Технологон картæ 6къласы урокма
Предмет: | Русский язык и литература |
---|---|
Категория материала: | Конспекты |
Автор: |
Kozaeva Albina Batrovna
|
Технологон картæ 6 –æм къласы литературæйы урокмæ
Урочы темæ
"Зонд кæм и,æрхъуыды дæр уым и"
Кочысаты Розæйы пьесæ "Гæды лæг"-мæ гæсгæ
Цæмæ æнхъæлмæ кæсæм
Скъоладзаутæ зонгæ кæнынц фыссæджы биографиимæ, йе сфæлдыстады сæйраг аивадон фæзилæнтимæ;
Куыд æмбарынц сывæллæттæ фыссæджы цард сæхæдæг.
Цавæр бастдзинад ис се 'хсæн
Бинонтæ цы ахъаз фесты Розæйы литературон куысты æмæ æхсæнадон царды…Йæхи куыд æнкъардта адæмы æхсæн, Хъæугæ адæймаг у æви нæ,
Урочы пълан.
1.Хуымæтæг сылгоймаг æмæ фыссæджы сфæлдыстадон фæндаг.
2. Йе сфæлдыстады райдиан.
3.Йæ фыццаг пьесæ "Гæды лæг, кæнæ Нæ пъырыстыф сæрра"
4.Пьесæйы æзаг, цæмæй пайда кæны арæхдæр
Ахуырадон методтæ
Ахуыргæнæг æмæ сывæллæтты беседæ
Куыст цы фæткыл æвæрд цæуы,уый.
Ахуыргæнæджы раныхас
Ахуыргæнæг цы методтæй пайда кæны урочы
Чысыл лекци беседæимæ, рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын, текстимæ куыст
Бæрæггæнинаг хæслæвæрдтæ
Саразын таблицæ архайджытæй.Базонын, чи у ам æвæрццæг персонаж,чи та- æппæрццæг. Цавæр хæс æвæры фыссæг нæ размæ. Раттын дзуапп: Пьесæйы архайджытæй чи разынд се 'ппæтæй зондджындæр?
Ахуырдзауты куыст куыд æвæрд цæуы.
Къордтыл ныддихтæ сты.Дзуапп дæттынц кæрæдзийы фарстатæн, сæйрагдæр дзы цы у,уыдоныл æрлæууынц, цы хъусынц, уымæй хатдзæгтæ кæнынц.
Литературæйы æрмæг бæттынц æвзагимæ.
Ахуырдзауты зоныдзинæдты рæзт
Æмхуызон хорз кусын; цы æрмæг лæвæрд цæуы,уый раст æмбарын; текстимæ кусын зонын; монологон æмæ диалогон ныхасыл ахуыр кæнынц
Сæйраг æмбарынæдтæ æмæ терминтæ урочы мидæг
Kитературæйы теорийæ зонындзинæдтæ фидар кæнын,(комеди,юмор, сатирæ,скетч)
Цавæр литературæйæ пайдагонд æрцыд
Сæйрагдæр: 6 къласы литературæйы чиныг, ф.111-122
Уæлæмхасæн æрмæг: литературæйы теории, дзырдуат , Æлборты Барысбийы уац "Фыццаг ирон сылгоймаг фыссæг",Тотраты Русланы уац "Кочысаты Розæйыл сæххæст 125 азы".
Чиныг "Цæгат Ирыстоны фысджытæ"
Хæдзармæ куыст
1.Бацæттæ кæнын раныхæстæ комедион уацмысты тыххæй.
2. Комедиты автортæй ма кæй зонут,уыдон тетрæдты ныффыссут.
3.Саразын чысыл пълан текстмæ.
4.Аив кæсын пьесæ рольтæм гæсгæ.
Тип материала: | Документ Microsoft Word (docx) |
---|---|
Размер: | 16.65 Kb |
Количество скачиваний: | 14 |