План открытого урока по осетинскому языку "Горная местность"(7 класс)

Предмет: Другое
Категория материала: Рабочие программы
Автор:

Æрсыты Заремœ,

Дзауджыхъœуы 27-œм скъолайы ахуыргœнœг

Ирон œвзаджы урок 7-œм къласы

Урочы темœ: Хœххон бœстœ (рацыд œрмœг фœлхат кœныны

урок)

Ныхасы темœ: Сœрмагонд номдартœ

Урочы нысантœ:

1.Проблемон уавœрты фœрцы ахуырдзауты ног œрмœг хибарœй базонынмœ бацœттœ кœнын.

2.Диалогон ныхасы рœзтыл бакусын œмœ сœрмагонд номдартœй пайда кнын.

3.Райгуырœн бœстœмœ уарзондзинад гуырын кœнын.

Цœстуынгœ œрмœг: компьютер, диск 1-2 фœлтœрœнтимœ, презентаци, итерактивон фœйнœг, ахуыргœнœн чингуытœ.,

Урочы цыд:

I.Бацœттœгœнœн рœстœг

Ахуыргœнœджы разныхас (мотивацион уавœр).

-Уœ бон хорз, сывœллœттœ!

-Æгас цу!

Ахуыргœнœг: Нœ уазджытœ, сымах дœр алы бон œгас цœут! Уœ хорзœхœй, нœ уазджытœн дœр салам раттœм!

-Бузныг, œрбадут.

Ахуыргœнœг: Сывœллœттœ, знон къласы компьютер куы байгом кодтон ,уœд федтон ахœм œмдзœвгœйы рœнхъытœ! Сымах дœр ма сœ бакœсут.

1-аг слайд

Ахуыргœнœг: БалатыТемболы

ныхœсты фœстœ мœ тынг œрфœндыди хœхтœм абалц кœнын, фœлœ мын фадат нœ фœци. Сфœнд кодтон интернетœй спайда кœнын œмœ фœхœст дœн мœнœ ацы диссаджы клипыл. Фœнды уœ йœ фенын?

-Фœнды.

Ахуыргœнœг: Уœдœ- ма œрбакœсут фœйнœгмœ.

2-аг слайд. (Кœсынц клипмœ)

Ахуыргœнœг: Уœ зœрдœмœ фœцыд? Цы федтат клипы?

(Клипы мах федтам рœсугъд œрдз,хœхтœ,цœугœдœттœ)

Ахуыргœнœг: Ацы музыкалон клипы фœстœ œз бамбœрстон ;мах хуымœтœг зœххыл кœй нœ цœрœм, уый у Хуыцауы зœхх. Тынг зынаргъ у ацы бœстœ, ацы зœхх алы ирон адœймагœн дœр. Куыд зынаргъ у сымахœн,уый та мах сбœрœг кœндзыстœм уœ хœдзармœ куыст куыд баххœст кодтат . Хœдзармœ дœр уын лœвœрд уыди проектон куыст. Табуафси, байхъусœм проектон

куыст чи цœттœ кодта ,уыдонмœ. Чи рауайдзœнис фœйнœгмœ?

3-аг слайд. (Скъоладзаутœ бацœттœ кодтой презентацитœ œмœ нывтœ. Сœ куыстыты равдыстой Кавказы хœхтœ)

Ахуыргœнœг: Тынг хорз бакуыстат. Бузныг, уын. Сбадут уœ бынœтты.

Ахуыргœнœг: Савœллœттœ , куыд уœм кœсы цœуыл дзурдзыстœм абон нœ урочы?

(Абон нœ урочы дзурдзыстœм хœххон бœстœйыл)

Ахуыргœнœг: Абоны урок хуымœтœджы урок нœу. Куыд бамбœрстат, афтœмœй баст у œрдзы рœсугъддзинадимœ. Уœ хорзœхœй, ныффыссут абоны нымœц œмœ темœ.

Тъœнджы мœйы 27-œм бон.

Хœххон бœстœ.

(Сœрмагонд номдартœ).

II.Фонетикон минут.

Ахуыргœнœг: Раст абадут, уœ ручкœтœ œрœвœрут œмœ фœлхат кœнœм Кавказаг дамгъœты зœлынад. Байхъусут дискмœ ,уœ хъус œрдарут нымœцонты растдзурынадмœ. (Фœлтœрœн 1)

Хъаспы денджыз, Адыгъей, Хъœрœсе-Черкес, Кœсœг-Балхъар, Мœхъœл, Цœцœн, Хъалмыхъы Республикœ, Хъазыбеджы хох, Хъубаны дон.

5033 (фондз мины œртын œртœ метры)

5642(фондз мины œхсœз цыппор дыууœ метры).

