Нæртон хъæзтыты сценарийы равдыст

Предмет: Начальные классы
Категория материала: Конспекты
Автор:

Нæ сæртæ бæрзонд кæмæй хæссæм, нæ Ир сæрыстыр æмæ буц кæмæй у, нæ кæстæртæн кад æмæ намыс чи у, фыдæлты туг кæй уæнгты æхсысти, Аланты йæ фыны чи уыдта, гъе уыцы куырыхон æмæ нæртон гуырд Хеттæгкаты Къостайы ном цæрæд æнусты дæргъы.

О, сыгъзæрин уастырджи, курæг дæ стæм, цæмæй сæххæст кæнай Къостайы бæллиц:

Хæрзиуæг скæн йе ' мтуг адæмæн,

Фыдбылызæй бахиз йæ уарзон Ирыстоны!

 

Разныхас –ахуыргæнæг:

   Мах стæм Хуыцауæй арфæгонд адæм: нудæсæм æнус нын радта Хеттæджы фырты, кæцыйыл ацы аз æххæст кæны 155 азы.  Æмæ мах дæр хæсыл банымадтам, Къостайы райгуырды номыл равдисын нæ нæртон æгъдау, зонд æмæ ныфс.

   Нарт нарт уæд уыдысты, арв сæ нæрын уæд нæ уæндыди, æмæ мæлын куы зыдтой сæ дзыллæйы сæрыл, алчи сæ хæцын куы фæрæзта йæхиуыл.

   Нарт Нарт уæд уыдысты, æмæ нæртон адæймаг рæстдзинад йеддæмæ куы ницы дзырдта.

 

     Нарт Нарт уæд уыдысты, æмæ кæстæр хистæры куы нымадта, кад ын куы лæвæрдта, кæрæдзимæ куы хъуыстой. 

Тип материала: Документ Microsoft Word (docx)
Размер: 19.05 Kb
Количество скачиваний: 16
Просмотров: 72

Похожие материалы