Фыстæг фыссыны æгъдæуттæ. Номивæг.

Предмет: Русский язык и литература
Категория материала: Конспекты
Автор:

Темæ: Фыстæг фыссыны æгъдæуттæ. Номивæг.

Нысан: Сахуыр кæнын ахуырдзауты фыстæг фыссыныл.

Ирон æвзагыл сæ ахуыр кæнын хъуыды кæнын.

Ныхасы рæзтыл куыст

Урочы цыд: I. Организацион хай.

II.Хæдзармæ куыст бафæрсын.

   1 Нывмæ гæсгæ цы  куыст  бакодтой, уый сбæрæг кæнын.

   2. Къуырийы нæмттæ зæрдывæрдæй куыд сахуыр кодтой, уый сбæрæг кæнын.

III.Ног æрмæг.

      Фыстæг фыссыны æгъдæуттæ:

1.      Дзырдты къордтæй саразын хъуыдыйæдтæ æмæ сæ ныффыссын:

1)æхсызгон у, уымæн, хорз, исын, бæрæггæнæнтæ.

2)Уымæн, уазæджы, æхсызгон у,уынд.

3) Ахуыргæнæг,æмдзæвгæ,фæдзæхста,сахуыр .

 4)Æхсызгон у,уымæн,фæндыры зæлтæм,хъусын,ирон.

       2. Дзырд  зæрдæргъæвд(способный) иронæвзаджы цавæр дзырдтимææмбæлы (с какими словами  сочетается)? Ратæлмац кæн дзырдбæстытæ æмæ йæ базон:

                способная девочка

               способный мальчик

               способный ребёнок

               способный ученик

2.      Фыстæг ме 'мбалмæ,

мæ хуыздæр æмбалмæ,

мæ мадмæ,

мæ фыдмæ,

мæ хомæ,

ме'фсымæрмæ.

 

Хæс: Кæй кæмæ фæнды, уымæ ныффыссæд йæ фыстæг.

Лæвæрд цæуынц ахæм дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ:

      Зынаргъ,хо,æфсымæр,мад,фыд,фыссын дæм, æрæгмæ,алы хатт,зæрдиагæй,

Фембæлдмæ,фæнды мæ, дæ фенын,тынг æнкъард кæнын,мæ зæрдæ 'хсайы,де'нæниздзинад, æндæр горæт,фыстæг, æмбæлттæ , хъæдмæ, хæхтæм,хъæумæ, уынджы,амбæлдтæн.

 

3.Чиныгимæ куыст .

а)Байхъусын Зæлинæйы фыстæгмæ.

æ)Хъус æрдарын,цавæр ныхæстæй райдыдта æмæ куыд фæцис.уымæ.

 

    Зæгъут-ма, цæмæй хицæн кæны фыстæг хуымæтæг таурæгъон текстæй.

 

III. Аулæфт

IV. Æрмæг ныффидар кæнын.

1. Дзуапп раттын ахæм фарстатæн:

1)Цы фыссы Зæлинæ йæ фыстæджы?

2)Нывмтæм гæсгæ цавæр хъуыдыйæдтæ ис ныффыссæн?

3)Кæмæ фыссы Зæлинæ фыстæг?

4)Кæм цæры Светланæ?

5)Кæм  федта Зæлинæ Светланæйы хуызист?

 

2. Ног дзырдтæ раст бакæс. Бахъуыды сын кæн сæ растфыссынад æмæ сæ нысаниуджытæ.

Цавæр? Цы хуызæн?

æхсызгон – приятный

зæрдǽргъæвд – способный

Цы ми кæнын?

áрæхсын – уметь; справляться

3. Байхъус, бакæс. Нывтæм гæсгæ базон дзырд æхсызгон уæвын-ы нысаниуæг. Ссар цæсгомон номивджыты æххæст æмæ цыбыр формæтæ. Кæцы хауæнты æвæрд сты?

Мæнæн æхсызгон у ме ’мбалæй фыстæг райсын.

