Внеклассное мероприятие по осетинскому языку " Не взаг на хазна"
Предмет: | Начальные классы |
---|---|
Категория материала: | Конспекты |
Автор: |
Бацоева Анжела Викторовна
|
Не ,взаг - нæ хæзна.
Хъуысы Цæгат Ирыстоны Гимн.
( Рацыдысты сывæллæттæ)
1 аг : Ды искуы федтай дидинæгджын фæзтæ
Æгæндæг хъæдтæ, зад мæнæуы хуым?
Уый у мæ Ир –
Мæ Райгуырæн хæхбæстæ,
Зæххы фидынц,
Дунейы фарны къуым.
2 аг : Мадæлон æвзаг… Саби фыццаг зарæг цы æвзагыл фехъусы,йæ фыццаг къахдзæфтимæ цы фыццаг дзырдтæ фæзæгъы, уыдон вæййынц мадæлон æвзагыл.
3 аг : Сты зондæн уацхæссæг æппæт дунейы взæгтæ,
Нæ дзы взæры хæстæг æмæ дæрддаг.
Фæлæ ныххойыс зæрдæйы къæсæртæ
Æрмæстдæр ды, мæ мадæлон æвзаг!
4 аг : Ирон æвзаг, нæ фыдæлты хæзна, у тынг рагон æмæ хъæхдыг, бирæвæрсыг æмæ къабузджын.
5 аг : Æрмæстæдæр ирон æвзагыл ис арф бамбарæн Иры хæхты урс ферттывд, æнусон Терчы зарæг, къахфындзтыл сираг сагсур лæппуйы фæнд, ирон авдæны хуыссæг сабийы адджын фын, дыргъбæлæсты сыбар - сыбур,ног хуымгонд быдырты цин æмæ мА суанг хоры мысты катай дзаг къутуйы алыварс.
6 аг : Ахсджиаг у мадæлон æвзаг. Хъуамæ алы ирон адæймаг дæр зона йæ мадæлон æвзаг.
7 аг : Уый афтæ куы нæ уаид, уæд мах абон куыд хъусиккам æмæ æмбариккам ирон адæмы уарзон поэт, ирон адæмы сæрхъуызой – Хетæгкаты Къостайы хъæлæс? Куыд зониккам, цы фыст ис нæ фыдæлты хæзна « Нарты кадджыты?»...
8 аг : У махæн арвау стъалыджын нæ дзырдуат.
Нæ намыс – не взаг, зарджытæн сæ таг
Ирæттæй нæ æрмæстдæр зонынц уымæн,
Кæй нын ис « Нартæ», «Симд» æмæ Къоста
( Кафт « Симд»)
9-аг :Æвзаг цас фылдæр куса, цас ыл фылдæр дзурой æмæ фыссой, уыйас фидардæр кæны.
10-аг : Æмæ мадæлон æвзаг фидар куы уа, уæд адæмдæр æнгомдæр, æмуддæр вæййынц. Адæм се взагæй адæм сты.
11-аг : Мадæлон æвзаг, мадæлон æвзаг…
Цымæ дуне æппæт ууыл лæууы?
Цымæ дуне уый фыдæй кæуы,
Раст дæм афтæ нæ кæсы?
12 –аг : Æниу-ма кæм ис ирон æвзаг? Уартæ, Хуссар Ирыстоны, схæццæ гуырдзиаг æвзагимæ… Ам, Цæгаты, уырыссаг æвзагимæ… Байхъусут-ма ног ирæтты цардæй скъуыддзагмæ.
(Бульвар. Дыууæ зæронд лæджы бадынц сæ къухты фæйнæ газет «Рæстдзинад»-ы.)
1 лæг: Бакæсæм ног хабæрттæ.
2 лæг: Æз та «Рæстдзинад»-ы мæнæ ацы къуым уарзын, кæс-ма: «Нæ фыдæлты дзырдтæй», «Уац-хабар», «Тайлаг- ницæййаг, сæфтмæцæуæг».
