Урок-экскурси.:"Ис мæ зæрдæ нæ горæтты,хъæуты, Стыр цæрæццаг,æнусон æгъдæутты>".

Предмет: Другое
Категория материала: Видеоуроки
Автор:

Темæ:Къутугæнæнтæ

Урочы хуыз: Урок-экскурси.

Нысантæ:  1. Скъоладзаутæн бацамонын къутугæнæнты бæрæгбоны мидис.

                     2.Тырнындзинад сæм æвзæрын кæнын ирон æгъдæуттæ   зонын

                         æмææххæст кæнынмæ.

                     3.Райгуырæн бæстæмæ, райгуырæн æрдзмæ уарзондзинад

                         æвзæрын кæнын.

                     4.Алыхуызон адæмыхæттыты æхсæн хæлардзинады уидæгтæ

                       фидар кæнын.

                     5.Ирон аив дзырдыл бакусын.

     Урочы фæлгонц:Чингуытæ,æрдзы нывтæ,ирон фынг,фынгæвæрд,фæндыр,

                                     ирон хъæзтытæ аххæст кæнынæн хъæугæ дзаумæттæ.

      Урочы эпиграф:<<Ис мæ зæрдæ нæ горæтты,хъæуты,

                                         Стыр цæрæццаг,æнусон æгъдæутты>>.

                                                                         (Мыртазты Барис)

      Урочы цыд:

                       Къласы ис æртæ архайæн<<фæзы>>.1-аг рæнхъы партæтæсты æддаг

      бакастæй автобусы хуызæн.Иу къуымы сывæллæттæн хъазæн фæз,иннæ

       къуымы та ирон фынгæвæрды стъолтæ хистæртæн.

       Иуварс лæууынц чызджытæ,æнхъæлмæ кæсынц се"мбæлттæм.

       1-аг чызг.Тагъддæр ма куы араст уаиккам! Мæ бон æнхъæлмæ кæсын нал у.

       2-аг чызг. Уæдææмæ афтæ бакæнæм,æмæ уал исты рæсугъд æмдзæвгæтæ

       радзурæм. Рæстæг ныл рæвдздæр уайдзæн.

      Чызджытææмдзыхæй:Разы стæм,разы стæм!

     1-аг чызг.   Ды искуы федтай дидинæгджын фæзтæ,

                           Æгæндæг хъæдтæ,зад мæнæуы хуым?

                           Уый у ма Ир,мæ райгуырæн хæхбæстæ,

                           Зæххы фидыц,дунейы фарны къуым.

       2-аг чызг. Ыскъæфы дымгæ мигъбындзгуытæ рагъæй,

                          Кæны рæсугъдæй арвы ком йæ зард.

                          Цы ис зæххыл зынаргъдæр,цы,Ирыстон!

                          Фыдæлты къуым,ирон ныхас,на цард!

     3-аг чызг. Æвæдза,цы диссаджы рæсугъд ныхæстæ ссарынц поэтæт сæ

                         зæрдæйы уаг равдисынмæ?Æцæг дæр адæймагæн æппæты

                         зынаргъдæр йæ чысыл райгуырæн бæстæ у. Цыдæриддæр ыл ис

                         уый.Ахæм рæсугъд æрдз иу ран дæр нæй.

     4-æм чызг.Æз Дайраны комы тыххæй æмдзæвгæ зонын. Хъусут-ма.

                         Мæ уарзон ком,ыстъалыджын æртæхы

                         Хæссын дæумæ мæ зæрдæйы цин,хъарм.

                         Æз райгуырдтæн фынк æхсæрдзæнау хæхты,

                         Мæ цæсты рухс дæр ахуысдзæни ам.

     1-аг чызг.Дайраны комæн йæ рагон хабæрттæй исты зонут?

     2-аг чызг.Куыннæ зонæм? Хонынц ма йæ Арвыком дæр. Астæуккаг æнусты

             Йæ хуыдтой Аланские ворота. Ауылты цы фæндаг цыдис,уый баста

    Европæ Азиимæ. Уымæ гæ

Тип материала: Документ Microsoft Word (doc)
Размер: 1.71 Mb
Количество скачиваний: 7
Просмотров: 101

Похожие материалы