Гом урок :«Хистæрты фарн». Хъайттаты Сергейы радзырд «Ирæд».
Предмет: | Другое |
---|---|
Категория материала: | Видеоуроки |
Автор: |
Накусова Ирина Ахсарбековна
|
Темæ: «Хистæрты фарн». Хъайттаты Сергейы радзырд «Ирæд».
Нысан: Æрдзурын хистæрты фарны тыххæй; раргом кæнын ирон адæмы царды хистæр æмæ кæстæры хицæндзинæдтæ; скъоладзауты ахуыр кæнын хистæрæн аргъ кæнын, уымæн кад кæнын, зондыл сæ ахуыр кæнын.
Урочы фæлгонц: ирон æмбисæндтæ хистæры зонд æмæ фарны тыххæй иу стендыл.
Урочы эпиграф: Хистæрæн кад чи кæны, уый йæхи кадджын кæны.
Урочы цыд.
I. Организацион хай.
II. Ахуыргæнæг райдайы магнитафоныл фыст ирон зарæг «Нæ буц хистæртæй».
Йæ разныхасы сывæллæттæн æмбарын кæны урочы темæ æмæ хæстæ. Пайда кæны фæйнæгыл фыст æмбисæндтæй.
¨ “Хистæрæн йæ фындз асæрф æмæ йæ зондæй бафæрс”.
¨ “Æгъдау лæггæнæг”.
¨ “Хæдзары æгъдау хистæрæй цæуы”.
Ахуыргæнæг: Æгъдау Иры адæмæн баззад цыкурайы фæрдыджы хуызæн.æцæг цыкурайы фæрдыг алы адæймаджы къухы нæ бафты, æгъдау та адæймагæн йæхицæйаразгæ у.Бирæ ис, скъолайы чи нæ ахуыр кодта, фæлæ æрдзæй иттæг зонындзинæдтæ, иттæг зондджын чи равдыста ахæм адæймæгтæ. Стыр зонды хицауæй амыдтой ирон адæмы Санаты Семы. Йæ хорзы кой, йæ цыргъзонд ныхæстæ æмæ æмбисæндтæ ныронг дисæн хæссынц адæм.
Семы æмбисæндтæ чи нæ фехъуыста, уæлдайдæр зæронд фæлтæрæй, ахæм нæй. Йæ ном ын чи нæ зоныæмæ афтæ чи нæ фæзæгъы: “Санаты Семы хуызæн раст дзуры, зæгъгæ”,ахæмтæ бирæ нæй.Стыр зондджын адæймагыл нымад уыдис Сем, уыд адæмы уарзон. Адæмы уырныдта, Сем цы зæгъа, уымæн æнæрцæугæ нæй. Мæнæ ма æрбайхъусут иу цыбыр æмбисондмæ:
«Иухатт, зæгъ, Санаты Семы бафарстой: - Сем, зСемы бафарстой: - Сем, зæгъ-ма, æппæты зындæр хъаймæт цы вæййы?
- Адæм се`взаг, се`гъдауыл сæ къух куы сисой, кæстæр хистæры куынæуал æмбара, адæмы фæтк хæлд куы уа,æфсарм куы фесæфа, æууæнк куы нæ уал уа, уæд ацы хæдзарау цард дæр басудзы.
Лексикон куыст: дзырд «хъаймæт» - ы нысаниуæг (потоп, кончина, мира – Абаев В.И. «Историко – этимологиский словарь осетинского языка, II том, 256стр.»)
- Абон нæ уросы арæх пайда кæндзыстæм дзырд «æгъдауæй».æркæсæм мА йын йæ этимологимæ.
Æгъдау – обычай, норма поведения может быть восходит к согдийскому «афдау» - судья. Дзырд « Æгъдау» - æн уæрæздæрнысаниуæг ис, фæлæ мах абон дзурдзыстæм хистæры зонд æмæ фарны тыххæй. Ирон адæммæ бирæ æмбисæндтæ ис хистæры зонды тыххæй:
¨ Хистæр – зондамонæг, кæстæр – æгъдаухæссæг.
¨ Зондджын хистæр дзуар у.
