Презентация к уроку по осетинской литературе. Махарбек Туганов.
Предмет: | Другое |
---|---|
Категория материала: | Конспекты |
Автор: |
Туаева Фатима Владимировна
|
Тугъанты Махарбег
Ирон нывгæнæг Тугъанты Махарбеджы ном зонынц канд Ирыстоны нæ, фæлæ æппæт бæстæйы дæр. Уый райгуырдис Дур-Дуры, æлдары хæдзары, хъæздыг æмæ ахуыргонд бинонты æхсæн.
1901-1905 азты ахуыр кодта Бетъырбухы аивæдты академийы. Уый фæстæ ацыдис Германмæ æмæ бирæ азты дæргъы уым бæрзонд кодта йæ дæсныйад.
Аивæдты академийы Махарбеджы ахуыргæнæг уыдис стыр уырыссаг нывгæнæг Илья Ефимович Репин. Уый æргом кодта æрыгон студентæн нывгæнынады сусæгдзинæдтæ.
Махарбег йæ нывты æвдыста йæ адæмы цард, се ’гъдæуттæ, сæ истори. Уый тынг хорз зыдта рагон царды уаг, нæ адæмон зарджытæ, кæфтытæ, таурæгътæ. Фæлæ нывгæнæгæн æцæг кад æмæ ном скодтой, Нарты кадджытæм цы нывтæ - иллюстрацитæ скодта, уыдон: «Фæндыры фæзынд», «Ацæмæз», «Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт», «Куырдалæгон», «Тотрадзы мæлæт» æмæ æндæртæ. Махарбеджы нывтæй æппæтæй стырдæр æмæ зындгонддæр у «Нарты куывд».
Тугъанты Махарбег уыдис ирон нывгæнынады бындуæвæрæг, æцæг патриот. Уый æппæтæй фылдæр уарзта йæ райгуырæн зæхх æмæ йæ адæмы.
Дзырдуат:
бæрзонд кодта-совершенствовал
æргом кодта сусæгдзинæдтæ-открыл тайны
æрыгон-молодой
Махарбег Туганов.
Осетинского художника Махарбека Туганова знают не только в Осетии но и за её пределами. Он родился в Дур-Дуре, в доме алдара, в богатой и образованной семье.
В 1901-1905годах он учился Петербургской академии художеств. После этого он уехал в Германию, и многие годы совершенствовал свои профессиональные навыки.
В Академии художеств, преподавателем Махарбека был знаменитый русский художник Илья Ефимович Репин. Он открывал молодому художнику тайны художественного мастерства.
В своих картинах Махарбег изображал жизнь своего народа, их обычаи и историю. Он хорошо знал уклад жизни, народные песни, танцы, легенды. Но настоящую славу художнику принесли картины-иллюстрации, которые он написал к Нартским сказаниям: «Появление фандыра», «Ацамаз», «Смерть Ахсара и Ахсартага», «Курдалагон», «Смерть Тотраза» и другие. Самая большая и знаменитая картина Махарбека «Пир Нартов».
Туганов Махарбег был основоположником художественного искусства, настоящий патриот. Больше всего он любил свою родную землю и свой народ.
Тип материала: | Презентация Power Point (ppt) |
---|---|
Размер: | 13.84 Mb |
Количество скачиваний: | 6 |