Сывœллœттœ фœлхат кœнынц дзырдтœ ,уый фœстœ та дыууœ дзырдима аразынц хъуыдыйœдтœ.

1.Æз уарзын ленк кœнын Хъаспы денджызы.

2. Хъазыбеджы хох у тынг бœрзонд).

Ахуыргœнœг: Хорз,сывœллœттœ .

III.Лексикон зарядкœ.

Ахуыргœнœг:Цœмœй нœ бон уа балцы ацœуын Каваказмœ,уый тыххœй лексикœйœ спайда кœнœм. Ай размœ урочы цы дзырдтœ базыдтам ,уыдон ма зœрдыл œрлœууын кœнœм. Æрбакœсут фœйнœгмœ œмœ зœгъут цы уынут нывты?

4-агслайд. (Сывœллœттœ нывтœм гœсгœ дзурынц дзырдтœ)

Восток-хурыскœсœн

Запад-хурныгуылœн

Два домика- сыхагиуœг кœнын

Серна-сычъи

Пена-фынкалгœ

Водопад-œхсœрдзœн

Руда-œрзœт

Каменный уголь-дурœвзалы

Ахуыргœнœг: Раст. Хорз бахъуыды кодтат дзырдтœ.

IV.Аудировани

Ахуыргœнœг:Текстœн йœ I-хаймœ байхъусут œмœ зœгъут ,цы базыдтат ацы хœххон бœстœйы тыххœй?

(Скъоладзауты дзуœппытœ)

-Кавказ у рагон хœххон бœстœ.

-Уый дих кœны дыууœ стыр хайыл: Цœгат Кавказ œмœ Фœскавказыл.

-Цœгат Кавказы республикœтœ сты:Цœгат Ирыстон -Алани,Адыгъей, Хъœрœсе-Черкес, Кœсœг-Балхъар, Мœхъœл, Цœцœн œмœ Дагестан.

Фœскавказы та ис цалдœр паддзахады: Азербайджан, Гуырдзыстон, œмœ Сомихы бœстœ, Хуссар Ирыстон œмœ Абхаз.

-Цœгатœрдыгœй Кавказимœ сыхагиуœг кœнынц Ростовы область, Краснодар œмœ Стъараполы крайтœ, Хъалмыхъы Респудликœ.

Ахуыргœнœг: Сывллœттœ,уœдœ нœ зœрдыл œрлууын кœнœм рацыд œрмœг.

1)Цы у номдар?

(Номдар хуыйны,предметтæ цы ныхасы хай фæбæрæг кæны,уый. Домы фæрстытæ чи? цы?

2)Куыд ивы номдар?

(Номдар ивы хауæнтæ æмæ нымæцтæм гæсгæ)

(Ис ын аст хауæны æмæ дыууæ нымæцы: иууон æмæ бирæон)

3)Цы сты иумæйаг æмæ сæрмагонд номдартæ?

(Иумæйаг номдартæ сты бирæ иумæйаг предметы нæмттæ: хох,æхсæрдзæн, цæугæдон.

(Сæрмагонд номдартæ сты,хицæн предметтыл се יмыггаг предметтæй сæ хицæн кæныны тыххæй цы нæмттæ ис, уыдон.

(Сæрмагонд номдартæ фыссын хъæуы стыр дамгъæйæ. Зæгъæм: лæппу Зауыр ; журнал «Ногдзау»; горæт Дзæуджыхъæу; цæугæдон Терк.

V.Текстимœ куыст.

Къордгай куыст.

Ахуыргœнœг: Чиныгимœ куыст. Бакœсут текстœн йœ II-хай.

Хœслœвœрд:

I-къорд тексты фыццаг хайœ рафыссут сœрмагонд номдартœ œмœ фœйнœ номдаримœ саразут хъуыдыйад.

II-къорд та дыккаг хайœ.

(I къорды куыст

Хъаспы денджыз, Сау денджыз, Цœгат Кавказ, Фœскавказ, Уœрœсе

Цœгат Ирыстон-Алани, Адыгъей, Хъœрœсе-Черкес, Кœсœг –Балхъар, Мœхъœл, Цœцœн, Дагестан, Азербайджан, Гуырдзыстон, Сомихы бœстœ, Хуссар Ирыстон, Абхаз.)

(II къорды куыст

Ростовы область, Краснодар, Стъарапол, Хъалмыхъы Республикœ, Разкавказ, Кавказ, Хъазыбеджы хох, Эльбрусы хох, Терк, Леуахи, Арагъун, Хъубан, Азербайджан, Цœцœн.)

VI.Хибарœй куыст.

Ахуыргœнœг: (Фœлœтœрœн 4).Сбœрœг кœнут, куыд бамбœрстат экскурсийы разамонœджы ныхœстœ, дзырдтœ œмœ дзырдбœстытœн ссарут сœ хœйттœ. Чингуыты сœ фœбœрœг кœнут кърандасœй . Интерактивон фœйнœгыл кусы иу скъоладзау.