- Хистæрæн кад кæнын райдайын хъауы хи ныййарджытæй. Мæнæ цы фыст ис уый тыххæй I – аг ирон чиныджы:
«Циткин дар дæ фиди æмæ дæ мадии, хæрзтæ дын уыдзен æмæ берæ уыдзынæ бæстул»
Цырыхаты Михал.
Фыды уæзæг, ныййарæг мад
Кæмæй фæвæййынц рох.
Уый хойы, хойы зилгæ уад,
Йæ фæстаг бон – фыдох…
Къæвда рæстæг йæхи зæххыл
Кæмæй æмбæхсы хур,
Уый ацæуæд тæргæ бæхыл
Æндæр бæстæм зынггур.
Нæ цъæх быдыр, нæ урс хæхтæ
Кæй рахойынц сындзау,
Уый ма хæссæд йæ гом къæхтæ
Чындзæхсæвмæ хуындзау.
Ирон цухъа, ирон куырæт
Кæмæн не`сты цытау
Уый махæрæд,уый ма хæрæд
Ирон хойраг сынтау.
Балаты Альберт: Нæ адæмæй абон бирæтæ ирон æгъдау сæ сæрмæ нал хæссынц, тæрсынц «националист» мæ куы рахоной зæгъгæ Балаты Альберт ахæмтæн дзуапп дæтты нæ урочы девизы ныхæстæй: «Ирондзинад тынг зын у хæссын».
Иронау цн».
«Иронау цæрын у зæххыл мæ хæс».
Куы федтон хорз адæмтæ бирæ –
Нæ хæссын уыдонмæ æз фау,-
Кæд тынгдæр бамбæрстон, нæ Ирмæ
Кæй ис рæсугъд фæтк æмæ `гъдау.
Фæлæ цы лæг хона мæлинаг
Йæ туг, йæ хорз æгъдау, йæ фыст,-
Уый у дыууæ хатты кæуинаг,
Уый у дыууæ хатты æлгъыст.
Уæдæ ирон зарæг кæй уарзын,
Кæй у Къоста мæ уыд. мæ рис ,
Хæссыс мæм уый тыххæй кæд азым,
Уæд – иу мæ хон «националист».
Мæнæн мæ хур, мæ цæст – мæ бæстæ,
Мæ судзгæ уарзт, мæ бон, мæ ис.
Мæ сæр бæрзонд хæссын йæ цæстыл –
Æмæ мæ хон «националист».
Куы`ртайа боны рухс мæ цæстыл –
Иронау мын ыскæнут хист,
Куыд зæгъой ме`знæгтæ мæ фæстæ
«Мæрдты дæр у националист».
Ахуыргæнæг: Нæ абоны урочы мах æрдзурдзыстæм Хъайттаты Сергейы радзырд «Ирæд» - ыл.фæлæ цалынмæ радзырды мидис æвзарын нæма рвйдыдтам, уæдмæ мæм фæнды цæмæй дайхъусиккат Къарджиаты Бекуызæ йæ чиныг «Ирон æгъдæуттæ», зæгъгæ, уым хæдзары хистæры тыххæй цы зæгъы, уымæ.
1-æм скъоладзау: ( рагацау бацæттæ кодта ахуыргæнинаг Къарджиаты Бекуызæйы тыххæй, стæй йæ чиныджы хистæрты тыххæй цы зæгъы, уыцы æрмæг). «Ирон фыдæлтæй бирæ алыхуызон æгъдæуттæ баззад. Бирæтæ дзы цæстыгагуыйау хъахъхъæнинаг сты, ногæй сæм раздæхын хъæуы – нæирæзгæ фæсивæдмæ æфсарм, намыс æмæ лæгдзинад цæмæй уа, уымæн стыр ахъаз сты. Хистæр кæстæрæн фæндагамонæг у, фæлтæр фæлтæрæн йæ фарн ныууадзы, æмæ йыл стыр зæрдæ чи у, куыдфæндыйæ цæстæй йæмчи кæсы, уымæн нæй зæддæр æмæ дуаг дæр, нæй йын фидæн, уый фыдвæнд фæуыдзæни. Нæ номдзыд фыдæлтæ та афтæ загътой: «Фыдвæндæй æвæд хуыздæр». « хистæры ныхмæ дзурын, йæ ныхас ын не`ххæст кæнын бинонтæй никæй бон уыд, суанг ас лæгбæй дæр.
