Урок по осетинскому языку на тему: "Номивæг. Номивджыты нысаниуæг, дих. (4-аг кълас).

Предмет: Начальные классы
Категория материала: Конспекты
Автор:

Темæ: Номивджыты нысаниуæг, дих.

Нысан: Бацамонын номивджыты нысаниуæг, куыд дих кæнынц сæ нысаниуæгмæ гæсгæ.

Урочы цыд: I. Орг.хай.

                      II. Рацыд æрмæгæй бафæрсын.

                                     

                                              Ног æрмæг.

1.     Равзарын текст 105 фарсыл.

Номивæг у ахæм ныхасы хай, кæцы фæзæгъæм номдары, миногоны кæнæ нымæцоны бæсты.

 

 

                            Дих кæнынц.

 

1.     Кæд райсом сæфгæ кæндзæн не´взаг, уæд абон дæр мæлынмæ æз – цæттæ (Р.Гамзатов).

Цæсгомон: æз, ды, уый, мах, сымах, уыдон.

2.     Уадз æмæ йæхиуыл бауæнда, æмæ йыл уæд баууæндззæн æнæхъæн дуне. (Шиллер).

Здæхгæ: мæхæдæг, дæхæдæг, йæхæдæг…

3.     Мæхъуыдытæ равзæрдысты хуымæтæг æмæ сыгъдæг фæлтæрæнтæй. Уыдон сты æцæг ахуыргæнджытæ. (Леонардо да Винчи).

Æлвæсон: мæ (чиныг), дæ, йæ, нæ, сæ, нæхи, уыдон, сæхи…

4.     Ацы изæр мæй фæлурсæй лæууыд ныгуылæны ´рдыгæй.

Амонæн: а, ай, ацы, уыцы, уый…

5.     Чи цы агуры, уый ссары.

Фарстон – ахастон: чи, цы, кæцы, цал…

6.     Махæй алчидæр йæ ныййарæджы хъæбысы фехъусы мадæлон æвзаг.

Бæлвырд: алы, алчи, æндæр, иннæ, не´ппæт.

7.     Чидæрæфсады уыд, иннæ та йын йæ хабæрттæ кодта. Искæй зондджын ныхæстæ раст зæгъынæн дæр зонд хъæуы. (амб.)

Æбæлвырд: чидæр, цыдæр, исчи, исты, кæцыæр, цалдæр…

8.     Мачи ма кæмæ лæбурæд! Мачи ссæндæд искæй хай! (Хетæгкаты Д.).

Æппæрццæг: ничи, ницы, мачи, макæцы, никæцы…

 

 

 

Тип материала: Документ Microsoft Word (docx)
Размер: 15.96 Kb
Количество скачиваний: 43
Просмотров: 182

Похожие материалы