Нигер (Дзанайты Иван) 7кълас

Предмет: Русский язык и литература
Категория материала: Конспекты
Автор:

Темæ: Нигер (Дзанайты Иван) 7кълас

Нысантæ : 1.  Базонгæ кæнын скъоладзауты поэты царды хабæрттимæ.

                2. Нигеры сфæлдыстады фæндагыл цыбыр афæлгæсты хуызы æрдзурын.

3. Сывæллæтты зæрдыл æрлæууын кæнын нæ рагисторийы царды хабæрттæ: чи уыдысты бадилатæ,цавæр мыггæгтæ нымад уыдысты ирон уæздæттыл.

4. Литературæйы теории. Цы хонæм поэмæ?

Урочы цыд.I. Организацион хай.

II. Хæдзармæ куыст бафæрсын.

Гæдиаты Цомахъ "Бæлон"

1.Цавæр рæстæг æвдисы æмдзæвгæ"Бæлон"-ы Цомахъы цардæй?

2.Цæй тыххæй æрцыд хаст Цомахъ Сыбырмæ?

3. Æмдзæвгæйы куыд æвдыст цæуы ахæсты уавæр?

4. Æмдзæвгæ"Бæлон " наизусть куыд сахуыр кодтой, уый сбæрæг кæнын.

III.Ног æрмæг. Нигеры цард æмæ сфæлдыстад.

1.Ахуыргæнæджы раныхас поэты царды хабæртты тыххæй.

Дзанайты Уасилы фырт Иван (Нигер) райгуырдис 1896-æм азы, ноябры 2-æм бон Туалгомы Сындзысæр, зæгъгæ, чысыл хæххон хъæуы. «Мæхицæн амал не ’рцыд, фæлæ мæ фыртæн куырмæй ныууадзæн нал ис, — скарста Уасил, — фæлтау дыууæйы бæсты дæр кусдзынæн». Лæппуйыл 8 азы куы рацыд, уæд æй радтой Нары приходы скъоламæ. Æвзыгъд æмæ зæрдæргъæвд саби фыццаг бонтæй фæстæмæ дзæбæх ахуыр кæнын райдыдта.

Дзанайты Иван йæ сабибонтæ арвыста хæхбæсты. Хæххон æвадат царды нывтæ: хæххон æрдзы романтикон карз хуыз, йæ зæйтæ æмæ йæ сахатæ, дурджын хуымтæ æмæ бæрзонд хизæн фæзтæ, нарæг фыд фæндæгтæ, хæххон ныхас йæ цин æмæ йæ сагъæстимæ — адон арф бынат æрцахстой йæ сабийы зæрдæйы æмæ дзы нал рахызтысты, суанг йæ лæджы кармæ куы бацНары скъолайы фæстæ 1909 азы Иван ахуыр кæнын райдыдта Дзæуджыхъæуы дины скъолайы 1-æм къласы.

Скъола каст фæцис 1913 азы æмæ уыцы аз бацыдис Æрыдоны семинармæ.

Æрыдоны семинар Æрыдоны семинары сæвзæрдис ирон литературон къорд. Уыцы къорд уагъта къухфыст литературон журнал «Фидиуæг». Дзанайты Иван уыцы журналы фыста радзырдтæ, æмдзæвгæтæ æмæ статьятæ. Журнал сусæгæй уагъд цыдис, æмæ уацмысты бын фыстой сусæг нæмттæ — псевдонимтæ. Иванæн уыдис цалдæр сусæг номы: Ололи, Сау лæппу, Нигер. Уыдонæй иу — Нигер — фæстагмæ сси йе ’цæг ном.

ыд, зынгæ поэт куы ссис, уыцы бонтæм дæр.

 Семинары Иван сахуыр кодта грекъаг, латинаг æмæ немыцаг æвзæгтæ.

1917 азы Нигер бацыдис Саратовы универститеты историон-филологон хайадмæ, фæлæ дзы ахуыр кодта æрмæст афæдз — мидхæст ын йæ ахуыр фæкъуылымпы кодта.

Нигер сфæлдыстадон куыст кæнын райдыдта 1914 азы. Уыцы рæстæджы Ирыстоны стыхджын сты капиталистон ахастдзинæдтæ, хъæуты цæрджытæ цæхгæр фæдихтæ сты мæгуыртæ æмæ хъæздгуытыл, се ’хсæн тыхджын кодта кълассон тох.