Хистæр иу бинонты алырдæм арвыста, алы куыст кæнынмæ. Чи сæ цы бакуыстаид, уый лæвæрдта хистæртæм. Балцы куы цыди кæстæр, уæддæр хъуамæ бафарстаид хистæры. Никæцы кæстæрæн уыд йæ бон чындзхæссæг ацæуын, ирæд исынмæ, мардмæ ацæуын, сиахсы цыд акæнын æмæ æндæр ахæм рæттæм ацæуын, цалынмæ хистæр дзырд радтаид, уæдмæ. Кæстæрæн – иу ус ракурын йæ бон уыд, цалынмæ – иухистæры бафарстаид, уалынмæ. Кæстæр – иу æфсæрмы кодта хистæрмæ бацæуын, ус мын ракурут, зæгъгæ. Стæй йын – иу куы ракуырдтой, уæддæр – иу нæ уæндыд æргом рацæуын хистæры цурмæ, афтæ кадджын уыд ирон хæдзары хистæр».
2-аг скъоладзау та дзуры Хъайттаты Сергейы уац «Хъомылад» æмæ «Хистæрты тыххæй», зæгъгæ уыцы уыцы æрмæгæй пайдагæнгæйæхистæрты æмæ кæстæрты æхсæн ахастдзинæдты тыххæй.
III. Ног æрмæгмæ рахызт
1. Ахуыргæнæджы разныхас: Зондджын хистæрæн кæстæрæн дзуар у. Хистæры рабæрæг вæййы афтид ныхæстæй нæ, фæлæ хъуыддаджы, нæ адæмы царды. Нæ аив литæратурæцардимæ баст у. нæ фысджытæ сæ диссаджы уацмыстæн æрмæг цардæй райсынц. Афтæ арæзт у Хъайттаты Сергейы радзырд « Ирæд» дæр. Бæстон дзы равдыста ирон лæджы зонд æмæ куырыхондзинад, та царды сæйрагдæр принциптæ.
Мыртазты Барисмæ ис диссаджы æмдзæвгæтæ, сæ иу у ирон адæймаг зæххыл цавæр æгъдæуттæм гæсгæ хъуамæ цæра, уый тыххæй. Уый тынг хæстæг лæууы йæ хъуыдымæ гæсгæ Серргейы радзырд «Ирæд»-мæ. Байхъусут мА йæм.
Ирон æгъдау куы нал зона ирон
Уæд уый уыдзæн æнæ уидаг бæласау.
Ирон æвзагæн чи кæна кæрон,
Уый хъуамæ Ирæй хæхты зæй фæласа!
Нæ фæнды мæн, æндæр дæттимæ æз
Мæхи хæхты куыд ысхæццæ уон донау
Иронау цæрын у зæххыл мæ хæс,
Мæмæ дæр хъуамæ акæнон иронау!
2. Хъайттаты Сергейы радзырды анализæн фæрстытæ:
-Хæдзармæ хæслæвæрд уын уыдис Хъайттаты Сергейы радзырд « Ирæд» бакæсын. Æрдзурæм ма йын уæдæ йæ мидисыл.
- Радзурут цыбырæй радзырды сюжет.
- Цавæр цалхдуртæ æвæрд уыд Хуысинæ æмæ Хъуыдинæйы амонды раз?
- Раст бакодта Хъуыдинæ, фыдæлты æгъдæутты сæрты кæй ахуызт, уымæй?
- Хъуыдинæйы скъæфты хъуыддаг разыйаг н раз?
- Раст бакодта Хъуыдинæ, фыдæлты æгъдæутты сæрты кæй ахуызт, уымæй?
- Хъуыдинæйы скъæфты хъуыддаг разыйаг нæ уыди, уый цæмæй бæрæг у?
- Æнæбары хъуыддаг æрцыд – фæмард Хъуыдинæ. Цы уавæры сты Хъуыдинæйы бинонтæ? ( чызджы æфсымæртæ агурынц Хуысинæйæ, цæмæй сæ маст, се`фхæрд сисой.).
