Иры номдзыд богал "Хъазыбеджы хох".
Предмет: | Русский язык и литература |
---|---|
Категория материала: | Конспекты |
Автор: |
Kozaeva Albina Batrovna
|
Нысан. Ирыстоны хъæбатыр богал Хъаныхъуаты Болаимæ базонгæ кæнын сывæллæтты.
Цавæр адæймаг уыдис.
Куыд бирæ йæ уарзтой иууылдæр.
Бакусын вазыгджын дзырдтыл æмæ ныхасы рæзтыл.
Урочы цыд.
I.Организацион хай.
II.Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.
1.Ног дзырдтæ.
2.Фæлтæрæн №6 (тетрæдты баххæст кæнын)
III. Ног æрмæг.
Фонетикон зарядкæ.
Мыртæ раст дзурын:
Хъ – хъæ, хъæбыс, хъæбысæй хæцын, хъæбысæйхæцджытæ
ХЪА - хъахъхъæнын, хи хъахъхъæнын, Хъаныхъуатæ хъару, хъаруджын;
Дж – тыхджын, тыхджындæр, æппæтæй тыхджындæр;
Уæлахиз – уæлахизуæвæг,
Уæвын – суæвын
1-аг текст
Текст бакæсут. Рафыссут, Болайы тыххæй радзурынæн уын æххуыс чи фæуыдзæн, уыцы æнцойгæнæн дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ.
Хъаныхъуаты Бола.
Хъаныхъуаты Бола уыд хъæбысæйхæцæг. Хъæбысæй хæцыд цирчы. Йæ рæстæджы Болайы ничи æмæ никуы амбылдта. Уый фæуæлахиз дунейы тыхджындæр богæлттыл.
Болайыл æвæрдтой алыхуызон нæмттæ: «ирон уæйыг», «Хъазыбеджы хох», «адæймаг-хох» æмæ æндæртæ.
Бола канд диссаджы тыхджын адæймаг нæ уыд, фæлæ ма уыд æнæхин æмæ хæларзæрдæ дæр. Уый тыххæй йæ ирон адæм тынг бирæ уарзтой.
- Цавæр вазыгджын дзырдтæ ис тексты? Бацамонут сын сæ дзырдарæзт.
2-аг текст
Текст бакæсут. Йæ рæдыд ын сраст кæнут. Ссарут дзы таурæгъон тексты миниуджытæ.
Уæдмæ лæгты размæ Бола дæр бахæццæ. Уый иунæгæй бацыд дурмæ, йæ уæхск æм фæбыцæу кодта. Дур базмæлыд, фæбырыд йæ бынатæй. Уалынмæ æрхы йæ гыбар-гыбур ссыд.
Иу бон Бола йе ’мбæлттимæ цыдис Тбилисмæ ерыстæм. Фæндæгтæм ракалдис бирæ дуртæ, æмæ дарддæр цæуæн нал уыдис. Цалдæр лæджы мæцъисæй архайдтой фæндагæй иу стыр дур аиуварс кæныныл. Фæлæ дур йæ бынатæй не змæлыд.
IV. Аулæфт.
Радзурын сывæллæттæн Паддубный Иваны æмæ Андиаты Сосланы сгуыхтыты тыххæй.
V.Æрмæг ныффидар кæнын
1). Цы зонут Хъаныхъуаты Болайы тыххæй?
2). Цавæр миниуджытæй хайджын уыд Бола?
3). Рафыссут бæрæггонд дзырдтæ. Цавæр у сæ нысаниуæг тексты?
Синонимтæ сæм ссарут.
VI. Хæдзармæ куыст.
Тексты ног дзырдтæ сахуыр кæнын.
Ратæлмац кæнын тетрæдты дыууæ тексты дæр .иу текст зонын дзурын хи ныхæстæй.
Тип материала: | Документ Microsoft Word (doc) |
---|---|
Размер: | 76.5 Kb |
Количество скачиваний: | 34 |