Исследовательская работа:" Георгий Малиев - вдохновенный поэт-романтик и великий мечтатель"

Предмет: Другое
Категория материала: Конспекты
Автор:

 Ахуырадон стандарттæ ирон æвзагæй.

  

 

Проектон методæй пайда кæныны ахадындзинад

    

     Скъоладзауты  зонындзинӕдтӕ ӕмӕ арӕхстдзинӕдтӕ, сӕ уды хъӕды миниуджытӕ раргом кӕнынӕн, ахуырдзау ӕмӕ ахуыргӕнӕджы иумӕйаг архайдӕн къухы бафтынӕн хорз ӕххуыс у иртасыны мадзал (проекты метод). Проекты метод, куыд ног педагогон технологи, стыр ахсджиаг у ахуырдзауты иртасӕн куыстыл фӕцалх кӕнынӕн.

           Нырыккон методикӕйы ахуырадон-сфӕлдыстадон проект нымад цӕуы раззагдӕр технологитӕй иуыл. Проекты сӕйраг нысан у ахуыргӕнӕджы ӕххуысӕй хи иртасӕн куыст бацӕттӕ кӕнын.

Проект арӕзт цӕуы 3 этапӕй: бацӕттӕгӕнӕн, технологон  ӕмӕ  кӕронбӕттӕн.

     Ахуырадон-сфӕлдыстадон   проектыл кусгӕйӕ, пайда кӕнӕн ис, куыд традицион методтӕй, афтӕ ног ахуырадон технологитӕй дӕр.

      Ацы методы фӕрцы раргом вӕййынц, куыд ахуырты  хӕрзхъӕддзинад, афтӕ хицӕн ахуырдзауты индивидуалон ӕууӕлтӕ дӕр: сӕ арӕхстдзинад, сӕ зонындзинӕдтӕӕмӕ фӕлтӕрддзинад. Проекты методӕй пайда кӕнгӕйӕ, бирӕ фӕхъӕздыгдӕр вӕййы скъоладзауты миддуне, бӕлвырд фӕпарахатдӕр вӕййы сӕ дунембарынад. Цыбыр дзырдӕй, проекты метод у удгоймаджы зонындзинӕдты рӕзты мадзал ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ кӕны ахуыры процесс.

 

 

             

  1 амонæг:      Мы начинаем первый  этап обсуждения своего интереснейшего историко – этнографического проекта  «Их именами названы улицы нашего города». Буквально не сговариваясь, единодушно мы выбрали улицу, названную в честь знаменитого, талантливого поэта и публициста Георгия Малиева.

 

     2 амонæг:      Эпиграфом к проекту мы выбрали слова Роберта  Рождественского:

                              Никто не забыт,

                             Ничто не забыто…

         Название проекта, над которым мы работаем, выбрано не случайно.

         Прежде, чем определиться с названием и тематикой проекта мы рассуждали, дискутировали и даже спорили.

        Планируя и обсуждая проект работы по восстановлению имен, незаслуженно забытых или не до конца изученных, с участниками проекта, мы решили узнать, почему некоторые улицы нашего города, столицы республики, получили новые имена.

        Улица «Северная»…название, которое ни к чему не обязывает, можно сказать обезличивает.

   3 амонæг:     Хорошо, что есть жители, которым не все равно, как называеся улица, на которой они живут, воспитывают детей и внуков.

           «Северная»… центр республики, столицы, зелёной и многоэтажной, звучит парадоксально.

             Хорошо, что есть в нашей республике люди, по-настоящему любящие свою родину, гордящиеся историей земли, на которой проживают, желающие восстановить справедливость и сохранить память о наших уникальных предках.

        4 амонæг:    Существует мудрейшее изречение: «Кто помнит, тот живет».

       Каждый человек по-настоящему богат знаниями, полученными от предыдущего поколения, уникальной, героической историей своей Родины, своего этноса. Это своеобразная копилка, в которой собраны редчайшие, эксклюзивные сокровища: сведения о нашем уникальном языке, о мудрых традициях и людях, украсивших и возвеличивших нашу историю и святую Осетию.

 

 

      5 амонæг:   Мы исследовали, что первое название улицы – Северная.

Образовалось во второй половине 19 века и впервые была отмечена как улица Северная на карте «Кавказского края», которая издавалось в 60-70 годы 19 века.

 6 амонæг:      Второе название – Улица Георгия Малиева. Значится в списке улиц г.Владикавказа с 1891 года. Документ о переименовании: решение Исполкома Орджоникидзевского Городского Совета народных депутатов № 127 от 15 апреля 1975 года улица Северная  была переименована  на  улицу Георгия Малиева.

7 амонæг:        Æхсар æмæ намысы поэт.

