Цомахъ – поэты цард æмæ сфæлдыстад. Æмдзæвгæ"Фæндон"
Предмет: | Русский язык и литература |
---|---|
Категория материала: | Конспекты |
Автор: |
Kozaeva Albina Batrovna
|
Темæ: Цомахъ – поэты цард æмæ сфæлдыстад. Æмдзæвгæ"Фæндон"
Урочы нысан: 1.Дарддæр зонгæ кæнын скъоладзауты Цомахъы цард æмæ сфæлдыстадимæ.
2.Рæзын кæнын скъоладзаутæм уарзондзинад Райгуырæн бæстæмæ.
3.Ныхасы рæзтыл кусын.
Урочы цыд: I.Организацион хай.
II.Хæдзармæ куыст бафæрсын.
1. Фысгæ куыстытæ æрæмбырд кæнын, иу-дыууæ дзы бакæсын
2. Хи ныхæстæй радзурын уацмысы мидис, характеристикæ раттын уацмысы сæйраг архайджытæн.
3. Скъуыддзæгтæ бакæсын уацмысæй.
4. Уацмысмæ гæсгæ дзуаппытæ раттын фарстытæн.
III.Ног æрмæг.
Гæдиаты Цомахъы цард æмæ сфæлдыстад "Фæндон"
1. Ахуыргæнæджы раныхас.
ÒГæдиаты Секъайы фырт Цомахъ (райгуырд 1882 азы Хъуды комы,Дæллаг Ганисы) уыд литературон критик, революционер, æхсæнадон архайæг, поэт, драматург, прозаик, тæлмацгæнæг. Райдиан ахуырад райста Джызæлы. Уый фæстæ фондз азы дæргъы (1892-1897) ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы духовон училищæйы. Каст æй куы фæци, уæд ма ноджы æхсæз азы (1897-1903) ахуыр кодта Стъараполы дины семинары. 1903 азы Цомахъ ахуыр кæнынмæ бацыд Юрьевы паддзахадон университеты историон-филологон факультетмæ. Ам æй æрыййæфта тызмæг 1905 аз. Уый уыдис студентон змæлдтыты архайæг æмæ йын йæ ахуыр æнæ ныууадзгæ нал уыд æмæ фæстæмæ æрыздæхт Ирыстонмæ. Куыста ахуыргæнæгæй Джызæлы райдиан скъолайы
ÒГæдиаты Цомахъ 1906 азы 23 июлы уадзын райдыдта ирон æвзагыл фыццаг газет — «Ирон газет». Фæстæдæр æй хицауад уадзын нал бауагъта. Цомахъ дзы мыхуыр кодта уацтæ æхсæнадон-политикон темæтыл. Ацы ран рабæрæг фыссæджы революцион хъуыды. 1906 азы фæстæмæ аздæхт Юрьевмæ æмæ йæ ахуыр адарддæр кодта. Уæд бацыдис эсерты партийы эстойнаг организацимæ. Йæ политикон архайды æмæ уыцы партийы кæй уыд, уый тыххæй Цомахъы 1908 азы 7 мартъийы æрцахстой. Æртæ азы ахæстоны фæбадт, стæй йæ Сыбырмæ ахастой. Ахæстоны дæр Цомахъ йæ тох, йе сфæлдыстадон куыст нæ уагъта. Йæ «Ахæстоны фыстытæ», зæгъгæ, уыдоны ’хсæн зынгæ бынат ахсынц авд æмдзæвгæйы: «Хуры тын», "Бæлон", "Хæлæг", "Дæ чиныг", "Фын", "Ме фсымæрмæ","Æрæхсæв".