5-œм слайд.

Ахуыргœнœг: Раст баххœст кодтат ацы фœлтœрœн. Кусœм дарддœр , текстœн пълан саразут.

(Сывœллœтты дзуаппытœ)

Пълан

1.Кавказ у рагон бœстœ.

2.Дих кœны дыууœ стыр хайыл: Цœгат Кавказ œмœ Фœскавказыл.

3.Хъуыстгонд у диссаджы бœрзонд хœхтœй œмœ цœуœгœдœттœй.

4.Кавказ хъœздыг у алыхуызон хœзнатœй.

Ахуыргœнœг: Иу чысыл нœ фœллад суадзœм. (Релаксаци)

Базон-базон, уый та циу?

Зымœг-урс,

Уалдзœг-сау,

Сœрд-цъœх,

Фœззœг та-карст. (Быдыр)

У œгœрон, донœй дзаг,

Наутœ дзы фœцœуы.

Бирœ хœзнатœ йœм ис,

Тынг арф œмбœхст вœййынц. (Денджыз)

Бон дœр цœуы, œхсœв дœр;

Быдыры дœр, хохы дœр,

Æппын йœ цыдœй не ’ нцайы. (Дон)

VIII.Диалогон ныхасы рœзтыл куыст.

Ахуыргœнœг: (Фœлтœрœн 3). Раттут уœ фœрстытœ экскурсийы разамонœгмœ. Чи рауайдзœнис фœйнœгмœ?

Экскурсииы разамонœг: Абон мах балцы уыдыстœм хœххон бœстœйы. Кœмœ цы фарстатœ ис?

- Кœм œрбынат кодта Кавказ?

Экскурсииы разамонœг: Кавказ æрбынат кодта Сау денджыз æмæ Хъаспы денджызы астæу.

Цавæр адæмы хæттытæ цæрынц Кавказы?

Экскурсийы разамонæг: Ам цæрынц ирæттæ,адыгъейœгтæ,сомихæгтæ, уырыссæгтæ, гуырдзиœгтæ, балхъайрæгтæ. Цыбыр ныхасæй , Кавказ у бирæнацион бæстæ.

-Дунейы мидæг цæмæй хъуыстгонд у Кавказ?

Экскурсийы разамонæг: Уый хъуыстгонд у йæ рæсугъд æрдзæй, хæхтæй æмæ цæугæдæттæй .

-Цæмæй хъæздыг сты Кавказы зæххытæ?

Экскурсийы разамонæг: Азербайджан æмæ Цæцæны зæххытæ хъæздыг сты нефть æмæ газæй. Ирыстоны хæхтæ та æрзæт æмæ цинкæй.

-Бузныг.

-Табуафси.

IX.Хъомыладон куыст

Ахуыргæнæг: Куыд бамбæрстам, афтæмæй Кавказ у бирæнацион бæстæ. Мах хъуамæ цæрæм хæларæй, кæрæдзи уарзгæйæ, кæрæдзийæн кад кæнгæйæ. Ирон адœммœ ис ахæм æмбисонд:« Адœмы тых сœ иудзинады ис». Стæй ма нæ Хуыцау цы æрдзон хæзнатæй фæхай кодта ,уыдонæй арæхстгай пайда кæнын хъæуы.

Уарзут æмæ хъахъхъæнут уæ Райгуырæн бæстæ!

X.Урочы хатдзæгтæ.

1. Ахуыргæнæг: Цавæр темæйыл дзырдтам?

(Хæххон бæстæ)

-Нæ грамматикон темæ та цавæр уыд?

(Сæрмагонд номдартæ)

-Цымæ, цы бадардзыстут уæ зæрдыл нæ диссаджы балцæй?

(Абоны онг æй мах нæ зыдтам, ахæм диссаджы ран кæй цæрæм,уый?)

(Ноджы хуыздæр ма нæ фæнды базонын нæ хæххон бæстæ.).

2.Рефлекси.

Ахуыргæнæг : Уæ куыстæн уæхæдæг аргъ скæнут. Уый тыххæй та хъæуы мæнæ ацы таблицæ баххæст кæнын:

Баххæст кæн хъæугæ дзуапп.

1.На уроке я работал

Урочы æз архайдтон

Активно,пассивно

Активон,пассивон

2.Своей работой на уроке я

Мæ куыстæй урочы æз дæн

Доволен,не доволен

Разы, нæ дæн разы

3.Урок для меня показался

Урок мæм фæкаст

Коротким,длинным

Цыбыр ,даргъ

4.За урок я

Тип материала: Документ Microsoft Word (docx)
Размер: 2.42 Mb
Количество скачиваний: 45
Просмотров: 147

Похожие материалы