            Афтæ фæзæгъынц, йæ дзыллæйы рыстæй чи фæриссы, йæ адæмы сæрыл тохгæнгæйæ йæ уд дæр чи нæ февгъау  кæны,ахæм курдиатджын  поэтæн мæлæт нæй,зæгъгæ. Ис ын æрмæстдæр райгуырæн бон. Йæ адæмы уыцы иузæрдион хъæбултæй  иу уыд хъуыстгонд поэт,рухстауæг, демократ,

гуманист,æвзаджы стыр дæсны, зынгæ æхсæнадон  архайæг æмæ зынгзæрдæ патриот Малиты Геуæрги.

 

      8 амонæг:         Ирыстоны дзыллæтæ ацы бонты зæрдиагæй бæрæг кæнынц сæ уарзондæр поэттæй иу, Малиты Геуæргийы райгуырды 125 азы бон. Уымæн йæ зæгъинæгты къуыбылой кæд  кæронмæ райхæлыны фадат нæ фæцис,1937 азы йæ репрессийы æгъатыр зилгæ цалх йæ быны ацъист кодта æмæ  йæ кусынæй банцад йе'хсидгæ зæрдæ,уæддæр йæ фæстæ цы литературон æмæ поэтикон уацмыстæ ныууагъта, уыдон Иры дзыллæтæн систы зынаргъ хæзнатау æмæ сæ кæсынц стыр зæрдиагæй.

 

9 амонæг:     Малиты Геуæргийы адæм æнæкæрон уарзтæй  кæй уарзынц,ууыл дзурæг у уый дæр, æмæ йæ номыл Дзæуджыхъæуы æвæрд кæй æрцыд цыртдзæвæн,йæ номыл ис уынгтæ, кæм цард,уым,Горькийы уынджы йæ хæдзары къулыл æвæрд æрцыд мемориалон къæй. Йæ райгуырды 120 азы юбилеймæ та рацыд хицæн чиныг, «Малиты Геуæрги».

 

 1 амонæг:       Малиты Геуæрги кæд абон не’хсæн нал ис,уæддæр йæ кад,йæ ном,йæ бирæвæрсыг сфæлдыстадон уацмыстæ цæрынц немæ,йæ фыдæн цы нæ бантыст саразын нæ литературæйы,уыцы фарн дарддæр кæронмæ сæрыстырæй хæссы йæ фырт, Ирыстоны курдиатджындæр поэттæй иу,журнал»Ирæф»-ы сæйраг редактор Малиты Васо.

 

   2 амонæг:        Бæласæн та йæ фæстæ фидар талатæ куы ссæуы, уæд уымæн бахуыскъ кæнынæй тас нæу.

         Ирыстон амондджын у уымæй,æмæ Малиты Геуæргийы хуызæн стыр поэттæ йæ фæрнджын зæххыл кæй райгуырынц.

 

 

 

        3 амонæг:         Курдиатджын ирон поэт Малиты Гӕдойы фырт Георги у ӕрмӕст дыууӕ чиныджы автор. Йӕ фыццаг чиныг, уырыссагау фыст ӕмдзӕвгӕты ӕмбырдгонд «Горские мотивы», зӕгъгӕ, рацыдис мыхуыры 1924 азы, йӕ ирон ӕмдзӕвгӕты чиныг «Ирӕф» та—1935 азы. Уыдис ын периодикон мыхуыры ӕндӕр уацмыс-тӕ дӕр, стӕй канд ӕмдзӕвгӕтӕ нӕ, фӕлӕ радзырдтӕ дӕр, фӕлӕ уӕддӕр бирӕ не сты Георгийы литературон бынтӕ. Нӕ литературӕйы историйы уый баззад, фыццаджыдӕр, йӕ хӕдхуыз лирикӕйы руаджы. 

 

 

  4 амонæг:       Адӕмон поэзийы удыхъӕд тынг хатыд ӕмӕ ӕнкъардта Малиты Георги. Ӕмӕ йын уый фадат радта хохаг лӕджы психологи, уый уды уӕздандзинад ӕмӕ зӕрдӕйы сыгъдӕгдзинад романтикон уӕлвонг ахорӕнтӕй равдисын. 

Георги йӕ царды дӕр, йӕ поззийы дӕр хуымӕтӕг хохаг лӕг уыдис ӕмӕ йӕ адӕмы зӕрдӕхатты иуӕй-иу рӕсугьд миниуджытӕ ирдӕй равдыста йӕ зӕрдӕлвас лирикӕйы.

 

 5 амонæг:           Георги дзырдта, адæмы царды ахсджиаг цы уыд,ахæм хъуыддæгтыл, хорз зыдта адæмы зæрдæйы æууæлтæ,арф сын æмбæрста сæ бæллицтæ,сæ сагъæстæ;хорз арæхст уыдон æвдисынмæ; йæ ныхас уыд сыгъдæг æмæ бæлвырд,арæхстджынæй пайда кодта адæмон сфæлдыстадæй; йæ хъуыдытæ хæстæг уыдысты адæмы зондахастмæ; цы цард æмæ цаутæ æвдыста,уыдонмæ каст адæмы цæстæнгасæй; аргъ сын кодта адæмон гуманизм æмæ этикæйы барæнтæй.