Октябры революцийы агъоммæ æмдзæвгæты Нигер æвдыста хæххон царды нывтæ, мæгуыр адæмы æвадат уавæртæ, сæ фæндтæ æмæ сæ бæллицтæ. Фæнды йæ, сæ цард куы фæхуыздæр уаид, истæмæй сын æххуыс куы уаид. 1917 азмæ дæр бынтон нæма сбæрæг Нигеры тохы нысан, йæ фидæны фæндæгтæ йæ цæстытыл нæма уадысты, йæ зæрдыл-иу фæзынди дызæрдыгдзинæдтæ. Фæлæ революцийы уылæнтæ куыд тыхджындæр кодтой, афтæ Нигеры сфæлдыстады дæр тыхджындæр кодтой сæрибары мотивтæ. Февралы революцийы рæстæджы «Размæ!», зæгъгæ, йæ иу æмдæвгæйы поэт сиды мæгуыр хæххон адæммæ. Цин кæнгæйæ сæмбæлдис Иван 1917 азы революцийы уылæнтыл.

Нигеры уацмыстæ.Нигер фыста лирикон æмдæвгæтæ æмæ эпикон поэмæтæ. Уыцы жанртæ ирон поэзийы Нигеры агъоммæ дæр уыдысты, фæлæ сæ Нигер бæрæг фæхъæздыгдæр кодта, бахаста сæм ног идейон мидис, ног поэтикон формæтæ. "Хидыл", "Нæ тæрсын æз

"Фæстаг хъæбыс" , "У фадат аразæг"æмæ æндæр ахæм æмдæвгæтæ ирон лирикæйы ног сты сæ арф философон хъуыдымæ гæсгæ æмæ, поэт йæ хъуыдытæ раст равдисынæн цы ног формæтæ ссардта, уымæ гæсгæ дæр.

Нигер ирон поэзимæ бахаста ног фæлгонцтæ, ног хъуыдытæ, ног темæтæ æмæ поэтикон ног формæтæ. Уыдон дзурæг сты, Нигеры поэзи ирон литературæйы историйы стыр бынат кæй ахсы, ууыл.

Дзанайты Иваны ном хæссы Дзæуджыхъæуы сæйрагдæр уынгтæй иу.

Цæ уацмыстæ: "​ МÆ НОМ"

"ÆХСÆВ"

"​ МÆ МАДМÆ"

"​ ЗÆРВАТЫКК"

"​ ФÆЛЛОЙГÆНÆГ"

"ЦÆЙ, ЦЫ МИ КÆНУТ, ЦЫ АМ..."

"ÆНКЪАРД ДÆН ÆЗ..."

"ИУÆЙ ИННÆ БОН УЫРЫДДÆР..."

"​ ЫЗНОН ЦЫМА УЫД УЫЙ..."

"ЦЫМÆ, НЫР ТА КÆЙ РАД У..."

2.Тыбылты Алыксандр Нигеры тыххæй.

"Курдиатджын æмæ культурон фыссæг Нигеры поэтикон уацмыстæ æххæст вæййынц эмоцион удæй ,йæ хъуыдытæ,йе 'нкъарæнтæ ахæм джиппы ауадзы,æмæ зæрдæйы къултæ ныццæвынц, адæймаджы уæнгты ахъарынц".

3. Джыккайты Шамиль Нигеры тыххæй.

"Нигеры поэзии у вазыгджын  аивадон фæзынд. Йæ лирикæйы хуыздæр уацмыстæ фыст сты поэзийы тæккæ бæрзонддæр æмвæзадыл. Йе 'мдзæвгæтæ хицæн кæнынц сæ арф хъуыды æмæ сæ психологизмæй, нывæфтыд аивадæй дзаг сты зынджы стъæлфæнтæй æмæ удцырынгæнæг рæнхъытæй"

4. Семинары ахуыры азтæ.(альбомæй спайда кæнын)

5. 1927 азы ЦИПИ литературон хайад.

1927 азы  Нигер бацыд ЦИПИ  литературон хайадмæ. Уым æнувыдæй байдыдта сфæлдыстадон æмæ наукон куыст кæнын. Институты фæстæ каст фæци аспирантурæ дæр. Куыст а ахуыргæнæгæй педагогон институты æмæ уыцы иу рæстæг Цæгат Ирыстоны зонадон иртасæн институты литературæйы хайады сæргълæууæгæй дæр.

IY. Аулæфт.

Литературæйы теори (поэмæ)

Y. Æрмæг ныффидар кæнын.

1. Чи уыдис Нигер?

2. Йе 'цæг ном куыд хуыйны?

3.Цавæр  уацмыстæ ныффыста?

YI.Хæдзармæ куыст.

1.      Нигеры цард æмæ сфæлдыстад сахуыр кæнын.

2.       Презентацитæ бацæттæ кæнын.

 

 

 

 

 

 

Тип материала: Документ Microsoft Word (docx)
Размер: 17.25 Kb
Количество скачиваний: 26
Просмотров: 125

Похожие материалы