Æхсызгон мын у ме ’мбалæй фыстæг райсын.

Уымæн æхсызгон у йæ ахуыргæнæджы æппæлд.

Æхсызгон ын у йæ ахуыргæнæджы æппæлд.

Дæуæн æхсызгон у де ’мбалы фенд.

Æхсызгон дын у де ’мбалы фенд.

Грамматикæ.

4.Дзырд æхсызгон-имæ дзырдбæстытæ сараз. Уæлдай дзырд фæуадз.

 

Цавæр?

æхсызгон

ныхас

чиныг

хъуыддаг

хабар

фембæлд

адæймаг

къаба

Æхсызгон ныхас ...

5.Дзырдтыкъордтæйсаразхъуыдыйæдтæ æмæ сæ ныффысс.

Æхсызгону, уымæн, хорз, исын, бæ- рæггæнæнтæ.

Уымæн, уазæджы, æхсызгон у, уынд.

Ахуыргæнæг, æмдзæвгæ, фæдзæхста, сахуыр кæнын.

Æхсызгон у, уымæн, фæндыры зæл- тæм, хъусын, ирон.

Уымæн æхсызгон у хорз бæрæг- гæнæнтæ исын.

 

 

6. Иу хатт-ма бакæсын кæнын сывæллæттæн текст.

Дзæуджыхъæу, 17 ноябрь

Дæ бон хорз, Светланæ!

Дард Кавказæй дæм фыссы ирон чызг. Мæ ном хуыйны Зæлинæ. Мæ мыг­гаг у Хетæгкатæй. Ды мæ нæ зоныс. Дæ адрис дын дæ фыды’фсымæры чызг Аллæйæ райстон. Уыимæ мах иу къласы ахуыр кæнæм.

Знон ме ’мбæлттимæ уыдтæн Аллæтæм. Уымæн уыдис йæ гуырæн бон. Уым федтон дæ хуызист. Аллæ нын радзырдта, тынг зæрдæргъæвд чызг кæй дæ, сæрды Ирыстоны кæй уыдтæ æмæ иронау дзурын кæй ахуыр кæныс, уый тыххæй. Ноджы ма нын радзырдта, чингуытæ кæсын бирæ кæй уарзыс, ду­нейы адæмты тыххæй дæ фылдæр базонын кæй фæнды.

Мæхи тыххæй мæ куы фæрсай, уæд æз цæрын Дзæуджыхъæуы Коцойты Арсены уынджы 56-æм хæдзары 17-æм фатеры. Нæ бинонтæ сты: мæ мад æмæ мæ фыд, мæ нана æмæ мæ дада, мæ хо æмæ мæ дыууæ æфсымæры. Ис мын ирон, уырыссаг, гуырдзиаг æмæ сомихаг æмбæлттæ. Мах нæ уæгъд рæстæг æрвитæм иумæ. Бирæ уарзæм чингуытæ кæсын. Æмбырд кæнæм дунейы алы бæстæтæ æмæ горæтты тыххæй нывджын фыстæджытæ. Ахуыр кæнæм уы­рыссаг, англисаг æмæ ирон æвзæгтæ.

Светланæ, ныффысс мæм ды дæр. Тынг мæ фæнды базонын: куыд ахуыр кæныс, куыд æрвитыс дæ уæгъд рæстæг, цы уарзыс.

Хæрзбон уал!

Саламтимæ Хетæгкаты Зæлинæ

 

 

Кæмæ фыссы Зæлинæ фыстæг?

Кæм цæры Светланæ?

 Кæм федта Зæлинæ Светланæйы хуызист?

IV.Æрмæг ныффидар кæнын

V. Хæдзармæ куыст.

1 Ног дзырдтæ сахуыр кæнын.

2.Ныффыссын искæмæ фыстæг ирон æмæ уырыссаг æвзагыл.

 

 

Тип материала: Презентация Power Point (pptx)
Размер: 6.97 Mb
Количество скачиваний: 14
Просмотров: 92

Похожие материалы