- Чызджы фыд Тасолтан та йæхи куыд дары? (Бацыд хæдзармæ. Æрхæндæгæй тъахтиныл æрбадт. Зæронд зæрдæ – хæлддзаг мæсыг. Бады, цæссыгтæ æнцъылд рустыл уырдыгмæ згъорынц. Йæ кæуын мондæгтæ æнæ сдзургæйæ уадзы. Æдде, хъæуы хистæрты цур афтæ гæнæн нæй).
- Уыдон цæуыл дзурæг сты? ( Ирон æгъдауыл хæст лæг кæй у, ууыл. Нæлгоймаг, фыдыл кæуын нæ фыдыдта.
- Тасолтан æцæг ирон хистæр кæй у, уый кæм рабæрæг вæййы? ( Хуысинæ йæхи къахæй æрбацыд, кæй бафхæрдта, уыцы зæронд лæджы хæдзармæ. Тасолтан æй хъуамæ бафхæрдтаид йæхи æфхæрд æмæ мæсты ныхмæ, фæлæ уый…).
- Куыд равдыста автор æцæг ирон хистæры хъару, йæ куырыхондзинад?
- Йæ хъару цæй мидæг ис?(Хиуыл хæцгæйæ, кæстæры ныхасмæ лæмбынæг байхъуыста, раст тæрхон скодта Хуысинæйæн.)
- Йæ хъару, йæ лæгдзинад та цæй мидæг уыдис?(Нæ фæтарст мæлæтæй, йæхи нæ бамбæхста хистæры тæрхонæй, фæрæдыд æмæ йæ рæдыдыл басаст, йæхи къахæй æрбацыд, карз тæрхон ын чи рахастаид, уый размæ.)
- Хуысинæйæн йæ рæдыд цæй мидæг уыд?( Ирон æгъдауы сæрты ахызт).
- Цæмæн ныххатыр кодта хæронд Тасолтан Хуысинæйæн йæ чызджы скъæфт æмæ мæлæт, йæхи æфхæрд?(Æмбæрста, фыдæлты талынг æгъдæуттæ (ирæд фидын) æмæ йæ кæй æркодтой цъысым.
- Æппæты тынгдæр Тасолтаны хъару зонд æмæ куырыхондзинад цавæр эпизоды рабæрæг сты?(«Уыцы аз хъæубæстæ æвдисæн уыдысты, Иры дзыхъы чи нæма æрцыд, ахæм хъуыддагæн: Тасолтан йæ дыккаг чызг Мæдинæйы Хуысинæйæн радта».
Тасолтанмæ разынд ахæм хъару, æмæ ахызт фыдæлты талынг æгъдæутты сæрты, фæуæлахиз йæ рухс зонд æмæ
адæймагуарзондзинад (гуманизм).
- Ацы радзырды цы цаутæ æвдыст æрцыди, хистæр æмæ кæстæры æхсæн цы ахастдзинадтæ ис, уыдон и сиу æмбисондæй зæгъæн: «Кæстæр- рæдийаг, хистæр- барæг».
- Цавæр æмбисæндтæ зонут хистæры тыххæй?
IV.Саразын конкурс « Чи хуыздæр зоны æмбисæндтæ ацы темæйыл».
Кæнæ та рагацау цæттæгонд æмбисæндтæ кæронмæ ахæццæ кæнæнт ахуырдзаутæ. Развæлгъау сæ ис ныффыссын сæрмагонд плакатыл.
¨ Хистæр зондамонæг, кæстæр – æгъдаухæссæг.
¨ Хистæрæн йæ фындз асæрф æмæ йæ зондæй бафæрс.
¨ Зондджын хистæр дзуар у.
¨ Хистæры хорз зондæй кæстæр рæзы.
¨ Кæстæрæн хистæры разæй дзурыны фæтк нæй.
¨ Хистæрмæ цы кæстæр нæ хъуса, уый йæхицæн фыдбылыз у.
¨ Хистæры ныхас Хуыцауыл тынгдæр æмбæлы.
¨ Хистæры коммæ кæсын хъæуы.
¨ Кæстæр хистæры фæзмаг вæййы.
¨ Хистæры фарн бирæ у.
¨ Кæстæртæ хистæртæй хуыздæр куы нæ цæуой уæд мыггаг сæфтмæ цæуы.
¨ Æнæ хистæр æмæ æнæ кæстæр хæдзарæн цæрæн нæй.
