ЦЫМÆ ЧИ У ÆЦÆГ ÆМБАЛ?

Предмет: Русский язык и литература
Категория материала: Конспекты
Автор:

Темæ: ЦЫМÆ ЧИ У ÆЦÆГ ÆМБАЛ?

Урочы нысантæ: Сывæллæттæн бамбарын кæнын æцæг æмбал æмæ хæлары нысаниуæг. Цавæр хъуамæ уа царды мидæг æцæг æмбал? Кæрæдзийæн æххуыс кæной æви нæ æмбæлттæ? Бакусын ныхасы рæзтыл.

Урочы цыд:l. Организацион хай.

ll.Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1.Текст аив бакæсын.

2.Цæмæй хицæн кæны фыстæг  хуымæтæг таурæгъон текстæй?

3.Цæсгомон номивджыты тасындзæг (тетрæдты  ныффыссын)

4. Ног дзырдтæ зæрдывæрдæй дзурын.

lll.Ног æмæг.

1. Байхъусын, бакæсын. Ссарын æмхуызон дзырдтæ. Бамбарын сын кæнын сæ нысаниуджытæ.

Мады коммæ Ким нæ кæсы

Уый йæ уроктæм нæ кæсы.

Даргъ, фыдуынд сæрыхъуын дары,

Уайдзæф мурмæ дæр нæ дары2.

2. Нывтæм гæсгæ зæгъын, цæмæ сты зæрдæргъæвд уæ къласы лæппутæ æмæ чызджытæ.

Аслан зæрдæргъæвд у математикæмæ дæр æмæ ирон æвзагмæ дæр.

У Аслана способности и к математике, и к осе­тинскому языку.

Косер . . .

Фаризæт . . .

3.Ног дзырдтæ

1 Æцæг æмбал – настоящий(ая) друг (подруга).

2 Уайдзæф мурмæ дæр нæ дары – не реагирует на замечание.

4. Хъуыдыйæдтæ уырыссаг æвзагмæ ратæлмац кæнын. Зæгъын, цы нысан кæны дзырд фæдзæхсын.

Мад йæ фыртæн фæдзæхсы йæ кæстæр æфсымæрмæ кæсын.

Ахуыргæнæгахуырдзауæнфæдзæхсыбæрæгбонмæ æмдзæвгæ сахуыркæнын.

5. Байхъусын, Зæлинæ йæ боныджыцыфыссы, уымæ. Бакæсæм æй. Зæгъут, цæмæну æхсызгонЗæлинæйæнСветланæмæ фыстæджытæ фыссын æмæ дзыдзуæппытæ исын (почемуЗалинеприятнописатьписьмаСветланеиполучатьотнееответы).

6.Текст бакæсын.

2009 азы 15 сентябрь

Абон та Светланæйæ райстон фыстæг. Æхсызгон мын уыдис. Фыссы мæм йæ бинонты, йæ ахуыры тыххæй. Йæ фыстæджыты арæх вæййы йæхи æмæ йæ бинонты хуызистытæ, Мæскуыйы нывтæ.

Светланæ у зæрдæргъæвд чызг. Уый бирæ уарзы чингуытæ кæсын. Ныртæккæ дæр кæсы – Н. Носовы уацау «Витя Мале­ев скъолайы æмæ хæдзары». Мæнæн дæр æй фæдзæхсы бакæсын. Æнæмæнг æй бакæсдзынæн.

Мæнæн æхсызгон у Светланæмæ фыс- тæджытæ фыссын æмæ дзы дзуæппытæ исын. Мах кæрæдзимæ ныффыссæм, цы фенæм, цы бакæсæм, цы хъуыды кæнæм, нæ зæрдæмæ цы цæуы æмæ цы нæ цæуы,уыдæтты тыххæй.

7. Ахуырдзаутæ цы рæдыдтытæ æруагътой, уыдоныл бакусын сывæллæттимæ иумæ.

8. Бакæсын-ма иу хатт текст.

Дзуапп раттын фæрстытæн.

Афæрсын  æмбалтты дæр.

Чи райста фыстæг Светланæйæ?

Цы фыссы йæ фыстæджы Светланæ?

Цавæр чиныг бакæсын фæдзæхсы Светланæ Зæлинæйæн?

Цы ныффыссынц кæрæдзимæ сæ фыстæджыты Светланæ æмæ Зæлинæ?

 

Зæлинæ райстафыстæгСветланæйæ.

 

9. 5-æмфæлтæрæныфæрстытæмгæсгæ радзурын, Зæлинæ йæ боныджыцыфыссы, уыйтыххæй.

І v. Ӕрмæг ныффидар кæнын.

1. Зæлинæ æмæ Светланæ æцæг æмбæлттæ кæй сты, уый тыххæй де ’мкъласонтимæ аныхас кæн. Уыдон демæ сразы уыдзысты.

Зæлинæ æмæ Светланæ æмбæлттæнбæззынц.

Растзæгъыс, уыдонбæззынц æмбæлттæн, уымæн æмæ... (обе учатся в пятом классе).

Æз дæр демæ разы дæн, уыдон бæззынц æмбæлттæн, уымæн æмæ … (обе любят читать книги).

Æз дæр афтæ хъуыды кæнын, уыдон бæззынц æмбæлттæн, уымæн æмæ … (друг другу рассказывают о том, что любят, чем занимаются).

Æцæг зæгъут, Зæлинæ æмæ Светланæ бæззынц æмбæлттæн, уымæн æмæ … (обе способные девочки).

 

Зæлинæ æмæ Светланæ æмбæлттæнбæззынц.

Растзæгъыс, уыдонбæззынц æмбæлттæн, уымæн æмæ дыууæйæ дæрахуыркæнынцфæндзæмкъласы, сты æмгæрттæ.

 

2..а). Цы ныффысдзæнис йæ боныджы де ’мбал? Бафæрс-майæ:

Кæмæй та райстай абон фыстæг?

Цы дæм фыссы?

Цавæр лæппу / чызг у де ’мбал?

Цы уарзы, цæмæ арæхсы, цæмæ у зæрдæргъæвд?

Æхсызгон дын вæййы де ’мбалæй фыстæджытæ исын? Цæмæн?

АбонтаАсланæй/Аланæйæ рай­стонфыстæг.

æ). Дытацыныффысдзынæ дæ фыстæджы, уыйтыххæйде ’мбалæнра- дзур.

3.. 4-æмфæлтæрæнытекстаивкæсын, тæлмацкæнынзонын. Дæ боныд­жы ныффысс, фыстæг кæй райстай, уый тыххæй.

 Пайда кæнын 4-æм, 5-æм æмæ 6-æм фæлтæрæнты æрмæгæй.

v.Хæдзармæ куыст.

1. Текст аив кæсын æмæ  хи ныхæстæй дзурын.

2.Тетрæдты ныффыссын 6 хъуыдыйады текстмæ гæсгæ.

 

3. Дзырдтæ зæрдывæрдæй дзурын зонын.

Тип материала: Документ Microsoft Word (docx)
Размер: 363.05 Kb
Количество скачиваний: 7
Просмотров: 93

Похожие материалы