"Дæ амондæн нывонд кæнын мæ сæр". (Кочысаты Мухарбеджы «Сау цæстытæ» - æм гæсгæ).

Предмет: Другое
Категория материала: Видеоуроки
Автор:

Темæ:   "Дæ амондæн нывонд кæнын мæ сæр".

             (  Кочысаты Мухарбеджы «Сау цæстытæ» - м гæсгæ).

 

    Эпиграф: Уарзынæй рæсугъддæр а зæххыл нæй.

(Чеджемты Æ.)

 

Урочы цыд

 

I.               Организацион хай.

II.            1.Ахуыргœнœджы разныхас.

Абон мах нæ урок снывонд кæндзыстæм адæймагæн зæдтæ æмæ дауджытæй лæвæрд чи у, æмæ йыл цæргæсау базыртæ чи фæсадзы, ахæм уæларвон тых – уарзондзинад – æн. Цард байсысын кæй фæрцы нæ комы, цæтджинагау æй æнхъæвзын чи кæны, дзæм-дзæмы суадонау кæй руаджы абухы, уыцы алæмæты æрдзон лæварæн.

– Нæ урочы темæ у «Дæ амондæн нывонд кæнын мæ сæр» (Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ «Сау цæстытæ» - м гæсгæ). Чеджемты Æхсары ныхæстæ «Уарзынæй рæсугъддæр а зæххыл нæй»  ист æрцыдысты эпигрæфæн.

 

        2. Ныр та уал мæ фæнды цæмæй байхъусæм уарзондзинады арт адæмы зæрдæтæ куыд басудзы,  суанг ма  дойнаг дуры дæр дон куыд кæны, уыцы азæлгæ рæнхъытæм.

Хъуысы зарæг – «Уарзондзинад дойнаг дуры дæр дон кæны»… (2 куплеты).

     3. Зарæг, цæй диссаг дæ, цæ… Фæлæ нæ алкæмæ нæ разыны зарæджы фаг аккаг ныхæстæ. Агурын бахъæуы зæрдæйы уаг раргом кæнынæн ног фæрæз. Мæ зæрдыл æрлæууыд уарзондзинады таурæгъ:

Рæсугъд, тыхджын лæппу Адонисы бауарзта уарзондзинады бардуаг Афродитæ. Бурдзыкку æрыгон рæсугъд хъахъхъæдта йæ уарзоны цуаны. Куырдта йæ, цæмæй

 тугдзых сырдтæй йæхи хызтаид, уæлдайдæр Афродитæ йемæ куынæ уа, уæд.

 

 

   Фæлæ – иу Адонисыл фæтых йе рыгон туг æмæ – иу дзы цуаны рæстæг ферох тас. Æмæ йæ иуахæмы йе стыр ссыртæй мæлæтдзаг цæфтæ фæкодта хъæддаг хуы. Йæ бирæ хъæдгæмттæй хъизæмæртты амард. Афродитæ дзыназгæ рахау-бахау кодта Кипры хæхты. Цыргъ дуртæ æмæ йын сындзытæ йæ рæсугъд буар куыд лыгтæ кодтой, уый æмбаргæ дæр нæ кодта. Бирæ цæссыг фæкалдта æрыгон чызг йæ уарзоны мардыл. Адонисы тугæй сырæзын кодта диссаджы дидинæг. Афродитæйæн йæхи туджы ртæхтæ кæм æртагъдысты йæ цæф къæхтæй, уым та сзади сырх уарди-уарзондзинады дидинæг.

    4. -   Æвæдза, цæй диссаг дæ, æрдзæй лæвæрд уарзондзинад!

–      Сымахмæ гæсгæ та цы у уарзондзинад?

(скъоладзауты дзуаппытæй):

а).  Уарзондзинад абарæн ис æрмæст дидинæгимæ.

æ). Сыгъдæг уарзондзинад дæр дидинæгау хъахъхъæнын хъæуы.

б). Дæ амондæн нывонд кæнын мæ сæр.

в). Уарзондзинад иууылдæр дидинæг у.

      Æмæ уæдæ уæм куыд кæсы, уарзондзинады темæ куыд æвдыст æрцыд  зарджыты? Цавæртæ зонут? (Скъоладзаутæ дзурынц æмдзæвгæтæ).

5. Хатдзæгтæ 2-3 хъуыдыйадæй.

6. Разы дæн æз дæр уа дзуæппытимæ, фæлæ ма мæ фæнды базонын, Ирыстоны зындгонддæр адæмæй уарзондзинадæй тынгдæр кæй зæрдæ сыгъди, уыдоны дæр. Æрлæууын ма сæ кæнæм нæ зæрдыл.

а) – Къоста, Барахъты Гино, Кочысаты Мухарбег æмæ æндæртæ.

б) Цавæр уыдысты нæ зындгонд адæм уарзондзинады?

·       Къостайы фыстæгæй: «Æз уарзгæ кæнын, уарзгæ, 40 мин æфсымæрæй дæр тыхджындæр куы уарзын. Æз уарзгæ кæнын æмæ мæ уымæ гæсгæ фæнды, цæмæй уыцы уарзон адæймаг æппынæдзух мемæ уа, алы сахат, алы минут дæр, йæ уындæй  мæхи æфсадон, мæ царды алы уысм дæр ын æнæвгъауæй дæттон» (Цæлыккаты Аннæйы тыххæй).

·       Барахъты Гинойы 30-æм азты куы `рцахстой, уæд ын йæ бинойнаг Калоты Еленæйæ домдтой цæмæй йæ рахона знаг, фæлæ сыгъдæг уарзтæй кæй уарзта уыцы адæймагыл йæ къух нæ систа Еленæ, кæд ын йæ цард зындон фестын кодтой, уæддæр.