¨ Кæстæр хистæры кæм нал зона, уым цард нæй.
¨ Хистæрæн – кад, кæстæрæн – рад.
¨ Нарт хистæр – дзæбæх æмæ кæстæр – арæхæн уыдысты.
- Бамбарын кæнут æмбисæндты хъуыды.
Ахуыргæнæджы ныхас: - Ирон адæм кæддæриддæр тыхджын уыдысты се`гъдауæй. Кадæг «Нарты æмбырд», зæгъгæ, уым нарты хистæртæ сæ дзыллæйы сæрыл дзургæйæ афтæ дзырдтой «Нарт, нарт уæд уыдысты, арв сæ нæрын уæд нæ уæндыди, æмæ мæлын куы зыдтой сæ дзыллæйы сæрыл. Нарт, нарт уæд уыдысты æмæ нæртон адæймаджы дзыхæй рæстдзинады йедтæмæ куы ницы ирвæзти. Нæ дзыллæ дзыллæ уæд уыдысты, æмæ сæ сæр сæрмæ куы хастой. Нæ адæм адæм уæд уыдысты, æмæ нæ кæстæр хистæры куы нымадта, кад ын куы лæвæрдта, кæрæдзимæ куы хъуыстой…»
Ахуыргæнæг: Нæ фыдæлтæ ирон æгъдæуттæ хорз кæй зыдтой, уый дызæрдыггаг нæу. Зындгонд ахуыргонд В.Миллер афтæ фыста уый тыххæй: «В бедной осетинской сакле этикет соблюдается строже, чем в европейских раззолоченных палацах».
- Цыма мах та куыд хорз зонæм уыцы этикет, уыцы æгъд Цыма мах та куыд хорз зонæм уыцы этикет, уыцы æгъдæуттæ?
V.Викторинæ: « Куыд зонæм нæ фыдæлты æгъдæуттæ хорз».
Фарстатæ:
1.Нарты хистæртæ чи уыдысты? (Уæрхæг, Уырызмæг, Хæмыц).
2.Ирон хæдзары уыныффæгæнæг чи уыдис? (Хæдзары хистæр).
3.Хæргæ – хæрын фынджы уæлхъус чи бадтис?
4.Къæбицы дæгъæлтæ кæмæ уыдысты? (Хистæр æфсин – нанамæ).
5. Хистæры уынаффæйæн аивæн уыд? (Нæ уыд).
6. Мад æмæ фыд хистæрты раз сæ сывæллæтты сæ хъæбымæ истой? (нæ истой, уый уыд худинаг).
7. Нæлгоймаг - уазæджы размæ – иу чи ракастис? Сылгоймаг – уазæгмæ та?
8.Кæстæрæн хистæр ы «цума» йæн йæ бон « нæ « зæгъын уыдис?
9. Хистæр хæдзармæ куы æрбахиза, уæд кæстæртæсæхи куыд дардтой?
10. Ныхасы рæзты сылгоймагæн цæуыны бар уыдис?
11. Кæстæр хистæрæн йæ ныхас иста?
12. Ронбæгъд, уæгъд æгъдæуттимæ хистæры размæ æмбæлыди кæстæрæн цæуын?
13. чи хъуамæ ратта йæ къух: хистæр кæстæрмæ æви кæстæр хистæрмæ?
14. Кæстæр æнæзонгæ нæлгоймагмæ æмæ сылгоймагмæ цавæр номæй фæдзуры? (нæ мады хай, нæ фыды хай).
15. Ныхасы лæууæг кæстæртæй дæ иуимæ аныхас кæнын хъæуы. Куыд æм хъуамæ фæдзурай? ( фыццаг хистæрæй бар ракур).
16. Раздæр ирон адæм фембæлгæйæ кæрæдзийæн салам куыд лæвæрдтой?( кæрæдзийы къухтæ истой, хъæбыстæ кодтой, бата кодтой).
VI.Урочы кæронбæттæн.хатдзæгтæ скæнын, эпиграфимæ йæ бабæттын
VII. Ирæд» хи ныхæстæй дзурын зонын.
Тип материала: | Документ Microsoft Word (doc) |
---|---|
Размер: | 1.71 Mb |
Количество скачиваний: | 22 |