 

         

         6 амонæг:       Георги æвдыста йæ дуджы хъæууон цард,касти йæм йæ заманы кæсæнтæй æмæ æвдыста, уыцы цардмæ хæстæгдæр цы аивад уыдис,уый поэтикон фæрæзтæй. Уый та уыд романтизмы аивад.

 

 

 

 7 амонæг:         Георги æрзæты хуымæтæг къæртт райсы йæ адæмæй,йæ бæрзонд курдиаты хъомысæй йæ цыкурайы фæрдыгау,тæмæнтæ скалын кæны æмæ йæ афтæмæй фæстæмæ йæ дзыллæйыл сæмбæлын кæны:»Дзандзирахъ», Темур- Алсахъ» …

       8 амонæг:   Йе'сфæлдыстадæн йæ тых уый мидæг ис, æмæ фидар æнцой кæнынц царды  фидар æмæ æнæфæцудгæ фæткыл – карз æнæфидаугæ тох Фарн æмæ Фыдохы 'хсæн.

             9 амонæг:    Лев Толстой амыдта,зæгъгæ, «простота,краткость и ясность есть высшее совершенство формы искусства…» Уыцы миниуджытæй æххæст æмæ хайджын у Георгийы поэзи.

          1 амонæг:        Поэты æмдзæвгæты фæлыст æмæ музыкалон зæлынад сæ фыццаг фæзындæй бафиппайдта куырыхон литератор Тыбылты Алыксандр. Йæ æмдзæвгæты зæлынад æмбисондæн хаста Абайты Васо дæр.

 

2 амонæг:      Вот как отзывался о творчестве Георгия  Малиева известный иранист и осетиновед В. И. Абаев:

          «…Вслушайтесь в эти стихи. Раньше, чем доходит до сознания их смысл, они уже покоряют своим чарующим ритмом и звучанием. Когда читаешь такие стихи, невольно приходят на память слова Белинского, сказанные им о стихе Пушкина: „Что это за стих! Он нежен, сладостен, мягок, как рокот волны, тягуч и густ, как смола, ярок, как молния, прозрачен и чист, как кристалл…“

          3 амонæг:     До Малиева на дигорском языке писал выдающийся поэт Блашка Гурджибеков. Богатство его языка изумительно. Но музыку дигорского стиха он ещё не постиг. Немало стихов на дигорском языке написано и после Малиева. Многие из них отмечены несомненным талантом. Но и в них уже не слышится рокот волны. Нет в них и прозрачности кристалла. Видимо, эту тайну, тайну певучего дигорского стиха, Малиев унёс с собой в свою безвременную могилу…». 

4 амонæг:      Абайты Васо дарддæр дзырдта:

  Было лето 1928 года. Я совершал свою первую поездку в Дигорское ущелье. Конечным пунктом моего путешествия было селение Дзинага.Здесь я впервые втретился с Георгием Малиевым. Он работал учителем в сельской школе. Среднего роста,плотного сложения,широколицый,очень смуглый. Я застал его беседующим с сельчанами на Ныхасе. На голове у него была простая серая пастушеская войлачная шляпа. Обут он был в простые осетинские чувяки. Ничем по одежде не выделялся из толпы. Но в этой скромной оболочке простого горца-пастуха скрывался вдохновенный поэт-романтик и великий мечтатель. Он звал молодежь к свету и подвигу. Он писал: (æмдзæвгæ кæсы иу ахуыргæнинаг)

ФЕДОГ

 

 Рохсмæ, фæсевæд, тундзетæ,

 Рохсмæ цæуетæ æнгом,

 Нифс, лæгдзийнадæ уарзетæ,

 Скæнтæ муггагмæ стур ном.

 Арвмæ мæсуг амайетæ,

 Хормæ скæнетæ фæндаг,

 Гъæйт, зæрдиуагæй уайетæ,

 Догъи ма уотæ фæстаг!

 Тари цæфсæд сæребарæ,

 Мегъи сорæд æ тунтæй,

 Цард мабал уæд гъезæмарæ,

 Зæнхæ райзол уæд рунтæй.

 Рохсмæ, фæсевæд, тундзетæ,

 Рохсмæ цæуетæ æнгом,

 Нифс, лæгдзийнадæ уарзетæ,

 Скæнтæ муггагмæ стур ном.

 

1919 аз.

 

( Уыдзæн ма)

 

 

Хъæцмæзты Мæдинæ,

42-æм  скъолайы ахуыргæнæг,

Солтанты Джульетæ,

 

проекты консультант.

Тип материала: Документ Microsoft Word (docx)
Размер: 30.04 Kb
Количество скачиваний: 6
Просмотров: 61

Похожие материалы