Скъоладзаутæ хæссынц  дæнцæгтæ сæ хæстæджыты сыгъдæг уарзондзинады тыххæй.

    7.   Ахуыргæнœг: - Цымæ цы у уарзондзинад? Зæрдæйы рухс? Зæрдæйы арт? Дунейы зындгонд æмæ курдиатджын лæгтæ уарзондзинады фæдыл сæ хъуыдытæ арæх нывæзтой.  Компютерæй равдисын ÆЛВÆСТ ХЪУЫДЫТÆ УАРЗОНДЗИНАДЫ ТЫХХÆЙ

-Кæй уарзыс, уыдонæй хъаст кæнын никуы хъæуы. Æцæг æнувыддзинад куырм у.                                                         /Бальзак/

-Уарзондзинад? Уый у иу зæрдæйæ иннæмæ æппæтæй цыбырдæр фæндаг æмраст хахх.

Бедель/

-Уарзондзинад у хорз номы хуызæн, иу хатт фæсæфт, зæгъгæ, уæд никуыуал раздæхдзæн.

/Бен/

-Уарзондзинад закъонтæ нæ зоны.

/Боэций/

-Уарзоны сурæтæн зæрондгæнæн нæй, уымæн æмæ йæ алы уысм дæр у йæ райгуырды сахат.

/Гете/

-Бæллицы цъупп ды дæ, уарзондзинад.     /Гете/

-Уарзондзинад у, ивгъуыд рæстæгæн дæр, фидæнæн дæр чи нæ быхсы, ахæм иунæг монц.

                                                                               /Бальзак/

 

8. - Ахуыргæнæг: Ирон дзырды дæснытæй уарзондзинады темæ ирддæрæй чи равдыста?  (Гæдиаты Секъа.)

                Уарзондзинад… Æнахуыр цыдæр у…Гадиаты Цомахъы куы `рцахстой, Сыбырмæ йæ куы ахастой, уæд йæ уарзон адæймаг Наталья Мусьпан ацыд Сыбырмæ…Цомахъ æй бакодта хъæды дидинджытæй фæлыст уатмæ, раст алæууыд æмæ йын æмдзæвгæ кæсын райдыдта.

–      Цавæр æмдзæвгæтæ бакæсдзыстут сымах та уа зæрдæмæ хæстæг æдæймагæн?

 

 

    9. Ахæм рæнхъытæм байхъусгæйæ, адæймагыл бахæцы æхсызгондзинад æмæ та нæ ногæй æрфæнды Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ «Сау цæстытæ»-æм байхъусын.

                         3 скъоладзауы кæсынц æмдзæвгæ наизусть.

ΙΙ. Текстыл бакусын ахæм схемæмæ гæсгæ:

-Цæимæ ис абарæн ацы æмдзæвгæйы  рæнхъытæ? ( Зæрдæимæ)

    - Цал «зæрдæйыл» ис адих кæнæн ацы æмдзæвгæ? ЦЫППАР

      -Цæмæн?

-Уымæн æмæ  дзы æвдыст цæуы зæрдæйы уаг ЦЫППАР хуызы.

–      Ссарут ма тексты, Мухарбег йæ уарзондзинад ирдæй кæм æвдисы ,уыцы рæнхъытæ. Бакæсут ма сæ.

–      Цавæр хуызæй сæ фæхицæн кæндзыстæм? (Сырх)

      - Дарддæр та цы æвдисы йе мдзæвгæйы?   (ÆНКЪАРДДЗИНАД)

–      Цавæр хуызæй фæнысан кæнæм авторы зæрдæйы уаг? (Тар)

– Бакæсут ма рæнхъытæ.

–      Ацы зæрдæйæн та цавæр хуызтæ ис саккаг кæнæн? (Сырх, бур)

– Ссарут ма сæ чиныджы.

       -Æмæ уæдæ цыппæрæм строфайы та зæрдæ цавæр хуызæй  равдисиккам?

Сымахмæ гæсгæ йын цавæр нысаниуæг ис? (Урс )

      - Цавæр у лирикон геройы уарзондзинад?

 

 

 

 

 

 

  

 

 

 

Æмзæвгæйы идейæ дæр  зæрдæйы уагимæ баст у.

10. Чысыл беседæ саразын ахуырдзаутимæ:

–      Дæумæ гæсгæ та цы у уарзондзинад?

–      Цы дæ бафæндид дæ уарзон адæймагæн?

–      Цы йын нæ ныббарис?

ΙΙΙ   Æмбисæндтимæ бакуысын, уыдонмæ гæсгæ скæнын хатдзæгтæ.

·       Чындздзон чызг æмæ усгуры зæрдæ хуримæ хъазы.

·       Уарзондзинад дойнаг дур дæр дон кæны.

 

·       Лæг кæй уарзы, уыимæ хохы цъуппыл дæр фæцæрдзæн.

·       Уарзондзинад алцæмæндæр ис.

·       Уарзондзинад кæм ис, уым цард дæр ис æмæ куыст дæр.

·       Уарзондзинад мæгуыр æмæ хъæздыгыл нæу.

·       Уарзынæй рæсугъддæр а зæххыл нæй.

 

   ΙV.Хœдзармœ куыст.Сахуыр кœнын иу œмдзœвгœ уарзондзинады тыххœй

 

 

 

Тип материала: Документ Microsoft Word (doc)
Размер: 1.71 Mb
Количество скачиваний: 7
Просмотров: 94

Похожие материалы