Ахуыргæнæг: Ахæм рæнхъытæм байхъусгæйæ, адæймагыл бахæцы æхсызгондзинад æмæ та нæ ногæй æрфæнды Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ «Сау цæстытæ»- мæ байхъусын.
3 скъоладзауы хайгай кæсынц æмдзæвгæ наизусть.
ΙΙ. Текстыл бакусын ахæм схемæмæ гæсгæ:
– Цæимæ ис абарæн ацы æмдзæвгæйы рæнхъытæ?
– Зæрдæимæ
– Цал «зæрдæйыл» ис адих кæнæн ацы æмдзæвгæ?
– ЦЫППАР.
– Цæмæн?
– Уымæн æмæ дзы æвдыст цæуы зæрдæйы уаджы ЦЫППАР хуызы.
– Ссарут ма тексты, Мухарбег йæ уарзондзинад ирдæй кæм æвдисы ,уыцы рæнхъытæ. Бакæсут ма сæ.
– Цавæр хуызæй сæ фæхицæн кæндзыстæм?
Сырх
– Дарддæр та цы æвдисы йе 'мдзæвгæйы?
ÆНКЪАРДДЗИНАД
– Цавæр хуызæй фæнысан кæнæм авторы зæрдæйы уаг?
Тар
– Бакæсут ма рæнхъытæ.
– Ацы зæрдæйæн та цавæр хуызтæ ис саккаг кæнæн?
(Сырх, бур)
– Ссарут ма сæ чиныджы.
– Æмæ уæдæ цыппæрæм строфайы та зæрдæ цавæр хуызæй равдисиккам?
– Сымахмæ гæсгæ йын цавæр нысаниуæг ис?
Урс
– Цавæр у лирикон геройы уарзондзинад?
Урс
бур
Сырх
Тар
Сырх
Æмдзæвгæйы идейæ дæр зæрдæйы уагимæ баст у.
Чысыл беседæ саразын ахуырдзаутимæ:
– Дæумæ гæсгæ та цы у уарзондзинад?
– Цы дæ бафæндид дæ уарзон адæймагæн?
– Цы йын нæ ныббарис?
Æмбисæндтæм гæсгæ скæнын хатдзæгтæ:
1. Чындздзон чызг æмæ усгуры зæрдæ хуримæ хъазынц.
2. Уарзондзинад дойнаг дур дæр дон кæны.
3. Лæг кæй уарзы, уыимæ хохы цъуппыл дæр фæцæрдзæн.
4. Уарзондзинад алцæмæндæр ис.
5. Уарзондзинад кæм ис, уым цард дæр ис æмæ куыст дæр.
6. Уарзондзинад мæгуыр æмæ хъæздыгыл нæу.
7. Уарзынæй рæсугъддæр а зæххыл нæй.
Урочы кæрон скъоладзаутæ хъусынц «Ханты цагъд» -мæ (легендæ музыкæйы фоныл).
«Иры хæхтыл, дам, идæдз лæгæй баззади йе ’нахъом дыууæ фаззон чызгимæ Аланты Алан. Косерхан æмæ Азаухан, «хантæ» – афтæ сæ хуыдта буцæн сæ фыд. «Хæххон сæгуыттæ раст»… Аив сæ фæзылд, сæ февнæлд. Дзурынц, зæгъгæ, дам, – иу кæмттыл азæлыд, хæхты – иу ныццарыдта «ханты» фæндыры цагъд.
О, фæлæ, алцæмæн дæр ис афон. Фæзыны кæрдæг, дидинæг. Сбæлас вæййы тала. Слæг вæййы лæппу, чызг чындздзон чызг свæййы.
Чи хъусы, уый æрбайхъусæд! – ныййазæлыд æрвнæрæгау фидиуæджы хъæлæс.
– Райсом ацы ранмæ æмбырд кæнынц Иры сагсур фæсивæд, сæ лæгдзинад æвдисдзысты. Аланты номдзыд Алан йæ чызджыты моймæ дæтты.
– Нæ фехъуыстон мачи зæгъæд! Дыккаг бон адæм зæрондæй – ногæй æмбырдæй æвзæрстой сæ амонд. Фæлæ Аланты Аланы «хантæ» сæ мидбылхудт никæмæн лæвæрдтой, уыдонæн сæ зæрдæты арф æвæрд уыдысты Тасолтан æмæ Æмзоры уарзондзинад. Уыдон абон не 'вдыстой сæ лæгдзинад. Нæ сын уыдис сираг бæхтæ æмæ сæрак дзабыртæ. Бамбæрста фыд йæ «ханты» хъуыды æмæ сæ саккаг кодта Тасолтан æмæ Æмзорæн.
Уыцы хъуыддаг базонгæйæ цæхæртæ скалдта Афæхъоты Нугзары фырт Бæтæхъо.
«Ды фæхудинаг кодтай мæн, сау цагъарты равзæрстай де `мгæртты раз, фæлæ æз, йе `хсæрварсы цæф чи ныббара, уыдонæй нæ дæн. Аскъæфта Бæтæхъо Аланты Аланы дыууæ цыкурайы фæрдыджы. Нал ардтой хæдзар Тасолтан æмæ Æмзор, фæлæ хъæрццыгъайы ахстон ничи зыдта.
Аланты Алан хæдзарæй фæцух, хъæуи – хъæу зылд, стæй фæстагмæ сæрра æмæ хæхты адзæгъæл.
Ир æмæ Кæсæджы (æхсæн) арæнмæ хæстæг, бæрзонд мæсыджы дуарæхгæдæй бадынц Азаухан æмæ Косерхан. Дыууæ чызгæн сæ хъуыды – сæ фыд, сæ уарзæттæ – сæ мæт. Бирæ фæкуыдтой чызджытæ, бирæ фæдзынæзтой. Зæрдæйы уидæгтæ кæмæ атыдтаиккой ахæм цагъд ныккодтой æмæ сæхи æд фæндыр бæрзонд мæсыгæй фехстой.
Сæ фæндыры цагъд хæхты ныццарыдта æмæ йын дымгæ йæ зæлтæ хъæутыл байтыдта. Гъе, афтæ рагæй фæстæмæ ирон адæмы æхсæн баззад «Ханты цагъд».
Дзурынц, зæгъгæ, дам, ныр дæр ма уыцы айнæджы бынты цы хæххон дон згъоры, уый был лæугæйæ адæймаджы хъустыл фæуайы зæронд «ханты» зæрдæхалæн цагъд.
Цыма хæххон æрра дон æмæ цъæх айнæг къæдзах ныхас бакодтой уыцы диссаджы цагъд адæммæ фæхæццæ кæныныл».
Тип материала: | Презентация Power Point (ppt) |
---|---|
Размер: | 1.99 Mb |
Количество скачиваний: | 8 |