Урок – викторинæ: Аргъæутты дунейы

Предмет: Другое
Категория материала: Видеоуроки
Автор:

Темæ: Аргъæутты дунейы

                       (урок – викторинæ)

 

Урочы хæстæ:

                         

1)    Ахуырдзаутæ цы аргъæуттæ рацыдысты, уыдоныл афæлгæсын;

    зæрдыл æрлæууын кæнын аргъæутты   мидис, сæйраг хъуыды.

2)    Сывæллæтты ахуыр кæнын хъуыдытæ раст дзурын, хатдзæгтæ   

                  кæнын, аргъæутты персонажтæн характеристикæ дæттын;

 3) Сабиты зæрдæты гуырын кæнын хæлардзинад, лæгдзинад,

хъæбатырдзинад æмæ уарзондзинады æнкъарæнтæ; скъоладзаутæм рæзын кæнын   аргъæуттæ  кæсынмæ тырнындзинад.

 

Урочы æрмæг: ахуырдзауты конд иллюстрацитæ алыхуызон аргæуттæм, чингуыты равдыст, тухгæ   чингуытæ, фонохрестоматитæ, разæнгардгæнæн стъалытæ, рагон ирон музыкæ, лæвæрттæ.

 

Эпиграф урокмæ:         « Цæй диссаг сты ацы аргъæуттæ, цæй!»

                                                                                               А.С. Пушкин

 

                                      Урочы цыд.

 

I.               Бацæттæгæнæн рæстæг.

( Ахуыргæнæг зæгъы, абоны урочы куыст цы хуызы цæудзæн, сывæллæтты размæ цы хæстæ æвæрд ис, викторинæйы домæнтимæ сæ зонгæ кæны. 2 командæйы ахуырдзаутæ сæ бынæтты сбадынц, æвзарынц раздзогтæ).

                 ( Хъуысы рагон  ирон музыкæ.)

 

II.            Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын.

1.                             Ахуыргæнæджы цыбыр разныхас рацыд æрмæджы тыххæй,  адæмон æмæ литературон аргъæутты  хицæндзинæдты тыххæй.

III.         Ног æрмæгыл куыст.

 

 1. Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, нæ викторинæ конд у цæлхдуртæй. Цæмæй урочы кæрон лæвар уæ къухы бафта, уый тыххæй уæ хъæуы тынг зæрдиагæй æмæ лæмбынæгæй бакусын. Хъуамæ цæлхдурты сæрты ахизат, ома сæ раст сæххæст кæнат.

 

2. Викторинæ.

                   1-аг цæлхдур – фæрстытæн дзуапп раттын.

1)    Цавæр аргъæуттæ зонут? (Адæмон æмæ литературон)

2)    Цæмæй хицæн кæнæм адæмон аргъау литературон аргъауæй?

3)    Цавæр уацмыс хонæм аргъау? Йæ миниуджытæ?

4)    Цæуыл нæ ахуыр кæнынц аргъæуттæ?

5)    Цавæр адæмон аргъæуттæ базыдтам? ( «Фаззæттæ», «Диссаджы рон»,

     «Раст лæг æмæ Зылын лæг».)

6)    Цавæр литературон аргъæуттимæ базонгæ стут? Чи сты сæ автортæ?

     ( «Лæскъдзæрæн» - Къоста, «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ   сыхаджы аргъау» - Нигер, «Гæмæт» - Дарчиты Дауыт.)

7)    Уырыссаг кæнæ фæсарæйнаг литературæйæ цавæр литературон      

       аргъæуттæ зонут? Чи сты сæ автортæ? (Пушкин «Сказка о рыбаке и

        рыбке», «О мёртвой царевне и о семи богатырях», Ш.Перро

        «Золушка»,  Андерсен «Снежная королева» æмæ æнд.)

 

(Æххæст æмæ раст дзуаппæн – сырх стъалы,  æнæххæст дзуаппæн – цъæх стъалы.)

 

       2-аг  цæлхдур – Байхъусын фонохрестоматимæ æмæ базонын, кæцæй стыскъуыдддзæгтæ?   Литературон аргъауæн базонын йæ авторы ном.

       ( байхъусын 2 скъуыддзагмæ.)

 

 

3-аг цæлхдур – Базонут, кæцæй ист сты ацы рæнхъытæ:

 

      1)« Цас ын баххуыс кодтаид уыцы къæбæр. Уайтагъд та сæххормаг.»

                              ( «Раст лæг æмæ Зылын лæг»)

 

 2) « Алырдæм дæр æй куы барай,

         Ай нæ хуыздæр хос:

         Кæд ды дзырд мæ дзырдмæ ссарай, -

         Дæу фæуæд мæ фос».

                              ( Къоста «Лæскъдзæрæн») 

 

3)  «Хъæдгæронæй бахызтысты æмæ иу тæрхъус сæ размæ фæци.»

                              ( «Фаззæттæ»)

 

4) « Фырцинæй цы ракодтаид,

       Уымæн ницыуал æмбæрста

       Зыд æмæ кæрæф лæг.»

