Тематикон пълан кæсыны уроктæм 4 - æм къласæн.

Предмет: Другое
Категория материала: Рабочие программы
Автор:

Афæдзы фыццаг æмбисы - къуыри 2 сахаты, дыккаг æмбисы та 1 сахат,æдæппæт 53 сахаты: æрмæг ахуыр кæнынæн – 49 сахаты, ныхасы рæзтæн – 2 сах,фæлхат кæнынæн – 2 сах. НЫХАСЫ РÆЗТ.ДЗУРГÆ НЫХАСЫ РÆЗТ Аивадон тексттæ хъæрæй кæсын. Уацмыстæ кæнæ уацмыстæй скъуыддзæгтæ наизусть аив кæсын. Аивадон уацмысты мидисмæ гæсгæ фæрстытæн дзуапп дæттын. Уацмысы мидис хи ныхæстæй дзурын. Уацмыс хæйттыл дих кæнын. Хæйттæн сæргæндтæ дæттын, уацмысæн пълан аразын. ФЫСГÆ НЫХАСЫ РÆЗТ Уацмысæй скъуыддзагмæ гæсгæ изложени ныффыссын. Ныффыссын радзырд нывмæ гæсгæ. Ныффыссын сочинени æмбисондæй.Куыд зонæм, афтæмæй æппæтæй хуыздæр фадат уыцы нысантæ сæххæст кæнынæн ис кæсыны урокты.


Кæсыны урокты хъæздыгдæр æмæ рæсугъддæр кæнынц сабиты миддуне, ахъаз сын сты сæ эстетикон рæзтæн, æвзæрын сæм кæнынц алыхуызон бæллицаг æнкъарæнтæ. Ахуыр сæ кæнынц Райгуырæн бæстæ уарзын, æрдзы рæсугъддзинад æмбарын, хистæрæн, ныййарæгæн кад кæнын, фæллой уарзын æмæ а.д. Иудзырдæй сæ алывæрсыгæй хъомыл кæнынц. Хъомыл кæнын та, В.Г. Белинскийы загъдау, цытджын хъуыддаг у, адæймаджы хъысмæт уымæй аразгæ у. Литературон кæсынад сабитæн æнкъарын кæны нывæфтыд ныхасы ад, йæ аивдзинад, амоны йын ныв æмæ фæлгонц уынын. Райдайæн кълæсты литературон кæсынадæн йæ сæйраг нысан у скъоладзауты раст æмæ æмбаргæ кæсыныл сахуыр кæнын.

Тип материала: Документ Microsoft Word (docx)
Размер: 20.97 Kb
Количество скачиваний: 31
Просмотров: 121

Похожие материалы