Воспитательное мероприятие ,посвященное К.Л.Хетагурову

Предмет: Классному руководителю
Категория материала: Конспекты
Автор:

Сценарий бацæттæ кодта:

Нæкуысаты Фатимæ

Дзæуджыхъæу, 2013 аз

1-аг амонæг. «Рагон нæртон лæгау зарын куы зонин

Арвмæ куы хъуысид мæ фандыры хъазт,

Дунейы се ппæт махимæ æрхонин,

Радзурин уыдонæн зæрдæйы маст.»

.

2-аг амонæг Къоста!Нæхи Къоста!Ирон адæмы цæугæ хох æмæ лæугæ мæсыг. Куыд æхсызгон у дæ ном дзурын, никуы ферох уыдзæн дæ ном канд ирон адæмæй нæ ,фæлæ ма иннæ адæмы хаттытай дæр.Къоста у Ирыстоны ном æмæ кад.Уый цæры йæ адæмы зæрдæты æмæ хъуыдыты,ахæм адæймагæн нæй мæлæт.Къостайы райгуырæн бон -15 октябрь –Ирыстонæн сси кадджын бæрæгбон.Абон нæ чысыл сабитæ бацæттæ кодтой равдыст æмæ сæм ныртæккæ мах байхъусдзыстæм.

1-аг амонæг. Раздæр ма уал базонæм ,цымæ сывæллæттæй исчи зоны кæд æмæ кæм райгуырдис Къоста? (дзуапп)

2-аг амонæг Цы хуындис йæ фыд? Цы хуындис йæ мад?

1-аг амонæг. Чи райста йахима хъомыл канынма Къостайы ама йам цавар цастай каст? (Дзуапп)

2-аг амонæг Сывæллæттæ ,сымах хорз зонут Къостайы царды хабæрттæ,æваццæгæн ,кæм ахуыр кодта уый дæр зонут?

1-аг амонæг Загъут ма уæда, цы хуыйны Къостайы æмдзæвгæты æмбырдгонд? (дзуапп)

2-аг амонæг

Тынг хорз дзуæппыта дæттут сымах . Ныртæккæ та мах сбæрæг кæндзыстæм куыд хорз ын зонут йæ æмдзæвгæтæ. Ахъуыды ма кæнут æмæ зæгъут цавæр æмдзæвгæйы Къоста фæрсы

- "цæй раджы фестыс?»

-Къонайыл та æд кæрц чи фæхуыссы?

-кæй лаппу ахуыр кæны «абетæ» Къостайы æмдзæвгæйы?

-цавæр æмдзæвгæйы загъы Къоста «алы куыстæн рад?»

-Ахъуыды ма кæнут æмæ зæгъут цавæр маргъы Къоста схуыдта «æнгуырдар»?

Тип материала: Документ Microsoft Word (doc)
Размер: 43 Kb
Количество скачиваний: 4
Просмотров: 65

Похожие материалы