ДÆУÆН ДÆР АХÆМ ÆМБАЛ ИС?

Предмет: Русский язык и литература
Категория материала: Конспекты
Автор:

Темæ:ДÆУÆН ДÆР АХÆМ ÆМБАЛ ИС?

Урочы ныантæ:Сывæллæттæн бамбарын кæнын æнæ æмбалæй цæрæн кæй нæй.Ӕцæг æмбал та царды зын ссарæн кæйу. Хъуамæ алчи дæр хъахъæна йе мбалы, гадзрахатæй йыл макуы цæуа. Ныхасы рæзтыл бакусын.

 Урочы цыд.І. Организацион хай.

ІІ.Хæдзармæ куыст бафæрсын.

 4-æм фæлтæрæны текст аив кæсын, тæлмац кæнын зонын.

 Уæ боныгты цы  ныффыстат, фыстæджытæ кæй райстат, уый тыххæй. Куыд спайда кодтой 4-æм, 5-æм æмæ 6-æм фæлтæрæнты æрмæгæй?

 

 

ІІІ. Ног æрмæг

 

1.     Чиныгимæ куыст

2.     Байхъусут, бакæсут. Зæгъут, Тег æмæ Бег æцæг æмбæлттæ сты? Куыд æмбарут сымах та хæлардзинад?

Тег æмæ Бег

Ахуыргæнæг скъоладзаутæн Бафтыдта йæхи уый цæсты,

Сарæзта контролон куыст. Сæр бынмæ æруагъта тынг.

Бег куы разынд тæккæ цауддæр2: Ахуыргæнæг æм ысмæсты,

Иунæг уый нæ радта фыст. Уымæн уый куыд нæ уыд хъыг?!

− Бег, цы дæ мæнæн зæгъинаг,

Цæй, кæм ис дæ куыст, фæрсын?

– Тег мын фæкæны хынцинаг,

Уый та абон у рынчын …

                                                  Цæрукъаты Владимир

 

 

 

 

 

3. Де ’мбал иронау хорз нæ зоны, зæгъыс. Ратæлмацынкæн æмдзæвгæ.

1) Разынд тæккæ цауддæр – оказался хуже всех.

2) Бафтыдта йæхи уый цæсты – он уронил себя в чужих глазах.

3) Уымæн уый куыд нæ уыд хъыг?! – Разве же ему это не было обидно?!

4)Цы дæ мæнæн зæгъинаг – что сажешь мне (в своё оправдание).

3. Æмдзæвгæйы мидис бамбæрста де ’мбал? Бафæрс-ма йæ. Дзуапп дæтгæйæ (отвечая) пайда кæнæд æмдзæвгæйы текстæй.

Цавæркуыстрадтаахуыргæнæгскъоладзаутæн?

Чиразындискъоладзаутæйконтролонкуыстфысгæйæ тæккæ лæмæгъдæр?

КуыддардтайæхиБег?

КуыдбафарстаахуыргæнæгБеджы?

Цы дзуапп радта Бег, йæ контролон куыст кæй не скодта, уый тыххæй?

Ахуыргæнæг скъоладзаутæн рад­та контролон куыст.

Іv.Аулæфт

v.Ӕрмæг ныффидар кæнын.

4. Диалог де ’мбалимæ рольтæм гæсгæ бакæсут. Сымахæй ахæм æмбал никæмæн ис? Радзурутуыйтыххæй.

– Де ’мбалАзæмæтыдынрагæйналфедтон, – загътониубонмæ сыхаглæппуАцæмæзæн. – Кæмис?

– РынчынуАзæмæт, – дзуаппрадтаАцæмæз.

– Æмæ куыд у? – бафарстон та æз лæппуйы.

– Скъоламæ нæма цæуы æмæ йæ нæ зонын, – куыдфæндыхуызæй мын дзуапп радта Ацæмæз.

– Уый та куыд? Дæ хорз æмбал куы у? – бадис кодтон æз.

– Нæ, – загъта Ацæмæз, – Азæмæт скъоламæ нæ цæуы, æмæ ныр Мурат у мæ хорз æмбал.

                                                                         Журнал "Ногдзау"-æй

 

v. Хæдзармæ куыст.

Æмдзæвгæ "Тег æмæ Бег" наизустьсахуыркæнын.

 

 Бацæттæ кæнын 4-æмфæлтæрæныдиалогрольтæмгæсгæ кæсынмæ.

Тип материала: Документ Microsoft Word (docx)
Размер: 1.83 Mb
Количество скачиваний: 9
Просмотров: 82

Похожие материалы