                  ( Нигер «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау»)

 

5)  «Бирæ фæцыд,чысыл фæцыд, чи йæ зоны, фæлæ лæппу нал баурæдта йæхи,

       ракаст фæстæмæ, æмæ йæ развæндаг ахгæдта, йæ разы тархъæд фæци.»

                                     ( «Диссаджы рон»)

 

6) « Хурсыгъд бæстæм лæппу бафтыд,

       Доны былтæй иу хъæу разынд.»

                               (Дарчиты Д. «Гæмæт»)

 

 

4-æм  цæлхдур – Дзырдбыд.

 

      1) Кæфхъуындар цы чызджы хъуамæ бахордтаид, уый ном? (Аминæт)

      2) «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау» - ы автор? (Нигер)

      3) Цавæр аргъауы ис æппæты фылдæр сырдтæ? ( «Фаззæттæ»)

      4) Цы балæвар кодта фыййау Гæмæтæн? (Уадындз)

      5) Цавæр маргъы адзæбæх кодта мæгуыр лæг? (Зæрватыкк)

      6) Чи мардта удхарæй лæскъдзæрæджы? (Уæйыг)

      7) Гæмæты уарзон чызг цы хуынд? ( Зæлинæ)

      8) Цы æрзад, зæрватыкк цы мыггаг æрхаста, уымæй? (Нас)

      9) Мæгуыр лæгæн йæ цæстытæ цæмæй адзæбæх сты? (Мыд)

      10) Къулбадæг усыл чи фæуæлахиз зондæй? (Будзи)

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

5

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

10

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

3

 

2

 

 

 

 

 

 

 

 

 

9

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

1

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

6

 

 

 

8

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

4

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

7

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

( Дыууæ командæйы  дæр бæрæг рæстæгмæ аразынц дзырдбыд  хицæн гæххæттытыл. Цалынмæ уыдон кусынц, уæдмæ фарсхæцджытæм ис раттæн иу – цалдæр фарсты. Раст дзуапп чи радта, уый уæлдай стъалы бахæсдзæн  йæ командæйæн. Жюри лæмбынæг хъусынц дзуæппытæм.)

 

 Фæрстытæ:

         1. Цавæр кæрдзынтæ уыд Зылын лæгмæ? Раст лæгмæ та?

                                       ( Æнтыдджынтæ æмæ мыдамæстытæ)     

         2. Цæмæй базыдта Гæмæты мад, йæ фырт тæссаг ран кæй ис, уый?

                              ( Кæсæныл халас сбадти, æмæ уымæй.) 

    3.  Аргъау «Фаззæттæ» - йæн йæ автор чи у?

                        ( Нæй йын автор, адæмон аргъау у.) 

 

( Жюрийы уæнгтæ бæрæг кæнынц дзырдбыдтæ  æмæ командæтæн дæттынц хъæугæ стъалытæ.)

 

 

 

5-æм  цæлхдур – Базонут, кæцæй сты ацы иллюстрацитæ?

        

( Ахуыргæнæг æвдисы иллюстрацитæ, командæтæ радыгай хъуамæ

зæгъой, цавæр  аргъауæй сты, уый.)

 

6-æм  цæлхдур – « Мах – сымахæн, сымах – махæн»

 

( Командæтæ кæрæдзимæ фæйнæ иу фарст дæттынц. Гæнæн ис рагацау бацæттæ кæнын уыцы фарст.)

 

7-æм  цæлхдур – «Бамбарут нæ  æнæ ныхасæй».

 

( Алы командæ дæр, иу ныхас дæр ма скæнæд, афтæмæй хъуамæ равдиса

искæцы аргъауæй чысыл скъуыддзаг, цæмæй йæ иннæ командæ базона, цавæр аргъауæй у, уый. Рæстæг лæвæрд цæуы 2 – 3 минуты бæрц. Цалынмæ уыдон

кусынц,  уæдмæ та ис бафæрсæн фарсхæцджыты.)

 

      - Цал дамгъæйы ис ирон алфавиты? ( 43 дамгъæйы)

      - Чи радзурдзæн æмдзæвгæ иронау?

 

     ( Уæлдай стъалытæ та раттын командæтæн.)

 

(Бакæсын командæты  æгомыг сценкæтæм. Жюри сын аргъ кæны.)

 

IV.  Кæронбæттæн:

      1) Ныхасы бар жюрийы уæнгтæн.( Сæ хъуыдытæ абоны хъазты тыххæй,

          сывæллæттæ куыд куыстой, уый тыххæй. Стъалытæ банымайын æмæ

          хатдзæгтæ скæнын:  кæцы командæ фæуæлахиз, абоны хъазты чи уыди

          æппæты  рæвдздæр  æмæ зондджындæр.)

      2) Ахуыргæнæг дæр кæны хатдзæгтæ, арфæйы ныхæстæ зæгъы

       

Тип материала: Документ Microsoft Word (doc)
Размер: 1.71 Mb
Количество скачиваний: 14
Просмотров: 146

Похожие материалы