Тест на тему"Домгæвазыгджын хъуыдыйад"

Предмет: Начальные классы
Категория материала: Тесты
Автор:

Тест.

1. Пунктуацион рæдыд уагьд æрцыд хъуыдыйады. Ссарут æй.

1.      Арс мыдæй куы бафсæст, уæд ын маст ад скодта.

2.      Судзин кæдæм цæуы, æндах дæр уырдæм цæуы.

3.      Нозт кæуыл нæ фæтых, уыдзæн ахæм адæймаг нæй.

4.        Кæстæр хистæры кæм нал зона, уым цард нæй.

2. Лæвæрд хъуыдыйады цал къæдзыджы æмбæлы сæвæрын.                                                                                      Хистæр кадджын кæм у, кæстæр - æгьдаудæттæг, уым ирон фарнæн сæфæн нæй, уымæн æмæ нæ фыдæлтæ сæ фарн семæ нæ ахастой, махæн æй ныууагьтой кæрæдзийы фылдæр уарзынæн.

1)            3

2)            6

3)            5

4)            4

3.  Бацамонут уæлæмхæст хъуыдыйады хуыз.

          Адæмы зæрдæмæ цы нæ цæуы, уый ма кæн.

1)      ныхмæвæрды

2)      афоны

3)      æмбарынгæнæн

4)      бæрæггæнæны                                                                                                             4.Бацамонут ацы хъуыдыйады схемæ.                                                                                                                           Алы адæймаг дæр цæры, йе 'фсарм æмæ йын йæ намыс куыд амонынц, афтæ.

[ …, (.. куыд..), афтæ]

5. Цавæр бæттæг æмæ æмбарынгæнинаг дзырд цухгонд æрцыдысты

хъуыдыйады.

Æхсæв æмæ бон кæрæдзийæ куыд хицæн кодтой, афтæ цæхæрадонмæ арбатахтысты æртæ маргъы.

1)      Чи, уæддæр.

2)      Цы, уыцы.

3)      Куыд, афтæ.

4)      Кæмæн, уымæн.

6.      Бацамонут сæйраг æмæ уæлæмхæст хъуыдыйæдтæ

1.Хистæрмæ цы кæстæр нæ хъусы, уый йæхицæн фыдбылыз у.

2.Мæнмæ афтæ кæсы, цыма бæстыл мæ мады хуызæн никæмæн ис

3.Бæрæг уыд, рухс хъæуæй кæй цæуы, уый.

4.Чи цас фены, уыйас зоны.

 

                7.  Схемæтæм гæсгæ æрхъуыды кæнут хъуыдыйадтæ.

                1-аг вариант:    [   ], (   ).

               2- аг вариант    [   ,(    ),   ].

 

7.      Равзарут хъуыдыйæд синтаксисон æгъдаусæ гæсгæ. Саразут йын схемæ.

 

Æхсæв æмæ бон кæрæдзийæ куыд хицæн кодтой, афтæ цæхæрадонмæ æрбатахтысты æртæ маргъы.

8. Сæвæрут тексты æрхæцæн нысæнттæ.

Хистæры фарн.

Ирон адæммæ хистæрæн лæггад кæнын, буц æй дарын, йæ бардзырдтæ йын æххæст кæнын, хъахъхъæнын æй алы ирон адæимагæн дæр йæ хæс у, уымæн æмæ хистæры ном хæссын кадджын у.                                                                            

Адæймаг хистæры ном йæ зонд, йæ куырыхондзинад, йæ фæлтæрддзинад æмæ уæздандзинады руаджы райсы, уымæ гæсгæ хистæрæн йæ алы фезмæлд дæр, архайд дæр хъуамæ фаззминаг уой.

          Хистæры уынаффæ кæстазрæн царды фæндагамонæг у, уымæн æмæ ахсджиагдæр хъуыддагыл нымайы кæстæртæм æрыхъусын, зæрдæхæларæй бауайдзæф кæнын, сæ рæдыд бацамонын.

         Хистæр кадджын цы хаздзары, цы мыггаджы, цы сыхы нæу, уым æгьдау æмæ фæтк нæй.

 

 

Тип материала: Документ Microsoft Word (docx)
Размер: 16.46 Kb
Количество скачиваний: 6
Просмотров: 89

Похожие материалы