Ирыстоны рæсугъд зарæггæнæг -Малиты Васо
Предмет: | Другое |
---|---|
Категория материала: | Видеоуроки |
Автор: |
Накусова Ирина Ахсарбековна
|
Урочы темæ: Ирыстоны рæсугъд зарæггæнæг
(Малиты Васо)
Урочы нысан. 1. Поэты цард æмæ сфæлдыстадимæ базонгæ кæнын скъоладзауты.
2. Æмдзæвгæты мидисыл бакусын.
3. Скъоладзаутæм Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад гуырын кæнын.
Цæстуынгæ æрмæг: поэты портрет, чингуыты равдыст.
Урочы цыд 1.Организацион хай. 2Хæдзармæ куыст сбæлвырд кæнын. 3.Ног œрмœг.Ахуыргœнœджы раныхас. Нæ урочы темæ у «Ирыстон ы рæсугъд зарæггæнæг-Малиты Васо
Нæ урокæн эпиграфæн райстам Дзасохты Музаферы ныхæстæ:
Æнæ Фыдыбæстæ мæхи лæг нæ хонын,
Æнæ Фыдыбæстæ цæрдудæй дæн мард,
Æнæ мæн, Ирыстон, фæцæрдзынæ, зонын,
Æнæ дæу, Ирыстон, нæ хъæуы мæн цард.
Поэт ,прозаик,драматург æмæ тæлмацгæнæг Малиты Георгийы фырт Васо райгуырд 1938 азы 14 феврвлы Дыгуры районы Мостыздæхты.Каст фæци хъæууон астæуккаг скъола.1957 азы ахуыр кæнынмæ бацыд Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл педагогон институты филологон факультетмæ.Каст æй куы фæцис,уæд кусын райдыдта газет «Рæстдзинады»литературон кусæгæй,стæй та телеуынынады –редакторæй.1969-70 азты ахуыр кодта Мæскуыйы Уæлдæр литературон курсыты. Каст сæ куы фæци,уæд куыста чиныгуадзæн «Ир»-ы хистæр редакторæй ,уыд республикæйы чиныгуарзджыты æхсæнады сæрдар,Цæгат Ирыстоны фысджыты цæдисы сæрдар.Васо тынг зæрдиагæй бацархайдта журнал «Ирæф»-ы рацыдыл,æмæ йæ фыццаг номырæй -1991 азæй абонмæ у йæ сæйраг редактор.
Васо литературон сфæлдыстадон куыстмæ йе 'ргом аздæхта скъолайы ма куы ахуыр кодта ,уæд.Уыцы курдиат æм фæхæццæ ис йæ фыд-ирон литературæйы классик Малиты Георгийæ.Йæ фыццаг æмдзæвгæ мыхуыргонд æрцыд 1955 азы газет «Рæстдзинад»-ы.Уæдæй фæстæмæ йе 'мдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ мыхуыргонд цыдысты республикон газеты æмæ журналты.
1963 азы джипы рацыд йæ поэтикрн уацмысты фыццаг чиныг «Фат æмæ æрдын».Æрыгон поэты сагъæстæ сты цардыл,поэзийыл æмæ йæ нысаныл
1966 азы театры сценæйыл æвæрд æрцыд Васойы спектакль «Калм æмæ хъисфæндыр»
Мæнæ куыд зæгъы Дзасохты Музафер :
«Æнæ мæн, Ирыстон, фæцæрдзынæ, зонын,
Æнæ дæу, Ирыстон, нæ хъæуы мæн цард».
Афтæ æнæ Ирыстон йæхицæн цард нæ аккаг кодта Малиты Васо дæр.
4. Æмдзæвгæ «Мæ Ирыстон» фыццаг кæсы ахуыргæнæг ,стæй та ахуырдзаутæ æмæ йæ æвзарынц
-Куыд æвдисы поэт адæймаг æмæ Райгуырæн бæстæйы иудзинад?
-Цæуыл дзурæ сты йæ карз сомытæ?
-Равзарут æмдзæвгæйы аивадон фæрæзтæ.
-Цæмæн сæ спайда кодта фыссæг йæ уацмысы?
5.Бакæсын «Нæ фыдæлты кадæг» .Скъоладзаутæ кадæг дзурынц хи ныхæстæй. скæнын йын анализ.
-Цавæр историон дуг æвдыст цæуы кадæджы?
-Ссарут тексты аланты тох æвдисæг рæнхъытæ мæ ма сæ иу хатт бакæсут.Цавæр адæм ауад уæ цæстытыл?Саразут сын се ддаг бакасты æрфыст
-Чи æххуыс кодта алантæн сæ тугкалæн хæстыты,æмæ цавæр цæстæй кастысты уыдонмæ нæ фыдæлтæ?
-Цы куры Мамай кадæггæнæгæй?
-Цæуылнæ сæххæст кодта кадæггæнæг Мамайы фæндон?
-Куыд æмбарут мæнæ ацы рæнхъытæ:
«Нæ зæххыл барджынæй уæ фæстæ
Рæстæг нæ ныммарзта уæ фæд» ?
-Цæуыл нæ ахуыр кæны ацы уацмыс? Цы дзы зæгъынмæ хъавыдис фыссæг?
-Куыд арæзт у уацмысы композици?
6. Хатдзæгтæ скæнын урочы кæрон.Иу хатт ма афæлгæсын урокыл райдайæнæй-кæронмæ
7. Хæдзармæ куыст.Зонын фыссæджы цардвæндаг,аив кæсынмæ кадæг æмæ æмдзæвгæтæй иу сахуыр кæнын зæрдывæрдæй.
Хатдзœгтœ скœнын
Бœрœггœнтœ сœвœрын
Хæдзармæ куыст. Ныффыссын сочинени ахæм темæйыл «Мæ арфæ Ирыстонæн».
Тип материала: | Документ Microsoft Word (doc) |
---|---|
Размер: | 1.71 Mb |
Количество скачиваний: | 21 |