Ò1923-æм азы фыццаг куыста Хæххон республикæйы профессион ахуырады хайады хицауæй, стæй та рухсады адæмон комиссары хæдивæгæй. Уыцы иу рæстæджы уыдис Хæххон педагогон институты доцент, Дзæуджыхъæуы сæудæджерадон-экономикон техникумы лæвæрдта диалектикон æмæ историонматериализм , уыдис газет "Рæстдзинад"-ы редактор
1930-æм азы кæрон Цомахъ уæззау рынчын фæцис æмæ йæхи фæндонмæ гæсгæ ивд æрцыд Цæгат Ирыстоны зонад-иртасæн институтмæ. Йæ царды фæстаг бонты онг уыд йæ директор. 1931 азы 24 октябры Цомахъæн йæ зæрдæ йæ кусынæй банцад.
2. Æмдзæвгæ бакæсын
3. Бакусын зынæмбарæн дзырдтыл:
Зæйтæ, уынæргъын.
Æмдзæвгæ "Фæндон" нæ литературæмæ æрбахаста революцийы уадтымыгъ, революцийы цæхæр. Уымæй райдыдта ирон пролетарон поззи. Ацы æмдзæвгæйы поэт æргом кæны йæ фæндиæгтæ адæмы амонд æмæ сæрибар цардыл.
Рæсугъд у Ирыстон, дзæбæх сты йæ хæхтæ. Фæлæ уыцы æрдзы рæсугъддзинады…
Стонг æмæ 'фхæрдæй фырмæстæй куы фæриссынц
Адæм сæ уазал хæдзæртты…
Сидзæры уынæргъдæй арфæй, зæрдæбынæй
Хъастау æддæмæ куы хъуысы.
Цомахъ хæххон лæджы хъысмæтыл дзургæйæ йæ уацмысы зæгъы:
"Иу хорз йæ цардæй нæ мысы". Дæ райгуырдæй дæ амæлæты бонмæ иунæг хорздзинад ма фен, ма зон, ма æрымыс, афтæмæй цæр, кус, фыдæбон кæн. Цы ма уа уымæй фыддæр æмæ трагикондæр!
Æмæ уæд Цомахъ рахизы йæ фæндиæгты коймæ: искуы кæд уалдзæг æрцæуид, ома амондджын дуг, нæ цины хъæр, нæ зард дардмæ куы хъуысид, амонд куы ныззилид, тухийы рæстæг куы фæуид, фарн нæм куы 'рцæуид æмæ кадимæ цард куы хæссиккам.
Цомахъы уырны, ахæм рæстæг кæй æрцæудзæн,æрмæст хъуамæ адæм æмдыхæй, æмзондæй стох кæной уыцы амонды гæнах байсынмæ.
4. Литературæйы теории.
Эпиграф æмæ олицетворени.
Эпиграф – бердзенаг дзырд, амоны фыст, автор йæ аивадон, публицистон кæнæ та уацмысы иу хайæн йæ разæй цы текст сæвæры, уый.
Эпиграф æмбарын кæны уацмысы сæйраг мидис.
Олицетворени у метафорæйы хуызтæй иу. Амоны, удджын предметы кæнæ та миниуджытæ æнæуд предметтæм рахæссын.
IY.Аулæфт. Æмбисæндтæ равзарын
Y.Æрмæг ныффидар кæнын.
1.Цавæр æхсæнадон царды уаг æвдисы фыссæг йæ уацмысы?
2. Цæуыл сагъæс кæны Цомахъ?
3. Цавæр цардмæ бæллы поэт?
4. Цæй символтæ сты зымæг æмæ уалдзæг?
YI. Хæдзармæ куыст.
1.Æмдзæвгæ аив кæсын сахуыр кæнын.
2.Фæрстытæм гæсгæ дзуаппытæ бацæттæ кæнын
3. Ныффыссын чысыл радзырд ахæм темæмæ гæсгæ:"Куыд фидæны цардаразæгæн,цы у мæ царды стырдæр нысан"
Тип материала: | Документ Microsoft Word (docx) |
---|---|
Размер: | 23.53 Kb |
Количество скачиваний: | 7 |