7 кълас Тымбылæг литература
Предмет: | Русский язык и литература |
---|---|
Категория материала: | Конспекты |
Автор: |
Kozaeva Albina Batrovna
|
7 кълас
Тымбылæг
"Нарты эпос-зонды суадон"
Ахуыргæнæг
Козаты Альбинæ
Дзæуджыхъæу 2014-2015
Нарты эпос-зонды суадон
"Нарты кадджытæ сты хъæбатырон эпос. Æвдыст сæ цæуы бæгъатырты тох æмæ сгуыхтытæ. Уыдон сты аив æмæ цымидисаг таурæгътæ, хъусæн æхцон, зæрдæйæн – æхсызгон, адæймагæн хæссынц цин, æфтауынц æй сагъæстыл æмæ уæздан хъуыдытыл"
Джыккайты Ш.
Эпос "Нарты кадджытæ" у ирон адæмы хæзнадон, нæ царды айдæн, нæ зонды суадон, æмæ алы ирон адæймаг дæр хъуамæ зона йæ рагфыдæлты цард.
Мæ тымбылæг ахуыртæ сарæзтон Нарты кадджытæй. Фæнды мæ, цæмæй сывæллæттæ зоной рагон ирæтты цард, се стæрты хабæрттæ, сæ цин æмæ сæ хъыг, сæ æрвылбоны цард, сæ хъæзтытæ…
Цæмæй 7 къласы скъоладзаутæ хорз базоной "Нарты кадджытæ", уымæн фаг рæстæг нæ вæййы урокты, æмæ сæ фæфæнды фылдæр зонын. "Нарты кадджытæ " ахуыргæнгæйæ сывæллæттæ сæхи хуыздæр дарын райдайынц. Уыдоны фæфæнды Уырызмæджы ,Сосланы,Батырадзы хуызæн фестын. Мæнæн мæ хæс у, цæмæй сразæнгард кæнон скъоладзауты" Нарты кадджыты" хицæн циклтæ бакæсын, цæмæй сын бамбарой сæ мидис, сæ дарддæры царды пайда кæной кадджыты хуыздæр миниуджытæй – лæджыхъæд æмæ хæдæгъдауæй, сыгъдæгзæрдæ, хæлардзинад æмæ рæстдзинадæй, уарзой сæ Райгуырæн бæстæ, нæ ирон адæмы, не гъдæуттæ, нæ мадæлон æвзаг. Уымæн æмæ уыцы хæзнатæн, уыцы миниуджытæн æмбал нæй, уыдонæн нæй ссарæн.
Ирон адæмы рагисторийыл афæлгæст. Нарты кадджытæ – ирон адæмы эпос. Нарты кадджытæ æмбырд кæныны æмæ уадзыны хъуыддаг.
№
Темæ
Сахат
Нымæц
1
18-19-æнусты кавказиртасджытæ ирон адæмы
равзæрды тыххæй.
1
2
Ирæтты рагфыдæлтæ: скифтæ æмæ сæрмæттæ.
1
3
Алантæ. Монголты æрбабырст 13-æм æнусы.
1
4
Ирон адæмы культурæ рагзаманты æмæ астæуккаг æнусты.
1
5
Нарты эпосы сæйраг æууæлтæ.
1
6
Нарты кадджытæ. Кавказы иннæ адæмтæм. Ирон æмæ иннæ адæмты Нарты Кадджыты сæрмагонд æууæлтæ, сæ иумæйаг фæзындтæ æмæ сæ хицæн миниуджытæ.
1
7
Нарты кадджыты зындгонд кадæггæнджытæ (Саулаты Дз., Беджызаты Л., Сланты Г., Джусойты К.). Сæ аивад æмæ дæсныйад.
2
8
Эпос æмбырдгæнджытæ æмæ мыхуыры уадзджытæ. (В. Миллер, Д. Чонкадзе, Санаты æфсымæртæ æмæ æнд.) Нарты кадджыты сæйраг рауагъдтæ иронау æмæ æндæр æвзæгтыл.
1
Нарты кадджыты иртасæн куыст. Нарты кадджытæ – ирон адæмы царды «энциклопеди». Æртæ Нарты.
9
В. Миллеры куыстытæ - эпос иртасыны зонадон бындур (уац. «Рагон нысæнттæ ирон адæмы цард æмæ кадджыты»).
1
10
Ж. Дюмезилы куыст эпос иртасыныл (Ирон эпос æмæ мифологи).
1
11
Абайты Васойы бындурон иртасæн куыстытæ («Нарты эпос»).
1
12
Нартологийы иртасæн куыстытæ фæстаг азты. (Гуыриаты Т., В. Кузнецов, Къæбысты Р., Джыккайты Ш.)
2
13
Нарты кадджыты равзæрды æмæ рæзты фарстатæ. Дзырд «нарт»-ы этимологи (Абайты В.).
1
14
Эпосы мотивтæ æмæ скифаг - сарматаг æгъдæутты абарст.
2
15
Скифтæ - аланты истори æмæ Нарты кадджыты иугæнæг æууæлтæ. Эпосы ирон апп, Иры фыдæлты сфæлдыстад кæй у, уый бæрæггæнæнтæ (Ж. Дюмезиль)
2
16
Ариаг æхсæнады æртæ фæлтæры æмæ Æртæ Нарты, уыдоны æхсæнадон ахаст æмæ социалон нысан (Алæгатæ, Борæтæ, Æхсæртæгтæ).
2
Нарты кадджыты сæйраг циклтæ æмæ хъайтартæ. Нарты этикон зондахаст
17
Эпосы рæзты фазæтæ (Абайты В.). Кадджыты иумæйаг мидис
1
18
Нарты кадджыты циклтæ, сæ сæйраг æууæлтæ. Уæрхæг æмæ йæ фырттæ. Уырызмæг æмæ Сатана. Сослан. Хуры мифтæ (Ж. Дюмезиль)
3
19
Батрадз. Арвнæрды мифтæ. Сырдон. Ацæмæз.
3
20
Нарты кадджыты сæйраг хъайтар.
2
21
Нарты нæмтты равзæрд.
1
22
Нартæ - бирæгъы æмæ хуры цæуæт (Абайты В.)
1
23
Нарты идеалтæ: рæстдзинад, хъæбатырдзинад, уæздандзинад.
1
24
Нарты эстетикон æмбарынад, сæ аивад. Нарты кадджыты историон, идейон æмæ аивадон ахадындзинад ирон адæмы царды.
2
Тип материала: | Документ Microsoft Word (docx) |
---|---|
Размер: | 21.63 Kb |
Количество скачиваний: | 18 |