Коцойты Арсен " Дадолты мæт"
Предмет: | Русский язык и литература |
---|---|
Категория материала: | Конспекты |
Автор: |
Kozaeva Albina Batrovna
|
Темæ. Коцойты Арсен " Дадолты мæт"
Нысан. 1.Коцойты Арсены царды хабæрттæй цыбыр зонинæгтæ, цымыдисаг цаутæ.
2.Æрдзурын радзырды мидисыл, зианхæссæг æгъдæуттæн цы æппæрццæг фæстиуджытæ уыд ирон адæмы царды, ууыл.
3.Дæснытыл æууæндын-фæстæзонд зондахаст.
Урочы цыд. I. Организацион хай.
II.Хæдзармæ куыст бафæрсын.
1. Куыд æвдыст цæуынц зымæгон нывтæ радзырд "Цард"-ы æмæ сын цы нысаниуæг ис?
2. Фысгæ куыстытæм байхъусын æмæ сын аргъ скæнын.
3. Куыд æрвыстой хъæздгуытæ сæ рæстæг?
4. Цæмæн сын афтæ бæстон æвдисы сæ цард автор?
5. Цавæр ахаст равдыста фыссæг йæ персонажтæм? Цæмæй йæ бамбæрстат?
6. Цы у уацмысы сæйраг хъуыды?
III.Ног æрмæг.
1.Ахуыргæнæджы раныхас.
Коцойты Арсены цардвæндаг
Коцойты Бибойы фырт Арсен (Габоци), зындгонд ирон фыссæг. Райгуырдис 1872-æм азы 16 январы Джызæлы, амардис Дзæуджыхъæуы 1944-æм азы 4 февралы.
Коцойты Арсен нымад у ирон аив прозæйы бындурæвæрджытæй иуыл.
Фараст азы йыл куы цыди, уæд æй радтой хъæуы райдайæн скъоламæ. Ам разынд хорз чиныгдон, æмæ лæппу фæцалх ис чингуытæ кæсыныл. Скъола каст куы фæци, уæд бацыдис Æрыдоны семинармæ, ам тынгдæр айста йæ зæрдæмæ литературæ, уæлдайдæр Къостайы зарджытæ. Баззад ахæм хабар дæр: фараст æмбалимæ иуахæмы Арсен фистæгæй фæцыд Дзæуджыхъæумæ Къостайы уынынмæ.
Йæ æнæниздзинад хорз кæй нæ уыд, уый аххосæй каст нæ фæци семинар. Сыздæхтис Джызæлмæ æмæ бавдæлдис фыссынмæ. Ардыгæй æрвыста алыхуызон уацхъуыдтæ газеттæ "Терские ведомости", "Казбек" æмæ æндæртæм. 1895 азæй фæстæмæ йын зынын байдыдтой мыхуыры.
Дыууиссæдз азæй фылдæр Арсены уацмыстæ мыхуыр цыдысты алыхуызон газеттæ æмæ журналты Тбилисы (Калачы), Бетъырбухы, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, стæй æндæр рæтты дæр, уыимæ арæх зындысты фæсномыгæй (зындгонд сты Арсены фæсномыгтæ: Арсен Дарьяльский, Хабос, Иунæг, Габойты Габо, Ар.).
1910-æм азы уалдзæг Арсен ирон æвзагыл Тбилисы уагъта алкъуырион журнал "Æфсир", кæцы сси дыккаг ирон журнал. Кæд уымæй рацыд æрмæст 14 номыры[1], уæддæр ацы журнал стыр ахъаз баци ирон литературæйы рæзтæн. "Æфсиры" фыццаг хатт фæзындысты Арсены радзырдтæ ирон æвзагыл.
"Æфсир" æхгæд куы æрцыдис, уæд Арсен абалц кодта Бетъырбухмæ. Куыста дзы Ленины газет "Правда"-йы корректорæй (ома уырыссагæвзаг афтæ хорз зыдта).
"Арсен уыд царды трагизмы нывгæнæг. Йæ радзырдтæн куыд се ’рмæг, афтæ сæ сюжетон арæзт æмæ сæ архайджыты хъысмæттæ дæр нывæзт цæуынц трагедийы ахорæнтæй", — фыста Коцойы фырты уацмысты тыххæй ДжыккайтыШамил. Йæ цалдæр радзырдты фыссы туг исыныæгъдауыл: цал æмæ цал фыдæбæттæ хаста уый ирон адæмæн. "Нæ фыдбылызты фыддæр", — афтæ схуыдта Арсен ирæды ("Æфсир", N4). Ирæд исыны халæн мидис фыссæг æвдыста публицистон уацты, карикатурæты, аив радзырдты. Ирæд æмæ йæ фæстиуджытæ цæмæ кодтой, уый нывæфтыдæй уынæм "Афтæ дæр вæййы", зæгъгæ, уыцы радзырды.
Кæд йæ радзырдты тыххæй сси номдзыд, уæддæр фыста æндæр литературон къабазты дæр. Ныффыста иу уацау ("Джанаспи"), иу роман ("Кæфхъуындар", æххæстæй мыхуыргонд никуы æрцыд) æмæ цалдæр пьесæйы.
Арсены æхсæнадон - рухсадон æмæ сфæлдыстадон куыстæн стыр аргъ скодта Советон хицауад: фыссæг 1939 азы хорзæхджын æрцыд орден "Кадынысанæй". Йæ ном хæссынц Дзæуджыхъæу æмæ Беслæны уынгтæ.
Коцойты Арсены уацмыстæ мыхуырæй цыдысты ирон газет æмæ журналты, стæй мæнæ уыцы хицæн чингуытæй:
Радзырдтæ. Цхинвал, 1924;
Радзырдтæ. Мæскуы, 1927.
Радзырдтæ. Цхинвал, 1929;
Радзырдты æмбырдгонд. 1-аг чиныг, Орджоникидзе, 1934.
"Фыдбылыз", "Цæукъа æмæ фыркъа", "Ханиффæйы мæлæт", "Джанаспи". Орджоникидзе, 1940.
Уацмыстæ, фыццаг том. Дзæуджыхъæу, 1949.
Уацмыстæ. Орджоникидзе, 1971.
1971-æм азы рауагъд нымад у Арсены тæккæ æххæст радзырдты æмбырдгондыл
2.Радзырд"Дадолты мæт"-ы Сымси æмæ йæ бинонты тыххæй кæм цæуы дзырд, уыцы скъуыддзаг.
Æрдзурын скъуыддзаджы мидисыл.
7. Биганоны кæлæнты æрфыст.
8. Бакæсын радзырд кæронмæ.
9. Сылгоймæгты сурæттыл æрлæууын.
IV. Аулæфт.
Цардæй ист æмбисæндтыл бакусын.
V. Æрмæг ныффидар кæнын.
1.Арсены цард æмæ сфæлдыстадыл цыбыр афæлгæст.
2.Биганоны сурæт равзарын.
3. Дадолты бинонты талынгдзинад,сæ мæт.
VI .Хæдзармæ куыст. Сочинени ахæм темæтæм гæсгæ:
1. Биганоны сурæт радзырд "Дадолты мæт"-ы
2.Дадолты бинонты талынгдзинады æвдисæнтæ.(тетрæдты ныффыссын)
Тип материала: | Документ Microsoft Word (docx) |
---|---|
Размер: | 21.27 Kb |
Количество скачиваний: | 41 |