( Сæ цуры абадтысты дыууæ, гæлæбуйы хуызæн, æрыгон чызджы.)
1 чызг: О, хеллоу! Сто лет дæр дæ ни слуху, ни духу! Кæдæм слинять скодтай? Иногда ма иу мобильниккæй уæддæр звякнуть скæн…
2 чызг : Æмæ дын дæхи миноискателей дæр куы невозможно у отыскать! Иу бон нæм тусовкæ уыди. Где только дæ нæ фæщупать кодтам. Дæ коодинаттæ- ма иу уæддæр черкни где-нибудь.
1 чызг : Ныр мын æй зачем болтнуть скодтай? От зависти фæмæлын. Раст мæ сердце заколоть скодта! Æмæ куыд, дзæбæх оторваться скодтат?
2 чызг: Окей! Шик! Кайф! Прямо отпад!
1 чызг: Сымах местæйы очутиться скæн! Æмæ йын продолжении кæнынмæ кæд хъавут?
После выпивки -пъахмел!
2 чызг: Собираемся мæнæ. Цыдæр делатæ ма утрясти скæнын хъæуы и к нам…
1 чызг : Уæд дæ предкæтæ та? Уыдон кæдæм сплавить скæндзынæ?
2 чызг : Мæ предкæтæ уал хъæумæ сæ маханямæ- аувидерзейн! А то сæ нæ зоныс- къæхты бын путæться кæндзысты.
1 чызг : Как прикольно! Мæнæн дæр иу звякни! Уыдзынæн. Разæй- как штык! Цæй, чао! Фæтæхын, как на крыльях!
2 чызг : Окей! Ма та раствориться скæн. Не пожалеешь. Тынг потрясно уыдзæн!
(Ацыдысты фæйнæрдæм.)
(Лæгтæ тынг дихуызæй ракæс- бакæс кæнынц. Иу дзы газеты цыдæр агуры, стæй та чызджытæм акæсы.)
1 лæг : Исты сын бамбæрстай?! Цымæ иронау дзырдтой æви уырыссагау?
2 лæг : Мæгъа. Сæ дзырдтæй сын цыдæр мæ хъус ацахста æмæ сæ мæнæ рагон дзырдты къуымы куы ацагурин…
1 лæг: Нæ сæ ссардзынæ.
2 лæг: Уæд цæуылнæ?
1 лæг: Уымæн æмæ сын иу рагон дзырд дæр фаг у : тайлаг-сæфтмæцæуæг.
( Хъуысы «Ханты цагъд». Рацыдысты сывæллæттæ æгъдауимæ.)
- Иры фæсивæд! Худинаг уæм куыд нæ кæсы æнцад бадын фыддæрагæн!
Иу уæ куыд нæ тæрсы фесæфынæй Иры взагæн!
- Топпы цæф тагъд дзæбæх кæны.
Æвзаджы цæф- æрæгмæ.
Фыдæвзагæй бæстæ хæлы-
Макуы йæ рхæсс дæ сæрмæ!
- Куы нæ уа не взаг- нал уыдзыстæм мах дæр.
Нæхи сæфтмæ цæмæн бæллæм, зæгъ-ма?
Фæдисонау цæгъдæм дзæнгæрæг Ирыл
На ферох уыдзан мадалон авзаг!
-О, Стыр Хуыцау! Фыдрæстæгæй нæ бахиз. Нæ кæстæрты нын раст фæндагыл сараз.
( Кафт «Хонгæ»)
- Дæ хæрзтæ, Ир, нæ бафиддзыстæм донæй,
-Дæуæй зонæм ныййарæг мады ад!
- Мах дзурдзыстæм кæддæриддæр иронау
(Иумæ) – Нæ ферох уыдзæн мадæлон æвзаг!
(Зарæг « Ирыстон» )
Тип материала: | Документ Microsoft Word (docx) |
---|---|
Размер: | 14.57 Kb |
Количество скачиваний: | 17 |